Æрæджы Президент Тыбылты Леонид фембæлд, нæ республикæйы территори рæмурдзæн æрмæджытæй чи сыгъдæг кодта, УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады Уæлдай тасдзинады ирвæзынгæнæг операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер»-ы уыцы кусджытимæ.

Фембæлды ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, РХИ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан, Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергей, УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады бæрнон кусджытæ.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн алы фадыджы цы бадзырдттæ ис, уыдон реализаци кæныны æвдисæн у, абон Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады иу къорд Хуссар Ирыстоны цы куыст бакодта, уый.

«50 гектарæй фылдæр территори сыгъдæг æрцыд хæлæн æрмæджытæй 80 бонмæ. Уый тыххæй ноджыдæр мах бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрадæй, сæ ахастæй.

Уыцы территори фидæн аз хъуамæ сыгъдæг æрцæуа пырхæнтæй æмæ дзы мауал уа хæсты фæдтæ».

Уæрæсейы алыфарсон æххуысæй абон Ирыстоны хуссар хай у сæрибар. Нæ бæстæйы хæдбардзинад нын Стыр Уæрæсе куы банымадта, уæдæй рацыд аст азы. Бæстæйы  сæргълæууæг æркой кодта 2008 азы августы хæсты тыххæй дæр, уæд дæр, зæгъгæ, Уæрæсейы Уæлдæр къухдариуæгад райста раст æмæ рæстæгыл уынаффæ – агрессоры сабырадмæ æркæнын. Уымæй цалдæр боны фæстæ та йын банымадта йæ хæдбардзинад. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн цы бадзырдтæ ис, уыдонмæ гæсгæ æххуыс дарддæр цæуы. Уæрæсейаг сапертæ  цы ахсджиаг куыст бакодтой, уый дæр уыд æнæмæнг-хъæуæг.

Уый тыххæй бузныджы ныхæстæ арвыста Уæрæсейы Уæлдæр къухдариуæгадмæ, ацы фарстмæ æмбаргæ ахаст равдисыны тыххæй.

Нæ фæрнджын ахаст УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадмæ, хисæрмагонд скондмæ арвыста бæстæйы сæргълæууæг, сæ куыст æмæ ахасты фæдыл.

УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады Цæгат Кавказы регионалон центры сæргълæууæг Николай Литюк дæр 2008 азы хæсты фæстæ Хуссар Ирыстоны цардифтонгадмæ бахаста йæхи хайбавæрд.

«Мæн дисы баппæрста, уæды уавæры фæстæ ныр горæт куыд фæивта, уый. Дисы ма мæ æппары ирон адæмы лæгдзинад, сæрыстырдзинад æмæ патриотизм», – дзырдта Николай.

УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министр Владимир Пучковы салæмттæ радта нæ бæстæйы къухдариуæгадæн. Дарддæр дæр, зæгъгæ, нæ æмахастытæ фидардæр кæндзысты, кæрæдзийæн æххуыс нæ министрады хаххыл хъомысджындæр.

«Мах æнгом архайд кæнæм, алыгъуызон мадзæлттæ уадзæм, нæ фæлтæрддзинад нæ хæлæг кæнæм кæрæдзийæн.

Центр «Лидер»-ы къорд бакодтой лæмбынæг куыст. Сæ куыстмæ нæй фау æрхæссæн», – банысан кодта уый.

УФ-йы Уæлвæткон уавæрты сапертæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта Къарджиаты Эльбрус:

«2008 азы хæст Хуссар Ирыстоны зæххыл ныууагъта арф хъæдгæмттæ. Фæсхæсты бынтæ цæрджыты цардæн æвзæрын кодтой реалон тæссагдзинад. Уæрæсейы Федерацийы Хицауад Хуссар Ирыстонæн æххуысы фæдыл уынаффæ кæй райста, уымæн стыр нысаниуæг ис. Куыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар, афтæ мæ фæнды бузныг зæгъын хуссарирыстойнаг фарсæн æмгуыстад æмæ уавæртæ саразыны тыххæй.

Сæйрагæй мæ фæнды уый банысан кæнын, æмæ ацы куысты рæстæджы уæ фæлтæрддзинад нæ æвгъау кодтат хуссарирыстойнаг коллегæтæн – уымæн дæр ис стыр аргъ. Азæй-азмæ уæ службæ æвдисæн у, алы здæхты дæр æмразыйæ кæй архайæм, уымæн».

Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергей дæр йæ рады бузныг загъта уæрæсейаг коллегæтæн цы тæссаг  æмæ æгæронкуыст бакодтой, уый тыххæй. Бузныг ма загъта бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонидæн, æххуыс æмæ æмархайды фæстиуæгæн территоритæ минæтæй ссыгъдæг кæныны фæдыл операци бацæттæ кæныны тыххæй. Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фæлтæрддзинад æмæ цайдагъдзинад уæрæсейаг коллегæтимæ куысты рæстæджы дарддæры куысты фæахъаз уыдзысты Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн.

Сæ куыстæн сын бæрзонд аргъ кæй æрцыд, уый тыххæй бузныджы ныхæстæ загътой УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады Центр «Лидер»-ы сæргълæууæг Игорь Кутровски, Цæгат Ирыстон-Аланийы фæдыл Уæлвæткон уавæрты министрады сæйраг управленийы сæргълæууæг Александр Хоружий, саперты номæй та – Анатолий Саввин.

Фембæлды кæрон Президент Тыбылты Леонид паддзахадон хорзæхтæ – майдантæ æмæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта командон æмæ рæнхъон сконды.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.