РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмбырд ауагъта тыхон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ. Æмбырды уынаффæ кодтой республикæйы оперативон уавæрыл, æмæ 3-æм июлы тыхджын тæрккъæвдайы фæстиуджытыл, кæцы æрхаста серьезон зиæнттæ.

Тæрккъæвда доны бын фæкодта цалдæр бирæфатерон корпусты. 2008 азы гъæдджынæй арæзт цы уæлхæдзæрттæ не ’рцыдысты, уыдон дæр нæ бафæрæзтой тæрккъæвдайæн. Президент бахæс кодта, цæмæй æмбæлон службæтæ сбæрæг кæной стихион æнамонддзинады рæстæджы цы зиæнттæ æрцыд, æрæмыбрд кæной æппæт информаци æмæ баххуыс кæной адæмæн.

«Зонын æй тæрккъæвдайы рæстæджы архайдтой æппæт службæтæ дæр йæ аиуварс кæныныл. Æз бузныг дæн уыдонæй. Абон банымайын хъæуы æрхæсгæ зиæнттæ æмæ максималон æгъдауæй цыбырдæр æмгъуыдты уыцы хæдзæртты цæрджытæн хъæуы баххуыс кæнын», — загъта Президент.

Уый æддейæ ма ныхас цыд уый тыххæй дæр, æмæ Уæлвæткон уавæрты, æмбæстагон хъахъхъæнынады æмæ стихийон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны министрадмæ кæй ис уæлæмхас фæрæзтæ æмæ гæнæнтæ, цæмæй ахæм стихион уавæрты адæмæн лæвæрд цæуой рæстæгмæйон цатыртæ æмæ брезенттæ.

Æмбырды ма уынаффæ цыд раздæр бакæнгæ уголовон хъуыддæгты фарстыты тыххæй дæр. Хъуыддæгты равзарыныл архайынц æмбæлон органтæ, æмæ Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм уголовон хъуыддæгтæн æмгъуыды рæстæг нæй, уыдон хъуамæ кæронмæ скъуыддзаг æрцæуой.

«Баконд æрцыд 70 уголовон хъуыддаджы, 47 уголовон хъуыддаджы бæрц та æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы Генералон прокуратурæмæ, уымæн æмæ уыцы хъуыддæгты фигуранттæ сты УФ-йы цæрджытæ, кæцытæ уыцы азты куыстой Хуссар Ирыстоны. Иумиаг зиан у 460 милуан сомæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах архайæм уыцы æхцатæ раздахыныл, кæцытæ здæхт æрцæудзысты ныппырхгонд адæмон хæдзарад сæндидзын кæнынмæ», — йæ ныхасмæ бафтыдта Президент.

Æмбырды рæстæджы уынаффæ цыд республикæйы оперативон уавæрыл дæр. Йæ доклады Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Муртаз фехъусын кодта, зæгъгæ, фæстаг дыууæ къуырийы регистраци æрцыдысты 6 фыдракæнды æмæ 11 цауы.

«Автовокзалы кассирмæ бабырстой дыууæ æвзонг адæймаджы. Уыдонæн сæ бон сси куыстмыздимæ хызын ахæссын, цыран уыд иу милуан сомæй фылдæр. Зæрдæ кæмæ фехсайдта, уыдонæй иу урæд æрцыд, дыккаджы та агуры милици, ист цæуынц æппæт æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, фыдгæнæг цыран æмбæхсы, уыцы бынат сбæрæг кæныны тыххæй», — бамбарын кодта уый.

Бахæсгонд æрцыд, цæмæй басгæрст æрцæуой æппæт уагдæттæ дæр æдасдзинады мадзæлттæ сæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уый тыххæй.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим фехъусын кодта, зæгъгæ, ныртæккæ 150 æвзонг адæймагæй фылдæр сæхи цæттæ кæнынц æфсæддон службæмæ.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.