Дæ мады мард, дам, йæ мад кæмæн амард, уымæн зæгъ… Цæмæй дæ бамбара – мах абон Хæххон Хъарабахы адæмы куыд æмбарæм, афтæ…

Уымæн æмæ йæ мах дæр бавзæрстам, куыд зын у, исчи дыл йæ тых куы взара, дæ цард, дæ сæрибар дын куы иса…

Æмæ, йæ коммæ куынæ кæсай, уæд ноджы знæтдæр кæны, тынгдæр дойны кæны дæ тугæй. Æмæ дын уæд хъуамæ дæ тау, дæ уидаг бындзарæй стонынмæ æрхъава…

Ахæм уавæры та бахауд ногæй Хæххон Хъарабах. Йæ туджы та мæцы хæстарыд æмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг бæстæ. Туг кæлы æнæвгъау, мæлынц цардбæллон лæппутæ. Æмæ та афтæхуыйнæг дунеон демократи куырмæфсон скодта, тыхгæнæгæн йæ ных ничи къуыры, разæнгард æй цы кæнынц, уый йедтæмæ.

Куыд æрвылхатт, афтæ – бæлвырддæр зæгъгæйæ, сæхицæн пайда куыд вæййы, афтæ. Уый сæ демократийы гагк у – æдыхдæры бæсты тыхджындæры сæрыл хæцын, марæджы къухмæ марæн кард дæттын…

Æнаххос сабитæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ кæй мæлынц, уыдæттæ сæ не ндавынц, æрмæст сæ тугмондаг политикæ йæ кæнон кæнæд!.. Кæм сæ бафæнды, уым хæсты арт бандзарынц, кæм сæ нал фæхъæуы, уым æй ахуыссын кæнынц.

Беларусы та сæ хъул сах нæ абадт ацы хатт дæр. Иугæр Лукашенкойы стæг æгæр фидар (кæй фæрцы, уый æмбарæм) разынд æмæ сæ хурхы цæхгæрмæ ныссагъд, уæд та ныффу кодтой, рæстæгмæ кæй ныннымæг кæнынц, уыцы ныгуыппæввонг хъарабахаг арты цæхæрыл.

Цас æвзонг фæсивæд та бацарæфтыд дунеон тугмондаг æмæ æнæсæрфат политикæйы ахоссæй… Уыцы фæсивæдæн сæ фылдæр сты, Хæххон Хъарабах Азербайджаны скондæй куы рацыд æмæ æнæмсæр хæсты æнæвгъау бирæ туг ныккалгæйæ йæ сæрибардзинады фæндагыл куы ныллæууыд, уыцы рæстæгæй бирæ фæстæдæр чи райгуырд, ахæмттæ. Ивгъуыд æнусы æстайæм азты фæуды бавнæлдта хæст æмæ æнæрæстдзинады дæрзæг къух ацы фæрнджын бæстæмæ. Горбачевы æнæхайыры рацарæзт уæдæй райдыдта халын тугмондаг политикæйы къухты баст. Уæд хæххон Хъарабахы сæрибардзинады сæрыл чи тох кодта, уыдонæй бирæтæн абон сæ фырттæ нæ, фæлæ сæ фыртты фыртты бахъуыд тох кæнын сæ сæрибары сæрыл.

Кæй зæгъын æй хъæуы цыфæнды хæсты дæр ис аххосджынтæ æмæ амæттæгтæ. Цыфæнды хæсты дæр нæй ахæм фарс, йæхи дæлæмæ чи руадза, йæхи чи нæ раст кæна. Афтæ у ацы хæсты дæр. Гуырдзыстон Ирыстоны, ирон адæмы фыдæлты зæхх йæхи куыд хоны, афтæ Азербайджан дæр Хæххон Хъарабахы хоны йæ зæхх, йæ территори.. Æмæ уæд кæм ис, Хæххон Хъарабахы фыдæй фыртмæ чи цæры, уыцы адæмы зæхх та? Цы фæуой уыдон та, кæм цæрой? Æви сразы уой ууыл, цæмæй сæ бæстæ хуыйна Азербайджан æмæ цæрой, азербайджанæгты куыд фæнда, æрмæстдæр афтæ. Æмæ уæд чи уыдзысты æмæ цы хуызæн адæм уыдзысты? Уæд цы фæуыдзысты сæ национ гагк, сæ удварн, сæ историон ном æмæ цæсгом?

Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн паддзахадон æмвæзадыл хъуамæ уа нейтралон позици. Махыл не мбæлы, иу фарсы аххосджын кæнæм, иннæ фарсæн та йæ сæрыл хæцæм – уыцы фарстатæ дунеон организациты компетенцимæ хауынц. Фæлæ ис хуымæтæджы рæстдзинад, йæ сæрты ахизæн кæмæн нæй, ахæм рæстдзинад: Хæххон Хъарабах сабырæй цæры йæ зæххыл, никæмæ бырсы, никæй цæгъды, йæхимæ йын бырсынц, йæхи йын цæгъдынц. Уый фарстæн йæ политикон-моралон проблемæ. Ис ма ахæм проблемæтæ дæр, кæцытæ скъуыддзаг кæнгæ сты историон факттæм гæсгæ. Фæлæ ам историйы æрфытæм ныххизыны сæр ницæмæн хъæуы. Фаг у афтæ бафæрсын: кæд Арцах Азербайджаны зæхх у, уæд дзы къахдзæфæн аргъуан цæмæн ис. Æвæццæгæн Фæскавказы Хæххон Хъарабахæй хъæздыгдæр бæстæ нæй рагон æмæ диссаджы архитектурон аргъуантæй. Уый цæуыл дзурæг у? Æрмæстдæр ууыл, сæ историон фыдызæхх кæй у. Ам алы къуыпп, алы дзыхъ дæр дзуры, кæй райгуырæн бæстæ у, уыцы адæмы æвзагыл, пысылмон комытæф дзы нæй.

Фæлæ тыхджынæн æдых алыхатт дæр аххосджын у. Ам дæр та нын иу хъысмæт ис арцахæгтимæ. Гуырдзыйæн сæхи ахуыргæндтæ загътой, нæ фыдæлтæ сæ кæй æрцæрын кодтой сæ фарсмæ, зæхх сын уыдон кæй радтой. Стæй куы бафсæстысты, сæ бирæйы цæсты куы акастысты, уæд нын нæхи схуыдтой æрцæуæггæгтæ, нæ историон фыдыбæстæйæ нæ цъылынæй амæрзыны фæнд скодтой.

Ахæм уавæры сты абон арцахаг сæрибаруарзаг адæм дæр. Абон Азербайджан æмæ сæ фарсхæцджытæ цыфæнды ма дзурой, уæддæр историйы цæстыты фæнык нæ бакалдзынæ – алчи дæр æй зоны, Фæскавказы сомих иууыл рагондæр цæрджытæ кæй сты, кæмæндæрты зæххы цъарыл сæ кой дæр куынæма уыд, уæд уыдонæн нæргæ паддзахад кæй уыд, фæлæ… Æддагон мыст, дам, мидæггагон мысты расырдта…

Уæддæр диссаг у, цы сæ фæнды, сæ хъавд цæмæ у? Æцæг сæ уырны, сæ бон кæй бауыдзæн кæйдæр фыдыбæстæ байсын æви та радон политикон хъазт у, чъизи политикæ цæгъды æнаххос адæмы?.. Арцахæгтæ сæ зæхх кæй никæмæн ратдзысты, фæстаг сулæфты онг кæй тох кæндзысты, уый дызæрдыгкаг нæу… Уый хорз æмбарынц, чи сæм лæбуры, уыдон сæхæдæг дæр, фæлæ æххæст кæнынц кæйдæр политикон закъаз. Фæлæ цы аргъæй, кæй тугæй?… Политикон закъазтæ чи æххæст кæны, уыдон сæхæдæг ницы сафынц – мæгуыр, чи мæлы, уыдон сты. Алцы дæр та сбаддзæн йæ раздæры уагыл – чи зоны нал сбада, чизоны, 1994 азы куыд уыд, афтæ мауал уа, дарддæр анхъæвза…

Чи йын цы зоны, куыд уыдзæн æмæ цы уыдзæн, Хуыцауæн йæ хъуыддæгты йæхи йедтæмæ ничи зоны. Абон уал æнæдызæрдыгкаг у иу хъуыддаг: тугкалд бауромын хъæуы…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.