Къуыдаргомы рæсугъддæр бынæттæй иу, арф комы, дыууæ хохы астæу ныгуылæн хайы æрбынат кодта æрыгон горæт Къуайса. Советон дуджы Къуайса дидин æфтыдта,  цард дзы цæджджинагау фыхт, шахтæты кусджытæ-иу сæ куысты фæстæ сæхи рафæлыстой æмæ-иу фæзуаты сатæг уæлдæфмæ  улæфыдысты,  сæ куыст,  сæ цардæй райгонд уыдысты. Къуайсайы астæуккаг скъолайы кæрты ахуырдзаутæй азмæлæнтæ нæ уыд, скъоладзауты бæрц мин æмæ æрдæгмæ хæццæ кодта. Уый нымад уыд Хуссар Ирыстоны иууыл тыхджындæр,  иууыл хуыздæр скъолатæй иуыл. Йæ сæрты, бæрзонд  цъæх арвы тыгъдады арæх тахтысты æвзистхуыз хæдтæхджытæ.  Чысыл Инал-иу сæм нымдзаст ис,  æмæ-иу цалынмæ фæаууæн сты бæрзонд урс хæхты фæстæ,  уæдмæ-иу сæ йæ цæстæнгас нал хицæн кодта, тæхуды кодта. Йæ фыны дæр-иу арæх уыдта хæдтæхджыты. Йæ хъуыдытæ уыдысты æдзух тæхæг суæвынын. Къуайсайы скъолайы куы ахуыр кодта, уæд ныффыста нывæцæн ахæм темæйыл: «Æз хъуамæ суон тæхæг». Йæ куыстæн ын ахуыргæнæг саргъ кодта иттæг хорз нысанæй. Уый йыл цыма æцæг базыртæ басагъта,  афтæ йæм фæкаст.  Æмæ аскъуыддзаг кодта:  «Æз хъуамæ уон тæхæг». Къуайсайыл зарæджы ис иу ахæм фразæ: «Мах цы сфæнд кæнæм, уый нын сырæзы, уый нын бантысы…» Нысанмæ тырнæг къуайсайаг æвзыгъд лæппу Иналæн  бантыст йæ фæнд сæххæст кæнын, ссис тæхæг. Стæй хуымæтæг хæдтæхæг скъæрæг нæ, фæлæ легендарон тæхæг. Профессионалон тæхæг суæвыны фæндаг уæззау уыд, фæлæ æвзонг лæп-пу уыцы зындзинæдтæй нæ тарст, уыд уæндон æмæ ныфсхаст,  æппæтмæ æвзыгъд.

Мæ ныхас у уæздан,  фырнымд, хиуыл хæцын чи зоны, зындзинæдтæй чи нæ тæрсы, ирон æфсармдзинад, культурæ æмæ æгъдæуттæй æххæст чи у, йæ адæмы сæрвæлтау йæ цард радтынмæ  дæр цæттæ чи у,  уыцы легендарон тæхæг Остъаты Инал Захары фыртыл. Инал райгуырд  Къуайсайы 1949 азы. Йæ сабибонтæ  уыдысты гуыргъахъ æмæ уæззау, уымæ гæсгæ хæрзчысылæй фæцайдагъ зындзинæдтыл.  Æхсæзаздзыдæй фæстæмæ нал баййæфта йæ хоимæ ныййарджыты рæвдыд. Сæ дарддæры хъысмæт æрхауд сæ хæстæг Джиоты-Цхуырбаты Даромæ. Иналыл æхсæз азы куы сæххæст, уæд бацыд Къуайсайы астæуккаг скъоламæ. Скъолайы ахуыргæнгæйæ йыл уайтагъд ахуыргæнджытæ сæ цæст æрæвæрдтой, уыд хæрзæгъдау, æмбаргæ. Ирон æмбисонд куыд зæгъы: «Гайлаг, дам,  родæй бæрæг вæййы». Йæ ахуыргæнджытæ-иу арæх дзырдтой,  зæгъгæ,  ацы лæппуйæ исты рацæудзæн.  Астæуккаг скъола каст фæци тынг хорз нысæнттимæ. 1968 азы Инал сси Кировограды æфсæддон ахуыргæнæндоны курсант,  фæлæ йæ хъуыдытæ уæддæр баст  уыдысты тæхæг суæвынимæ. Инал, цæрдæг æмæ уæндон лæппу, ацы рæстæджы йæ зонгæты æмæ хиуæтты фæрцы базонгæ ис Советон Цæдисы сгуыхт, легендарон тæхæг Цхуырбаты Харитон Никъалайы фыртимæ. Харитон зындгонд тæхæг уыд канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы,  байхъуыста Иналмæ, æмæ бамбæрста, Иналæй æцæг тæхæг кæй рауайдзæн. Харитоны ‘ххуысæй Инал ссис Омскы тæхджыты ахуыргæнæндоны курсант.

Йе ‘мбæлттæй иу афтæ зæгъы: «Авиация была мечтой детства Инала.  Но влиться в ряды летчиков было не просто.  Когда ему исполнилось 18  лет,  он обратился к нашему земляку,  заслуженному летчику СССР Харитону Цховребову, тому самому Харитону,  который в 60-е годы впервые совершил беспосадочный перелет из Москвы в Гавану.  С легкой руки прославленного авиатора и началась летная жизнь Инала Остаева».

Омскы тæхджыты ахуыргæнæндоны Инал йæхи равдыста уæздан, нысанмæ тырнæг адæймагæй æмæ ахуыргæнæндоны къухдариуæгадæн фæцис цæстæвæрæн,  æппæт курсантты ‘хсæнæй  стъалыйау æрттывта йæ уагахаст, æгъдау æмæ зонындзинæдтæм гæсгæ. Тæхджыты ахуыргæнæндон фæцис иттæг хорз нысæнттимæ.  Падзахадон фæлварæнты къамис-мæ Инал бахатыд, цæмæй йæ арвыстаиккой Красноярскы æмбæстагон авиацийы управленимæ. Йæ куырдиат ын къамисы уæнгтæ сæххæст кодтой. Красноярскæй та йæ арвыстой Тунисы хицæн эскадрилимæ. Ам дыууæ азмæ сси  хæдтæхæджы командир. Иналмæ уæддæр йе ‘нтыстытæ фаг нæ кастысты. Уымæ гæсгæ 1975  азы бацыд ахуыр кæнынмæ Ленинграды æмбæстагон авиацион академимæ. Ам ма уыциу рæстæджы фæцис курсытæ англисаг æвзагыл дæр. Уый йæ æнæмæнг  хъуыд,  куыд тæхæг,  афтæ. Æмæ кæдæм нæ тахтис Инал æндæр æмæ æндæр тип хæдтæхджытыл: Норильскмæ, Хуссар-Сахалинскмæ, Магаданмæ. Хабаровскмæ, Благовещенскмæ, Якутскмæ, Ашхабадмæ, Ташкентмæ, Самаркандмæ æмæ æндæр æмæ æндæр горæттæм. Цыбыр дзырдæй,  Остъайы фырт сси профессиалон тæхæг,  алы куыстуаты дæр уыд авторитетон, алы куыстуаты дæр ын къухдариуæгад стыр аргъ кодта йæ арæхстдзинад æмæ æвзыгъддзинадæн.

Иналæн – нысанмæ тырнæг лæппуйæн бантыст бæрзонд схизын. Нырма уал сси хæдтæхæджы командир,  стæй авиаэскадрилы командир,  уый фæстæ Енисейы сæрдыгон къорды разамонæг,  Красноярскы авиаполкъы командир. Æппæт уыцы  сгуыхтдзинæдтæ йæ къухты æфтыдысты йæ хъару æмæ йæ фæндвидардзинады фæрцы.  Кæд ын зын уыд,  уæддæр  йæ цард сæвæрдта аккаг æмвæзадыл, фæлæ йæ  уæддæр йæ Райгуырæн Ирыстон йæхимæ ласта,  йæ фынты дæр æдзух уыдта Къуайса æмæ Сохты хъæуы. Иналæн йæ цард æмæ активон архайд æрхаудта дугивæны рæстæгмæ: схæццæ ис бæстæ, тугмондаг фашистон элементтæн фæцис сæхи раргом кæныны фадат. Гуырдзыстоны фашистон элементты сæрра кодта лозунг: «Грузия – для грузин». Райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ нырма информацион тох. Уымæй сын куы ницы рауад,  уæд тугмондаг Гамсахурдияйы бардзырдмæ гæсгæ йæ хотыхджын æфсад æрбафсæрста чысыл,  фæлæ хъæбатыр Ирыстонмæ æмæ йыл зынг бафтыдта. Мардтой æгъатырæй зæрæдты,  сылгоймæгты,  сывæллæтты.  Зæххыл цы фыддæр фыдмитæ ис, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр пайда кодтой. Æппæт уыцы цаутæм йæ  хъус дардта Инал æмæ йæхицæн бынат дæр нал ардта. Уый фæдыл йæ чиныг «Прерванный полет»-ы фыссы: «Смотреть спокойно, как уничтожается мой народ, было невозможно,  с какой совестью я потом приеду на родину, если в тяжелое для нее время буду отсиживаться  в далекой Сибири? Если  Осетии не  нужны летчики, буду защищать ее с помо-щью оружия и просто жизнью!»

Нал уыд Иналæн йæ бон Хуссар Ирыстоны цаутæм кæсын æмæ хъусын. Уымæ гæсгæ йæм дыууæ азæн цы улæфт æмбæлд,  уый дæр æмæ ма йæхи хардзæй та дыууæ мæйы райста æмæ æрцыд Дзæуджыхъæумæ. Уым аэропорты базыдта, Цхинвалмæ арæх кæй тæхы вертолет МИ – 8. Аэропорты къухдариуæгадæн бамбæхста, улæфт ын кæй ис, афтæмæй йæхи айсын кодта вертолетчикæй æмæ райдыдта тæхын Цхинвалмæ, нырма – къуыри иу хатт. Цхинвалмæ ласта æндæр æмæ æндæр уæзтæ,  фæстæмæ та – цæфты æмæ лидзæг адæм. Иналæн йæ фæндаг æнцон никуы уыд,  фæлæ йын ныр фæуæззаудæр ис. Кавказы бæрзонд мигъджын хæхты сæрты æмæ арф уынгæг кæмтты тæхын уыд тынг тæссаг,  фæлæ Остъайы фырт уыцы тæссагдзинад ницæмæ дардта. Иууыл тæссагдæр та уыд,  блокадæйон Цхинвалмæ-иу куы ‘рбазынд йæ бур вертолет,  уæд.  Райдыдтой-иу æй æхсын гуырдзиаг лæгхортæ Ередæй,  Никозæй,  Аунеуæй. Инал Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ тæхын куы райдыдта, уæд йæ фыццаг маршруттæ уыдысты,  йæ сабибонтæ кæм арвыста, уæлæрвты тæхджытæм кæцæй тæхуды кодта,  уыцы бынæтты сæрты æмæ йæм ноджы бирæ рæсугъддæр фæкастысты. Арæх йæ зæрдыл æрбалæууы ахæм цау:  Цхинвалмæ куы æрбатахт уæзтимæ,  уæд æрбадт вертолетты хайы территорийыл.  Уым ыл фембæлд Хуссар Иры уæды премьер Тезиаты Олег.  Фæхицæн кодта йе ‘мбæлттæй Иналы æмæ йын йæ курткæйы дзыппы цыдæр фæцавта. Уæд æй Инал афарста:  «Уый цы у?» Тезиаты фырт ын зæгъы, зæгъгæ, уый у дæ  куысты мызд. Уæд ын Инал афтæ зæгъы: «Олег,  ты меня очень обидел».

Хуссар Ирыстоны æхсæнадон уавæр карзæй-карздæр кæнын байдыдта. Гуырдзыстоны фашисттæ Хуссар Ирыл алырдыгæй æрхъула кодтой,  æввахсæй-æввахсдæр кодтой арæнтæм, бирæ рæтты дзæвгар æрбахызтысты арæнтæй дæр. Иналы бахъуыдис арæхдæр тæхын Цхинвалмæ. Уыцы тæхтытæ та уыдысты тынг тæссаг йæ цардæн. Иуæрдыгæй боныгъæд арæх ивта, иннæмæй та-иу йæ бур вертолет куы æрбазынд, уæд-иу ыл гуырдзиæгтæ нызгъæлстой алыхуызон хæцæнгæрзтæй. Фæлæ, табу Стыр Хуыцауæн, кæд-иу вертолет ныххуынчъытæ ис, уæддæр Остъайы фырт æнæхъыгдардæй баззад. Иналæн тæхыны бар уыд йæ къухдариуæгадæй æрмæстдæр Рукъы онг,  фæлæ уый уæддæр тахтис суанг Цхинвалмæ.

Остъайы фырт бæрзонд квалификациджын тæхæг у. Фæцис Кировограды тæхджыты уæлдæр скъола, Омскы тæхæг-техникон ахуыргæнæндон, æмбæстагон авиацион Академи Ленинграды. Тахт Ан-2, Ан-26, Ту-134  хæд-тæхджытыл, вертолет Ми-8-ыл. Красноярскы Иналы къухдариуæгады бын уыд сæдæйы бæрц хæдтæхæ-джы æмæ вертолеты. Уымæй уæлдай ма Инал бацæттæ кодта цалдæр æвзонг пилоты.

Æхсæвæй-бонæй йæ сæры зилдух кодта æрмæстдæр иу хъуыды: куыд хуыздæр баххуыс кæна йæ тыхст адæмæн, сæ къух сын куыд фæрогдæр кæна.

Хуссар Иры хæст куы сытынг, уæд Иналы бахъуыд тæссаг метеорологон уавæрты бон цалдæр хатты æрбатæхын, уымæй дæр ыл знаджы мæлæтхæссæг нæмгуытæ алырдыгæй згъæлдысты, афтæмæй. Фæ-лæ хæххон æфсæн цæргæс уыдæтты ницæмæ дардта. Цхинвалы цæрæг тыхст адæм  Иналыл афтæ фæцахуыр сты, æмæ-иу æм æрвылбон дæр æнхъæлмæ кастысты, куыд сæ ирвæзынгæнæгмæ,  афтæ.

1992  азы майы мæйы райдиан Иналæн йæ улæфт фæцис, фæлæ йæ адæмы афтæ тыхстæй ныууадзын йæ бон нæ уыд.  Уымæ гæсгæ Красноярскы йæ къухдариуæгадмæ бахатыд,  цæмæй йын йæ улæфт адарддæр кодтаиккой йæхи хардзæм  (æниу цæй улæфт, йæ уæззау æмæ тæссаг куыст ныр куы райдыдта).

Иуахæмы Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ атахт æфсæддон вертолет, цæмæй ракодтаид улæфтæй фæстæмæ здæхæг офицерты. Фæстæмæ здæхгæйæ хæхтыл мигъ ныббадт, афтæмæй Рукъы бæрзонд хохыл вертолет сæмбæлд æмæ бабын сты дыууадæсæй.  Сæ агурæг атахт цалдæр æфсæддон вертолеты, фæлæ сæ къухты ницы бафтыд – вертолет цы бынаты æрхауд, уырдæм батæхын уæндгæ дæр нæ бакодтой,  боныгъæд æвзæр кæй уыд,  уый тыххæй.  Уæд Цæгат Ирыстоны уæды хицауады сæрдар Хетæгкаты С. В. фæсидт Иналмæ æмæ йæм бахатыд, цæмæй атахтаид сæфт  вертолет агурынмæ.  Остъайы фырт арæх тахт уыцы маршрутыл æмæ йын хорз зындгонд уыд алы бынат дæр.  Талынг кæнын райдыдта,  афтæ иу бæрзод хохы бынмæ суыдта вертолеты пырхæнтæ. Ссардта уымæ æввахс иу чысыл фæзуат  æмæ астæумæ миты уым æрбат тых  æмæ амæлт-тæй. Æмбис æхсæвмæ фæархайдтой уым. Иу ма дзы разынд удæгас æмæ йæ рахастой, фæлæ сын уый дæр æрдæгфæндагыл амарди.

1992 азы 14 августы  Гуырдзыстоны фашисттæн Хуссар Ирыстоны байсын сæ къухты куынæ бафтыд, уæд ныр та Шеварднадзейы сæргълæудæй бабырстой Абхазмæ. Æгас Цæгат Кавказ ралæууыдысты Абхазы фарс.  Уым хайад истой Хуссар Ирæй 40 бархионы Хуыбылты Валерийы сæргълæудæй. Хъæбатыр тохты фæстæ сæ ракæнын хъуыд,  фæлæ сæ ракæнын уыд стыр проблемæ. Уымæн æмæ сæ ракæнын хъуыд сусæгæй.  Уый та уыд стыр зын хъуыддаг. Ацы уæззау хъуыддаг хæсгонд æрцыд Остъайы фыртæн. Уымæн йæ куырыхон зонды руаджы, стыр зындзинæдтæ æвзаргæйæ, бантыст сæ ракæнын.

Ног тугкалæн хæст ныр та райдыдта Цæгат Ирыстоны. 31  октябры Инал ракодта Цхинвал-мæ УФ Паддзахадон Думæйы депутат Дзассохты Алыксанд-ры. Куыддæр Цхинвалмæ æр-хæццæ, афтæ йæм фæдзырдтой Дзæуджыхъæуæй, цæмæй тагъд аздæха фæстæмæ. Мæхъæл ныббырстой Горæтгæрон районмæ. Райдыдта тугкалæн хæст,  бахъуыд та сæ Иналы æххуыс,  хаста горæтмæ уæззау æмæ тæссаг уавæрты цæфты,  фæстæмæ та – алыхуызон уæзтæ. Ам дæр та Инал равдыста стыр хъæбатырдзинад.

Ирыстоныл сæ «сыхæгтæ» гадзрахатæй куыд рацыдысты,  афтæ сыл уыцыиу рæстæджы æрдз дæр рахæтыд;  уый дын зæххæнкъуыст æмæ йæ фæс-тиуджытæ,  уый дын миты зæйты цыд  æмæ уый адыл æрцæугæ фыдбылызтæ, уый дын донивылдтытæ æмæ сæ фæстиуджытæ. Ацы экстремалон уа-вæрты Ирыстонæн иууыл стырдæр æххуыс чи бакодта,  уыдонæй иу уыд Остъаты хъæбатыр фырт Инал. 1993  азы ныууарыд стыр мит.  Транскамы Буронæй тъунелы рахизæнмæ миты зæйтæй ацæуæн нал уыд. Мыкалгабыры кувæндоны сæрмæ автобус цыппор фæндаггонимæ зæйы бын бабын сты.  Уыцы бынатæй чысыл уæлдæр цалдæр машинæйы 47 адæймагимæ дыууæ зæйы хсæн баззадысты. Уыдонимæ уыдысты сылгоймæгтæ æмæ цæфтæ. Уыцы бынатмæ æххуысмæ ирвæзынгæнджытæй йæ ныфс бацæуын ничи хаста,  уымæн æмæ фыдтымыгъ æмæ мигъæй развæндаг нæ зынд. Иналимæ уыдысты министр Шойгу,  Хетæгкаты Сергей æмæ зынгæ корреспондент Тæболты Иринæ.

Тæмискъæй Буронмæ тахтысты тымыгъ æмæ мигъæй æхгæд комы, тахтысты сæ развæндаг къухæй агурæгау.  Уый та сæ цардæн уыд тынг тæссаг.  Дарддæр тæхын стыр тæссаг кæй уыд,  уый тыххæй Хетæгкаты Сергей æрдомдта Иналæй, цæмæй фæстæмæ раздæха. Фæлæ уый ныфс уыд, йæ фæлтæрддзинадæй, йæ арæхстдзинадæй æмæ не сразы, дарддæр тахт нысангонд бынатмæ.  Дыууæ зæйы астæу цы адæм уыд, уыдоны ракодта Дзæуджыхъæумæ æмæ аздæхт фæстæмæ,  чи бабын,  уыдонмæ æмæ уыдоны дæр рахаста.

Иналæн йæ алы рейс дæр уыд стыр тæссаг йæ цардæн,  фæлæ уымæ нæ кæсгæйæйæ, йæ хæстæ æххæст кодта хъæбатырæй, уæндонæй, тасдзинад ницæмæ даргæйæ. Уымæ гæсгæ йæм йе ‘мкусджытæй бирæтæ хæлæг кодтой æмæ йыл мысыдысты алыгъуызон ха-хуыртæ  йæ кад  йæ ном ын æрдæлæмæ кæныны охыл.  Чиновниктæй йæ хорз чи зыдта, йемæ  тæссаг уавæрты чи тахт, уыдон ын йæ хъæбатырдзинадæн, профессионализмæн, уæндондзинадæн стыр аргъ кодтой.  Æмæ,  æцæгдæр,   Иналæн йæ алы тахт дæр Кавказы хæхты сæрты уыд Хъæбатыры номы аккаг. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй бирæ загъдгонд æрцыд æмæ зæгъынц абон дæр.

Мæнæн Иналы архæйдтыты тыххæй бирæ  цыдæртæ ис зындгонд,  стæй-иу йемæ чи тахт уæззау метеорологон уавæрты,  йæ хъæбатырдзинæдтæ дисы кæй æфтыдтой, уыдоны ныхæстæм гæсгæ хорз уаид, уыцы архæйдтытæн æмбæлон аргъ куы æрцæуид.

Хуыгаты Илья

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.