Хъотайты Григолы номыл культурæйы хæрзаудæн фонд Ростовы Хуссар Æфсæддон зылды Æфсæддон-историон музейæн балæвар кодта Плиты Иссæйы бронзæйон бюст.

Ацы цауы тыххæй нын радзырдта РХИ-йы Аивæдты сгуыхт архайæг, аивадзонæдты кандидат, Уæрæсейы аивадзонджыты ассоциацийы регионалон хайады сæргълæууæг, ирон нывкæнынады аивады историйы фæдыл иртасæнты автор Плиты Маргаритæ. «Райдианы философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста радзырдта Плиты Иссæйы хъæбатыр хæстон фæндаджы тыххæй. Уый фæстæ, æз ростовæгты базонгæ кодтон Хъотайты Григорийы сфæлдыстадимæ. Сарæзтой нын экскурси Æфсæддон-историон музейы залтæм. Бирæ уазджытæ æрбацыд уыцы мадзалмæ, се ‘хсæн Ростовы ирон æхсæнады минæвæрттæ дæр».

Бюст саразыны инициатор уыд хæрзаудæн культурон фонды сæрдар Хъотайты Еленæ. Суанг ма Плиты Иссæйы хъæлæсы зæлафыст дæр ссардта. Уыцы фыст Дзаттиаты Руслан скодта – Иссæ дзы мысы Сталинграды тохы рæстæджы иронау бардзырд куыд радта, уый. Афтæ ма музейæн фонд балæвар кодта Хъотайты Григолы бинонты архивæй къам. 1969 азы июлы мæйы Ростовмæ Плиты Иссæмæ ацыдысты нывгæнджытæ Санахъоты Барис, Хъотайты Григол, Кокойты Уасил æмæ историк Цхуырбаты Иван æмæ къам дæр ист æрцыд уæд.

Музейы мадзалмæ æрбацæуджыты рæгъмæ рахастæуыд Плиты Иссæйы парадон портрет. 70-аздзыд инæлары Хъотайты Григол сныв кодта æнæхъæн бæрзæнды. Йæ бæрæгбонон уæлæдарæсæй æрттывтой сыгъзæрин стъалытæ æмæ бирæ æндæр хорзæхтæ. Плиты Иссæ ссис нацийы символ, йæ сæрыстырдзинад æмæ кад.

Портрет сфæлындзыдта Ростовы музейы парадон бацæуæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Хъотайты Григол Иссæйы портрет куы сныв кодта, уæд æвæрд уыд Хуссар Ирыстоны Æфсæддон кады музейы. Фæстæдæр æй равæрдтой Дзæуджыхъæуы музейы равдыстыты залы. Уый фæстæ ацы портрет бирæ рæстæджы дæргъы кæм уыд, уый ничи зыдта. Уый фæдыл Плиты Маргаритæ загъта: «Райдыдтон æй агурын, алырдæм фыссын, фæрсын. Йæ агурыны хайад райста афицер Мæрзойты Олег. Номхуындæй, мæм йе ‘рфарстмæ гæсгæ  Хуссар Федералон зылды Æфсæддон-историон музейæ æрæрвыстой «1993 азы 20 майы райсты акты ныффыст. «Армийы инæлар Плиты Иссæйы портрет (сойджын ахорæнтæй) – Цæгат Кавказы æфсæддон зылды делегацийы лæвар. Йæ бæрц – 210:130».

Уымæй цалдæр мæйы фæстæ мæм ныффыста Ростовы музейы кусæг Марина Антипова. Схæлар стæм æмæ райдыдтам кæрæдзимæ фыссын. Æз æм фыстон, Кучиты Юри, Абайты Васо,  нывгæнæг Хъотайты Григолимæ Плиты Иссæйы хæлардзинады тыххæй. Музеймæ арвыстон Хъотайы фырты репродукциты альбом. Ныффыстон æм Монголийы Адæмон Республикæйы æмæ Мæскуыйы «Поклонная гора»-йы Иссæйæн бюсттæ кæй сæвæрдтой, уый тыххæй. Марина Антиповайы дзуапп мын уыд æнæнхъæлæджы: «Иссæйы бюсттæ алыран дæр сæвæрдтой æмæ махмæ Ростовы та йæ бюст нæй. Афтæмæй Плийы фырт иууыл фылдæр азты дæргъы лæууыд Ростовы Цæгат Кавказы Æфсæддон зылды сæргъ, ам байгом кодта Æфсæддон-историон музей æмæ цард фæстаг азты. Уый раст кæцæй у?». Антипова мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2018 азы ноябры мæйы нысан кæндзысты хъайтары райгуырды 115-азы юбилей. Уый тыххæй æз ской кодтон Хъотайты Григолы фонды сæргълæууæг Хъотайты Еленæйæн æмæ райдыдтам кусын. Равзæрстам  скульптор Плиты Владимиры. Йæ монументтæ зындгонд сты куыд Ирыстоны, афтæ фæсарæнты дæр: Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй сакъадах Маврикийы онг. Сарæзта нын Плиты Иссæйы бронзæйæ бюст Ростовы музейæн балæвар кæ-ныны тыххæй. Автор тынг хорз сарæхстис йæ хæслæвæрдимæ.

Ростовы стыр кад кæнынц Плиты Иссæйæн

«Радзурдзынæн музейы тыххæй. Æфсæддон-историон музей арæзт æрцыд 1967 азы Цæгат Кавказы æфсæддон зылды командæгæнæг, армийы инæлар (1958-1968) Плиты Иссæйы бардзырдæй. Музейы экспозицийы ис къам, Плиты Иссæ куыд лыг кæны ног музеймæ бацæуæны сырх лентæ.  Музейы ныртæккæ ис авд мин экспонатæй фылдæр. Экспо-зицийы хицæн хай баст у Плиты Иссæимæ. Ам фенæн ис инæлары хисæрмагонд дзаумæттæ – хæцæнгæрзтæ, документтæ, картæтæ æмæ афтæ дарддæр. Ис дзы уникалон къам Мæскуыйы сæрыл тохы фæдыл Плиты Иссæ æмæ Доватор фæцæуынц бæхтыл.

Плиты Маргаритæйы ныхæстæм гæсгæ, сыл музейы кусджытæ алыхатт дæр сæмбæлынц райзæрдæйæ, равдисынц сæм хъарм ахаст. Арфæйы ныхæстæ зæгъын хъæуы ростоваг ирæттæн Черджиты Р.-йы сæргълæудæй. Абон Ростовы музейы хъайтарты галереяйы сты хуссарирыстойнаг делегацийы лæвæрттæ – инæлары бюст æмæ портрет. Алы кары æмæ нацийы хатты адæймæгты музейы æрбаиу кодтой Плиты Иссæ æмæ Хъотайты Григол.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.