Ивгъуыд къуырийы оперативон уавæр, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 8 азы сæххæсты бонмæ цæттæ кæныны фарстытыл уынаффæ цыд, Президент Тыбылты Леонид республикæйы тыхон структурæтæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтимæ цы æмбырд ауагъта, уым.

Æмбырды райдиан бæстæйы сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ загъта Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы, сæрмагондæй та Рæмонты Сосланы номыл, стæй æппæт тренерон скондæн Тедеты Дзамболаты сæргълæудæй «Олимпиадæ 2016»-ы цы стыр уæлахиз æрхастой, уый тыххæй.

«Знон республикæйы мах адæмы зæрдæты федтам стыр циндзинад, не ‘мзæххон Рæмонты Сослан олимпиадæйæ цы стыр уæлахиз æрхаста, уый фæдыл, уый æнæхъуаджы нæ уыд, – загъта Президент. Æнæхъæн Ирыстоны адæм лæмбынæгæй сæ хъус дардтой, йемæ тыхстысты æмæ хайджын систы йæ уæлахизы циндзинадæй. Уый, æцæгæйдæр, нæ адæмы царды нысаниуæгджын цау у, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны темæ æхсæндунеон аренæйыл айхъуыст уæлахизы æмзæлдæй».

Президент бузныджы ныхæстæ загъта уæгъдибархъæбысхæстæй Уæрæсейы иугонд командæйы Сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты номыл, йæ хъомылгæнинæгтæ æнтыстджынæй сæхи кæй равдыстой, уый тыххæй, афтæ ма Рæмонты Сосланы сæрмагонд тренер Мæргъиты Анатолийы номыл, ахæм номдзыд спортсментæ кæй хъомыл кæны, уый тыххæй дæр. Æмбырды рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта президенты ног уынаффæгæнæг Вадим Ковалевимæ, кæцы ацы бæрнон бынаты раивта Юри Сулимовы. Уый фæдыл барамындыл къухфыст æрцыд 17 августы. Президент равдыста йе ‘ууæнк, йæ размæ дзы чи куыста, уый хъуыддаг кæй адарддæр кæндзæн æмæ йын загъта æнтысты фæндиæгтæ.

Дарддæр бæстæйы сæргълæууæг байхъуыста аивгъуыйгæ æмгъуыды дæргъы æмбæлон службæты оперативон зонæнтæм. Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Муртаз фехъусын кодта, хыгъдон æмгъуыды дæргъы барадхъахъхъæнæг органтæ цы оперативон мадзæлттæ уагътой, уый фæдыл. Сæрмагондæй уый банысан кодта, зæгъгæ, хыгъдон æмгъуы-ды дæргъы бахынцыд æрцыд 137 фæндагон змæлды фæтк фехалыны цауы æмæ афтæмæй Уалыты Муртазы ныхæстæм гæсгæ бафиппайдæуыд, машинæ нозтджынæй скъæрыны цаутæ кæй фæкъаддæр сты, уый. Президент банысан кодта:  «Нозтджын шофыр цы фыдæх хæссы, уый æд уидæгтæ скуынæг кæнын хъæуы». «Адæм хъуамæ æнкъарой, рулыл нозтджынæй куы сбадынц, уæд уымæн йæ бæрндзинады уæз, – банысан кодта Президент. – Ахæм адæмæн ницы хатыртæ уыдзæн». Министры хæдивæг ма Президентæн фехъусын кодта, дымгæ кæй кæнынц æмæ республикæйы уæй кæныны бар кæмæн нæй, уыцы буарадтæ парахат кæныны цаутæ æруромыны факттæ, афтæ ма республикæйы хъæддаг гæн зайын кæныны бынæттæ сбæлвырд кæнын æмæ сæ скуынæг кæныны цаутæ. Президент бузныджы ныхæстæ загъта, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн æнæхынцыд хæцæнгæрзтæ регистраци кæныны фарстыты фæдыл цæрджытимæ цы æмбарынгæнæн куыстытæ кæнынц, уый фæдыл. «Уыимæ иумæ ацы фарстмæ балæууын хъæуы тынг арæхстджынæй, – загъта Президент. Адæмæн хъæуы бамбарын кæнын, хæцæнгарз бахынцыд куынæ æрцæуа, уæд ист цы уавæрты æрцæудзæн». Президент æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта, Республи-кæйы хæдбардзинад банымайыныл 8 азы сæххæсты бæрæгбон банысан кæнынмæ кæй цæуы цæттæгæнæн куыст æмæ æрсидт барадон хъахъхъæнæг органтæм, цæмæй райсой æппæт мадзæлттæ дæр æдасдзинад сифтонг кæныны сæраппонд. «Хъæуы саразын æмæ æрбавдисын æмбæлон нывæст, цæмæй уымæ гæсгæ арæзт цæуа куыст бæрæгбонон мадзæлттæм цæттæ кæныны æмæ сæ уадзыны бонты», – загъта Президент.

Æмбырды рæстæджы Президент горæты Администрацийы хъусдард аздæхта, æрæджы хæрзарæзт чи æрцыд, уыцы уынгтæ ныридæгæн змæст кæй æрцыдысты, кæлдтытæ дзы сты арæзтадон бырон, алыгъуызон æфсæйнæгтæ æмæ æрсидт горæты администрацимæ, цæмæй уыдон асыгъдæг кæныны сæраппонд æмбæлон куыст бакæной. «Мах уынæм, нæ республикæйы сæйраг горæты уынгтæ сæ хуыз куыд ивынц æмæ хæрзарæзт куыд цæуынц, уый», – загъта Президент.  Æмæ адæймагæн хъыгдзинад хæссы, иуæй-иу æмбæстæгтæ сæ арæзтадон баззайæггæгтæ тæккæдæр тротуартæ æмæ фæндæгтыл кæй дарынц æмæ сæ мæйгæйтты кæй нæ акалынц.

Уымæй дарддæр ма бирæ уынгты фенæн ис зæронд, згæ уæзласæн æмæ рог автомашинæтæ. Уыдон металлоломæй дарддæр ницæмæнуал бæз-зынц. Горæты уынгтæ асыгъдæг кæнын хъæуы ахæм быгъуыйæ æмæ æрсидын хъæуы горæты цæрджытæм, ахæм архайды тыххæй бæрндзинад цæмæй æнкъарой». Уымæй дарддæр ма Президент бахæс кодта горæт Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитрæн, цæмæй горæт цæттæгонд æрцæуа 26 августы бæрæгбонон мадзæлттæм.

Уымæй дарддæр ма æмбырды уынаффæ цыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм цæттæ кæныны фарстыты фæдыл. Уыдон уагъд цæудзысты 18 сентябры. Республикæйы Президент Тыбылты Леониды барамындмæ гæсгæ арæзт æрцыд æвзæрстытæм цæттæгæнæн фарстыты фæдыл къамис, сæрдарæй йын нысангонд æрцыд фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат. Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ республикæйы территорийыл байгом уыдзæн 12 æвзарæн фадыджы. «Æвзæрстытæ цæудзысты Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр, уымæн æмæ республикæйы цæрджыты фылдæр хай сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ. Æвзæрстыты организатор у Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад, æмæ махæн та нæ хæс у баххуыс сын кæнæм æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыстыты, – загъта министр. – Уæрæсейы Централон æвзарæн къамисы фæндонмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Респуб-ликæ фыст æрцыд Фæсбайкалы крайы Читайы æвзарæн фадыгыл, уый та нысан кæны, республикæйы цæрджытæн фадат кæй уыдзæн сæ хъæлæс радтын æрмæст уыцы кандидатты тыххæй, кæцытæ регистрацигонд сты уыцы фадыджы. Цæгат Ирыстоны кандидатты тыххæй нæ республикæйы территорийыл хъæлæс дæттыны бар нæ уыдзæн, уый тыххæй не ‘мбæстæгты ацæуын бахъæудзæн Цæгат Ирыстонмæ.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.