РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æруынаффæ кодта тыхон структурæты æмæ барадхъахъхъæнæг органты къухдариуæггæнджытимæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бæрæгбонмæ цæттæгæнæн фарстытыл.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады боныл æмбæлгæйæ мах ноджыдæр бузныг зæгъæм Уæрæсейы Федерацийæн, ахæм ахсджиаг къахдзæф кæй сарæзта, уый тыххæй. Хуссар Ирыстонæн уый у стыр бæрæгбон, æмæ мах хъуамæ саразæм æппæтдæр, цæмæй ацы бон ма цы провокацитæ æрцæуа, нæ хуссайраг сыхæгтæ дунейы, сæрмагондæй та Фæскав-казы сæвзæргæ царды æцæгдзинад кæй не ‘нкъарынц, уый хынцгæйæ», – загъта  Бибылты  Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æппæт тыхон органты куыст саразын хъæуы уæвæг нывæзтмæ гæсгæ æмæ æрсидт æппæт бæрнджын структурæтæм æмгуыст кæнынмæ, æппæт уæвæг информаци æвæстиатæй хъусын кæной координацион центрмæ.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Наниты Игорь фехъусын кодта Президентæн, æппæт тыхон структурæты куыст дæр фæтыхджындæр режиммæ конд кæй æрцыд.

«Абоны бонæй сæрмагонд бардзырд цалынмæ уа, уæдмæ æппæт тыхон структурæтæ дæр уыдзысты фæтыхджындæр куысты режимы, цæмæй бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы ифтонг æрцæуа барвæтк», – загъта Нанийы фырт.

Хуссар Ирыстоны Паддзахады Æдасдзинады комитеты сæрдар Шабанов Михаил йæхи ‘рдыгæй радзырдта, абонæй 27-æм августы райсоммæ Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæны сæрты хуымæтæггонд ахизæн пункттæ æхгæд кæй уыдзысты.

Афтæ ма Бибылты Анатоли байхъуыста Мидхъуыддæгты министры докладмæ, хыгъдон æмгъуыды дæргъы сæ куысты тыххæй.

«7-æм августæй фæстæмæ барадхъахъхъæнæг ведомствотæ бахынцыдтой 8 фыдракæнды. Уыдон се ‘ппæтдæр раргом æрцыдысты», – загъта уый.

Докладимæ ма раныхас кодта Юстицийы министр Лалыты Залинæ. Уый фехъусын кодта бæстæйы сæргълæууæгæн ведомствойы куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ министрады кусджытæ сбæлвырд кодтой халдих-партитæ æмæ Хуссар Ирыстоны иуæй-иу регистрацигонд партитæ республикæйы пенсион фондмæ ахынцинæгтæ кæй нæ æрвитынц, уый.

Йæ рады, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, фæткхалæнты тыххæй афоныл хъæуы хъусын кæнын, цæмæй партитæ афоныл иуварс кæной проблемæтæ.

Æмбырды рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд карз нозтыты æмæ тамакойы акцизты фарстмæ. Президент банысан кодта, зæгъгæ, ацы фадыджы æрывæрын хъæуы æмбæлон фæтк æмæ æмбæлон органтæ хъуамæ сæ хъус дарой ацы фарстмæ, уымæн æмæ акцизтæ сты республикæйы бюджеты ахсджиаг æфтиаджы гуырæн.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.