Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты дарддæр кæнынц арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ. Æввахс рæстæджы та эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ноджы иу уынг – Скъолайы уынг. Арæзтадон фирмæ «Альянс»-ы подрядгæнæг Гæбæраты Алик куыд загъта, афтæмæй ацы уынгæн йæ дæргъ у 114 метры.

Ныртæккæ раивтой зæххыбыны коммуникацитæ, доны хæтæлтæ. Раивтой ма цæрджыты электроны хæххытæ дæр. Иудзырдæй, Скъолайы уынджы кæронмæ бахæццæ сты æппæт хæрзарæзтадон куыстытæ. Фесты конд асфальт кæныны размæ сыгъдæггæнæн куыстытæ дæр æмæ ныр та ам æвæрд æрцыд асфальты фыццаг уæлцъар. «Ацы бонты мах сæвæрдзыстæм асфальты дыккаг цъар æмæ кæронмæ фæуыдзыстæм æппæт куыстытæ. Уынджы арæзтадон куыстыты рæстæджы мах не ‘мбæлдыстæм ницахæм проблемæтыл. Кæд-иу нæ исты æрмæг бахъуыд, бынаты ссарæн кæмæн нæ уыд, ахæм, уæд та-иу æй самал кодтам республикæйæн æддейæ. Нæ нын уыд техникæимæ дæр проблемæтæ. Уый фæстиуæгæн, мах нæ куыст фæуд кæнæм æмгъуыдæй раздæр. Райгонд сты  ацы уынджы цæрджытæ дæр», – загъта Гæбæрайы фырт.

Ацы уынджы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрдæ барадис сæ уынджы хæрзарæзтæй: «Нæ уынг нын саразой, уымæ куыннæ бæллыдыстæм, фæлæ сæрддæргъы рыг кæй ныхъуырдзыстæм, ууыл катай кодтам. Кæцыдæр уынгтæм бавналынц, скъахынц сæ, стæй мæйгæйтты ныддаргъ вæййы хъуыддаг. Мах дæр афтæ æнхъæл уыдыстæм. Фæлæ подрядон фирмæ «Альянс»-ы кусджытæ цæсгомджын разындысты. Июны райдианы бавнæлдтой уынджы арæзтадмæ æмæ ныридæгæн у фæуд. Цæсгомджын разындысты, ам цы кусджытæ куыстой, уыдон дæр. Сæ тыхтыл нæ ауæрстой, архайдтой æхсæвæй-бонæй æмæ сын ис фæстиуджытæ. Куысты рæстæджы-иу цы чысыл проблемæтæ фæзынд, уыдон-иу аскъуыддзаг кодтой уынджы цæрджытимæ иумæ».

Куыд зонæм, афтæмæй 2017 азы Инвестпрограммæмæ хаст сты нæ горæты 12 уынджы капиталон-цалцæггæнæн куыстытæ. Уыдон сты, Джиойы фырты, Скъолайы, Фæсивæды, Колыты Аксойы, Сомихæгты, Заводы, Комаровы, Герцены, Калинины, Кутузовы, Кировы æмæ Дзауы уынгтæ. Ацы уынгты капиталонæй цалцæггæнæн куыстытæн рахицæнгонд æрцыд 471 мин сомы. Бæрæг куыд у, афтæмæй уал абоны онг æхцайы фæрæзтæ хардз æрцыдысты нысанмæздæхтæй: «Куыстыты цыды рæстæджы, алы этапы фæстæ дæр подрядгæнджытæ хъуамæ æрбадæттой министрадмæ бакæнгæ куыстыты фæдыл акт. Æрмæстдæр уый фæстæ уыдон райсынц ноджы æхцайы фæрæзтæ дарддæр бакæнинаг куыстытæн. Афтæмæй контроль цæуы æхцайы фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæныныл дæр æмæ арæзтадон куыстыты гъæдыл дæр», – банысан кодтой министрадты.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.