Нæ бæстæ знæгты аххосæй цы зындзинæдтæ æвзары, уыдон æдзух, стыр быхсынад æвдисгæйæ, иуварс кæны. Фæлæ йæхи уавæр ферох кæны, æндæр бæстæты тыхст уавæр фенгæйæ. Сæ уынгæджы заманы кæй фарсмæ нæ балæууы, ахæм нæй. Æцæг ын сæ сæ фылдæр никуы бамбарынц.

Турчы цы стыр фыдбылыз æрцыд, уый бахаудта дунейы мидæг æппæты стырдæр дæс зæххæнкъуысты нымæцмæ. Ацы æвирхъау бæллæхы фæмард сты 40 мины бæрц адæймаджы, фæлæ уый кæронбæттæн нымæц нæу. Цæфты нымæц дæр сæдæ минмæ схызт.

Сыхаг сыхагæн æххуыс у. Уæрæсе та уайтагъд Турчы фарсмæ балæууыд. Уыцы бон уал Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сæ нырыккон техникæимæ, стæй медицинон кусджытæ æмæ психологтæ уым балæууыдысты æмæ стыр æххуыс кæнынц æрдзон фыдбылызы амæттæгтæн. Уæдæ æнæрцухæй гуманитарон æххуыс цæуы алы рæттæй…

Ахæм æнамонд хъуыддаг фенгæйæ иуварс нæ баззад нæ чысыл Ирыстон дæр. Фыццаджы дæр уал республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бардзырд ратта, мæйгæйтты республикæйы къуымты æвзæр боныхъæды аххосæй чи фæлæууы, уыдонæй Турчы уæзласæн машинæтæ ауадзын. Куыд зонæм, афтæмæй та æвзæр боныгъæды аххосæй Уæллаг Ларс сæхгæдтой, Гуырдзыстоны, Сомихы, Турчы ʻрдæм цы бирæ машинæтæ æрæмбырд, уыдон тагъд рæстæджы нæ ауадздзысты. Фæлæ республикæйы разамонæг пъæлицæйы кусджытæн бафæдзæхста, цыфæнды уавæрты дæр товарæй йедзаг Турчы машинæтæн фæндаг скæнын æмæ сæ æнæкъуылымпыйæ ауадзын. Ныртæккæ 2300 уæзласæн машинæтæн сæ фылдæр хай ахызт.

Уымæй дарддæр, Сергей Меняйло фæсидт республикæйы æххæстгæнæг органты кусджытæм, цæмæй се ʻххуысы хай бахæссой, Турчы зæххæнкъуысты аххосæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмæн. Уый уыдзæн сæ мызды иу хай. Уæдæ иннæ цæрджытæн дæр кæмæн куыд фадат ис, афтæ йæ бон у йе ʻххуысы хай бакæнын. Ныридæгæн уал «Беслæны мадæлтæ»-йы комитет сæдæ мин сомы арвыста æххуысæн. Уыдон ахæм трагеди сæхи удыл раджы бавзæрстой. Уæд дæр æнæхъæн дуне растад æмæ æххуыс кодта Беслæны хъыгдардбаййафджытæн. Ацы комитетæй уæлдай бирæ куыстуæтты райдыдтой гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын.

Уæдæ Ирыстоны адæмæй уым бирæ кæй цæры, уый дæр рохуаты никæмæй баззад. Уайтагъд Æддагон бастдзинæдты министрад æрцагуырдтой не ʻмзæххонты. Уый фæдыл Сирийы ирæтты номæй Æлбегаты Хишам æмæ Турчы ирон æхсæнады сæрдар Хъуысаты Садреттин фехъусын кодтой, дыууæ бæстæйы зæххæнкъуысты дæр ирæттæй хъыгдард кæй ничи баййæфта.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.