2017 азы 25 октябры Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы радон – æстдæсæм рабадты фарстаты тыххæй. Къамисы рабадт ауагъдæуыдзæн 27 октябры.

«2015-2017 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийы фарстатæ, афтæ ма 2017-2019 азты плангонд проекттæ рацыдысты уæрæсейаг коллегæтимæ æрæмных кæныны алы стади дæр, дыууæ фарсты фиппаинæгтæ дæр хынцыдгонд æрцыдысты.

«Фæнды мæ проблемон фарстатæ лæмбынæгдæр сахуыр кæнын. Уыдоныл хъæуы  хуыздæр бакусын æмæ уæлæмхас консультацитæ, цæмæй æххæст цæттæйæ бавналæм Æхсæн-хицауадон къамисы куыстмæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик банысан кодта, Æхсæнхицауадон къамисы рабадты кæй раразмæ кæндзæн иукъорд ахæм фарсты. Фыццаг фарстатæй иу у резервон электроифтонгады хахх рауадзын.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы генералон директор Гæбæраты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Энергетикæйы министрады бахæсмæ гæсгæ бакуыст æрцыдысты республикæйы резервон электроэнергийæ ифтонгады æхсæз варианты.

Президент бахахх кодта, ацы фарст тынг кæй ныддаргъ æмæ йæ тагъддæр аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы.

«Æз æй куыд зонын, афтæмæй мах уынаффæ кодтам алыгъуызон варианттыл æмæ сфидар кодтам уыдонæй иууыл хæрзвадатдæры, уый у тъунелыл кабель рауадзын. Ууыл не ‘ндавдзысты боныгъæды уавæртæ. Проект сæххæст кæныны фæрæзтæ ныридæгæн рахицæнгонд æрцыдысты, фæлæ æртæ азы дæргъы нæ бон нæу сæ бахардз кæнын. Ацы фарст рахæссын хъæуы æруынаффæ йыл кæнынмæ æмæ йын кæрон скæнын хъæуы.  Гæнæнуæвгæйæ, йæ арæзтадмæ æрæвналын хъæуы ацы аз», – загъта уый.

Æмбырды хайадисджытæ дæр æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрады ног финансон-контролон хайады кусджытæн уæрæсейаг фарс методологион æххуыс цæмæй бакæна, уыцы фарст Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ рахæссыны æнæмæнгхъæуындзинадыл.

«Нæ информацимæ гæсгæ, Федералон казначейадæн бахæс чындæуыд махæн методологион æххуыс бакæнын кадртæ бацæттæ кæныны,  Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг специалистты цыбырæмгъуыдон уæвынады æмæ нæ специалистты Уæрæсемæ арвитыны хъуыддаджы. Ацы фарсты мах дырысдæрæй сбæлвырд кæндзыс-тæм», – загъта Финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Уый ма раныхас кодта, 2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахады социалон-экономикон рæзты нысанæн Уæрæсейы Федерацийæ  ныр цы финансон æххуыс цæуы, уый тыххæй.

Хæбæлаты Азæ фехъусын кодта, зæгъгæ, социалон-экономикон рæзты тыххæй Хуссар Ирыстон райста 3 миллиард 316 милуан 540 мин сомы. Уыдонæй иу хай развæлгъау нысан æрцыд ныры хæрдзтæн, иннæ хай та – æмфинанс-кæнынад, куыстмызд фæфылдæр кæнын æмæ Информацион-координацион центр скусын кæныны фарстаты фæдыл сразыдзинад сæххæст кæнынæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фарс раразмæ кæндзæн фæндон, цæмæй ивгъуыд аз цы финансты фæсауæрцтæ – 85 милуан 255 мин сомы бæрц, дихгонд æрцæуой.

«Махæн бахæс чындæуыд фæрæзтæ ахæм хуызы адих кæнын: 49 милуан 975 мин 530 сомы ахынцыд æрцæудзæн Президенты фæсауæрцон фонд фæфылдæр кæныны тыххæй, 2017 азы 11-14 июлы æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны нысанæн. Цы суммæ ма дзы баззад – 35 милуан 283 мин сомы, уый субсидийы хуызы лæвæрд æрцæудзæн Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йæн, республикæмæ цы электроэнерги цæуы, уый хæстæ бафидыны тыххæй», – загъта уый.

Бибылты Анатоли бацымыдис кодта, 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæрæзтæ куыд хардз цæуынц, уыдон процент цас у, уымæ. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард куыд радзырдта, афтæмæй 2015-2017 азты Инвестпрограммæйы объектты арæзтад ацы азы кæронмæ фæуын, ацы азмæ цы объекттæ рахызтысты, уыдон дæр сæм бафтаугæйæ, æххæст æрцæудзæн 100 процентæй.

«Инвестпрограммæ 90 процентæй къаддæр æххæст ма хъуамæ æрцæуа, науæд финансон фæрæзты хардзкæнынад ныллæг цы подрядонты аххосæй уыдзæн, уыдон ныхмæ райст æрцæудзысты æмбæлон мадзæлттæ», –  банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

«Уыцы фарсты æнтыстдзинад, фыццаг рады, баст у, Инвестицион программæйы тыххæй дзуапп чи дæтты, уыцы адæймæгты бæрндзинадыл. Уый баст у закъазгæнæгыл дæр, уыцы æртæ адæймаджы кæрæдзи хъуамæ æмбарой, æмæ хæс нæ сæххæст кæнынæй тас куы уа, уæд подрядонæн байсын хъæуы йæ подрядтæ», – загъта уый.

Гемодиализы системæйы дарддæры эксплуатацийы фарсты тыххæй раныхас кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад рахаста фæндон гемодиализы фæдыл æххуыс Уæрæсейы Федерацийы æнæмæнгхъæуæг медицинон хатырдзинады фæлгæтты бакæнын. Уæрæсейаг æмбæстæгтæн æххуыс цæудзæн ног операцион-хирургион корпусы уавæрты ОМС-ы системæмæ гæсгæ. Уый хауы, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæй регистраци чи нæ у, уыдонмæ», – загъта уый.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, гемодиализы фарст сæвзæрд æрмæстдæр зынаргълæууæг лæггæдты æмæ уыцы здæхты хъæуæг компоненттæ зынаргъ кæй сты, уый фæстиуæгæн. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сразыдзинад йæ тыхы бацæудзæн 2018 азы.

«Операцион-хирургион корпус эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд нын уыдзæн, гемодиализ кæй хъæуы, уыцы пациенттæн медицинон æххуыс бакæныны фадат. Уыдоны фылдæр хай сты Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ. ОМС-ы æвæрд ис фæрæзтæ гемодиализы лæггæдтæ бакæныны тыххæй. Уыцы фæрæзтæ нæм цæудзысты, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдоны тыххæй», – загъта Тотчиты Георги.

Æндæр æмæ æндæр фарстаты тыххæй раныхас кодтой Æхсæнхицауадон къамисы ра-бадты æндæр докладгæнджытæ: Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади.

РХИ-йы Президенты

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.