Абон уын мæ уацы цы хъайтары кой ракæнынмæ хъавын, уый æнæбастæгæ тых бæргæ уыд, фæлæ йыл хъысмæт дыууæ хатты сайдæй разылд æмæ… æвзонгæй, 38-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн. 3-æм декабры инвалидты дунеон бон кæй у, уымæ гæсгæ мæ бафæндыд нæ горæты цæрджытæй чи айрох, уыцы диссаджы  гоймаджы кой ракæнын æмæ йæ адæмы зæрдыл æрлæууын кæнын.

Тедеты Руслан Аполлоны фырт райгуырд 1950 азы 15-æм августы Къахеты, Лагодехы районы, Арешпераны хъæуы мæгуыр колхозон бинонты хæдзары. Скъолайы кары ма куы уыд, уæд фæрынчын уæззау низ полиомиелитæй æмæ уæдæй фæстæмæ баззад инвалидæй, æмæ нал рахызт инвалидон коляскæйæ. Бæргæ ма йæ ракæн бакæн кодтой йæ ныййарджытæ дохтырты фæдыл, фæлæ йын ницыуал баххуыс. Йæ къæхтæ, йæ къухтæ бахусыкъ сты… Фæлæ уæддæр йæ ахуыр нæ ныууагъта, йе ‘мбæлттæ-иу æй скъоламæ аластой коляскæйыл æмæ афтæмæй каст фæцис сæ хъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл астæуккаг скъола иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Уый фæстæ æрæфтыд Цхинвалы зæрæдты æмæ инвалидты хæдзармæ. Ам цæргæйæ дæр, иуран нæ бадт, æппынæдзух йæ къухты уыд чиныг. Сфæнд кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты йæ ахуыр адарддæр кæнын æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Фæлварæнтæ хорз нысæнттыл радтгæйæ ссис ирон филологон факультеты фæсаууонмæ хайады студент æмæ ма йæ цинæн кæрон кæм уыд. 1974 азы институт каст фæцис хорз бæрæггæнæнтыл. Раст уыцы азты журнал «Фидиуæг»-ы фæзындысты йæ фыццаг литературон уацмыстæ – йæ къаннæг радзырдтæ.

1981 азы рауагъдад «Ирыстон» мы-хуырмæ бацæттæ кодта æвзонг авторты чиныг «Кæсдæрарæх». Ацы чиныджы мыхуыр æрцыдысты Тедеты Русланы радзырдтæ «Домбайы мæлæт» æмæ «Чи уыд аххосджын…».  Йæ уацмыстæ æвзонг авторты æмбырдгондмæ кæй бахаудтой, уый йыл цыма базыртæ басагъта, уыйау райхæлд йе сфæлдыстадон курдиат æмæ йын 1983 азы мыхуырæй рацыд йæ радзырдты фыццаг æмбырдгонд «Фыццаг фембæлд», зæгъгæ, ахæм номимæ. 1987 азы мыхуырæй рацыд Тедейы фырты уацмысты дыккаг æмбырдгонд «Фынфæли-вæнтæ», зæгъгæ. 1983 азы та йын мы-хуырæй рацыд йæ радзырдты ноджы иу æмбырдгонд «Фæстаг фембæлд».

Ацы чингуыты фæстæ фысджытæй дæр æмæ чиныгкæсджытæй дæр дызæрдыг ничиуал кодта, Тедеты Русланы хуызы ирон аив дзырды дæснытæм ноджыдæр иу æнæахуысгæ стъалы кæй æрбафтыд, ууыл. Руслан кæд низæфхæрд уыд, æппынæдзух уæззау низимæ тох кæнгæйæ æрвыста йæ царды бонтæ, уæддæр цард æмбæрста æнæниз адæймæгтæй бирæтæй хуыздæр. Царды нæ уыдис иунæг ахæм фæдыздæхт дæр, уый куырыхон зæронд лæгау кæй нæ фæлгъуыдта. Кæсыс ын йæ аив радзырдтæ, новеллæттæ, аргъæуттæ æмæ дис кæныс – уæдæ кæцæй хъуамæ зыдтаид ацы низæфхæрд, цæрæнбонты сынтæгмæ æмæ инвалидон коляскæмæ баст лæппу-лæг утæппæт диссæгтæ, царды сусæгдзинæдтæ. Уынгæ, гъе, сæ æнкъаргæ та кæд æмæ куыд бакодта?! Русланы радзырдты аивдæрты куы æвзарай, уæд се ‘хсæн цæст æнæмæнг схæцдзæнис «Домбайы мæлæт»-ыл. Ацы чысыл уацмысы æвзонг авторы бон бацис равдисын мыдгæс Василийыл йæ иузæрдыг цуанон Домбайы æнувыд ахаст. Ацы радзырд бакæсгæйæ, чиныгкæсæджы цæстыты раз слæууынц уацмысы хъайтарты фæлгæндзтæ, афтæ аивæй сæ равдыста. Тынг цымыдисон æмæ мидисджын сты йæ иннæ уацмыстæ «Нину», «Хъысмæт», «Цæуыл куыдта куырм фæндырдзæгъдæг?», «Ногæй та раирдис арв», «Ног фæлыст», «Артисттæ» «Намыс», «Фæстаг зарæг», «Балладæ æцæг уарзондзинадыл», «Нæ уыд нæ амонд иу», «Æрæджиауы фæсмон», «Ма бастъæла нæ туджы ‘ртау»,  «Æз мæхицæн кæуын…» æмæ бирæ æндæртæ.

1990 азы йæ амæлæты фæстæ Тедеты Русланæн мыхуырæй рацыд йæ удæгасæй йын хицæн чиныгæй рауа-дзын кæй нæ бантыст, уыцы радзырдты, аргъæутты æмæ уацауты гуырахстджын æмæ цымыдисон чиныг «Урс балтæ». Хъыгагæн, уый уыд йæ фæстаг чиныг, бæргæ ма йын бантыстаид бирæ сфæлдисын, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа…

Ныр та уын радзурдзынæн Русланæн йæ удæгасæй йе ‘рвылбонон царды тыххæй. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ 1980 азты баистæм сыхæгтæ иу кооперативон фондзуæладзыгон корпусы дыууæхатæнон фатертæ балхæнгæйæ. О, Руслан не ‘рдомдта фатер уæды областы къухдариуæгадæй, уый хыгъд йæ куыстуарзондзинад æмæ алыварсон курдиаты фæрцы бакусгæ æхцатæй йæ-хицæн балхæдта дыууæхатæнон фатер. Тедейы фыртæй ахæм хорз аурæ цыд æмæ уайтагъд сыхæгтæн ссис уарзон адæймаг, йæ алыварс иууылдæр æмбырд кодтам, раст æм цыма цахæм-дæр æнахуыр магнитон тых уыд, уыйау нæ йæхимæ æлвæста. Йемæ ныхас-гæнæн уыд алы темæйыл дæр. Йæ хæ-дзар уазæгæй никуы сафтид æмæ дзы алкæимæ дæр ардта иумæйаг æвзаг, фæнды хион уыдаид, сыхаг кæнæ æмгар. Тынг бирæ зыдта, æппынæдзух кодта кусгæ, кæсгæ. Æмæ кусгæ та куыд кодта, уый дæр уын хъуамæ зæгъон, науæд исчи йæхинымæры æнæмæнгæй ахъуыды кæндзæн, зæгъгæ, йын къухтæ куынæ уыд, уæд куыд куыста. О, уымæн йæ къухтæй фыссæн сисыл хæцæн нæ уыд, фæлæ æппæт хъарутæй дæр са-хуыр кодта мыхуыргæнæн машинкæйыл мыхуыр кæнын, йæ дæндæгты хсæн-иу  чысыл хъил нылхъывта æмæ уымæй мыхуыр кодта. Фыццаг хатт æй куы федтон афтæ мыхуыр кæнгæйæ, уæд мæ дисæн кæрон нал уыд, фæлæ йыл фæстагмæ сахуыр стæм. Уæлдай адджындæр уыд мæ дзæнæты бадинаг цардæмбал Хуриты Гиви æмæ нæ иннæ сыхаг Козаты Павелимæ, уымæн æмæ сын иу хъуыддаг уыд – ома, æртæ дæр литературон аивадимæ баст уыдысты. Æниу иннæ сыхæгтæн дæр тынг уарзон уыд зæрдæхæлар кæй уыд, уымæ гæсгæ.

Иннæ ахæм сыхæгтæ, зонгæтæ, хиуттæн алкæмæндæр сæ уыд ныфс. Чи-иу æм цæмæ бахатыд æмæ чи та цæмæ  искæйы-иу уæлдæрлæууæг органтæм куырдиат фыссыны сæр бахъуыд, сыхæгтæй-иу искæйы сывæллонæн искæцы предметæй зын кодта, уæд, табуафси, Руслан алыхатт дæр цæттæ уыд баххуыс кæнынмæ. Институты студенттæн дæр æххуыс кодта дипломон куыстытæ ныффыссынæн.

Фæстæдæр, æз æнхъæл дæн, 1983 азы Русланы хъысмæты фæзынд иу хуыцауысконд сылгоймаг – Карелы районæй рацæугæ Джиоты Маринæ. Дыууæ æвзонг уды кæрæдзи афтæ тынг бауарз-той, æви йын Маринæ тæригъæд фæкодта, уымæн абон дæр бæстон ничи ницы зоны, фæлæ сæ цард баиу кодтой æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ фæцардысты  Русланы амæлæты боны онг. 1985 азы сын фæзынд хъæбул дæр, схуыдтой йæ Вадим. Йæ хъæбулы  уындæй радис низæфхæрд æвзонг нæлгоймаджы зæрдæ. Йæ чысыл æртæаздзыд хъæбул дæр-иу срæуæг йæ фыды алыварс æмæ-иу хъуамæ йæ хъæбысмæ схызтаид. Фырбуцæн æй дзиба хуыдта, фæлæ, стыр хъыгагæн, нæ бафсæст хъæбулы уарзт æмæ уындæй.

Фæстаг бон, фæстаг сахат, фæстаг сулæфт, зæрдæйы фæстаг цæф… 1988 азы 8-æм августы 38-аздзыдæй йæ кусынæй банцад йæ радтæг адæмы æцæг патриот, цæрæнбонтæм низæфхæрд, фæлæ хъæбатыр æмæ зонд-джын адæймаг Тедеты Русланы æнæрынцой зæрдæ. Бæргæ ма йæм хатæнмæ йæхи тыдта йæ цардæмбал Маринæ, фæлæ.. Уайтагъд йæ уæлхъус алæууыдысты мæ цардæмбал Гиви æмæ иннæ сыхæгтæ, бæргæ ма фæдзырдтам Тагъд æххуысы станцмæ, фæлæ… Русланы амæлæтæй цыма нæ сых-бæстæ хасты хуызæн фæци, афтæ каст алкæмæ дæр, нæ сын фаг кодта ацы диссаджы хорз адæймаг, афтæ тынг ахуыр ыл уыдысты. Фыццаг уæладзыджы кæй цард уымæ гæсгæ æппынæдзух ныхас кодта сыхæгтимæ. Тедейы фырты идæдз Маринæ тынг хорз схъомыл кодта йæ иунæг хъæбулы, адæмы рæгъы йæ ракодта. Абон цæрынц Мæскуыйы, Вадим каст фæци Мæскуыйы университеты юридикон факультет. Æз æнхъæл дæн йæхæдæг дæр баци хъæбулы хицау.

Фыццаг хатт уæрæсейаг телеуынынады фыццаг каналы Андрей Малаховы алæвæрд «Пусть говорят»-ы Ник Вуйчичы куы федтон, уæд мæм Тедеты Русланы хуызæн фæкаст. Уый дæр мæ Русланау дисы баппæрста йæ диссаджы фидар удыхъæдæй, стæй дæр Никау  Русланæн дæр рæсугъд цæсгом уыд.  Ник райгуырд æнæ къухтæ æмæ къæхтæй, фæлæ абон уый ссис иууыл зындгондæр чырыстон дин амонджытæй сæ иу, зилы æнæхъæн дунейыл  æмæ тыхст уавæры бахауæг адæмæн кæнæ инвалидтæн æххуыс кæны дзыхы ныхасæй.  Йæ цардæй чи сфæлмæцы, уыцы рынчын адæймæгтæн ахæм ныфсы ныхæстæ зæгъы, æмæ сæм фæстæмæ цæрын æрцæуы. Ник дæр Русланау æркодта йæхицæн æмкъай æмæ сын райгуырд дыууæ лæппуйы. Дыууæ сывæллон дæр сты æнæниз Русланы лæппу Вадимау.

Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды, цæй, æмæ-иу кæддæрты æрхъуыды кæнæм Русланы хуызæн диссаджы гоймæгты.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.