Президент Тыбылты Леониды сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы радон рабадт.

Æдасдзинады советы уæнгтæ æркастысты ахсджиаг фарстатæм, кæцыты ‘хсæн уыд Хуссар Ирыстоны арæнгæрон зонæмæ бацæуыны фарст дæр. Æдасдзинады совет алыварсонæй æруынаффæ кодта проблемæйыл æмæ рекомендацитæ радта Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ æмбæлон тыхон структурæтæн, цæмæй республикæйы районты администрациты къухдариуæггæнджытимæ иумæ ноджыдæр сахуыр кæной, арæнгæрон посттæ цы бынæтты æвæрд сты, уый, цас раст æвæрд сты, æмæ æркæсой, цас гæнæн ис, уыйас сæм корректировкæтæ бахæссыны хъуыддагмæ, иу кæнæ иннæ территоримæ æмбæстæгты бацæуыны æмæ уым уæвыны тыххæй, цæмæй цæрджытæн хуыздæр уавæртæ арæзт æрцæуа, уый нысанæн.

«Мах бузныг хъуамæ уæм, арæныл æдасдзинад æмæ фæтк чи ифтонг кæны, уыдонæй алкæмæй дæр. Уый хауы Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон  службæйы Арæнхъахъхъæнæг уп-равленийы æфсæддонтæм, кæцытæ Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæ-нæг службæты кусджытимæ иумæ  хайад исынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæн хъахъхъæныны хъуыддаджы», – загъта Президент.

Банысан æрцыд, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы æфсæддонтæ сæ архайд æххæст кæнынц, «Иумæйаг тыхтæй РХИ-йы Паддзахадон арæн хъахъхъæныны тыххæй» дыууæ паддзахады ‘хсæн цы  Сразыдзинад арæзт æрцыд, уымæ гæсгæ, кæцыйыл къухтæ бафыстæуыд 2009 азы 30 апрелы æмæ  2010 азы 9 июны райстæрцæуæг «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæны тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ гæсгæ.

Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, афтæмæй арæнгæрон зонæйы хъæутæм цы æмбæстæгтæ цæуынц, уыдонæй, афтæ ма уыцы хъæуты цæрджытæй æрбацæуы хъæстытæ, арæнгæрон зонæйы режимы фæстиуæгæн цы зындзинæдтæ æвзарынц, уый тыххæй. Бынæттон цæрджытæй цы фарстатæ æрбацæуы, уыдонæн та хъæуы дзуапп радтын.

«Арæнгæрон зонæйы уæвыны фæтк алчидæр хъуамæ æмбара, уымæн æмæ райсгæ мадзæлттæ здæхт сты, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæны æдасдзинадмæ, афтæ арæнгæрон цæрæн пунктты цæрджыты æдасдзинадмæ дæр», – банысан кодта Президент.

Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, Закъон «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæны тыххæй» ист æрцыд республикæйы территори хъахъхъæныны тыххæй. Æмæ уымæ гæсгæ, «мах хъуамæ схæрзарæзт кæнæм нæ арæн æмæ конкретон мадзæлттæ исæм йæ хъахъхъæныны тыххæй».

Тыбылты Леонид бахæс кодта, цæмæй сахуыр кæной æмæ æркæсой арæнгæрон зонæ,  куыд гæнæн уа, уымæй фæкъаддæр кæныны фарстмæ. Афтæ ма рекомендацитæ лæвæрд æрцыд, цæмæй æркастæуа пропусктæ дæттæн пунктты нымæц фæфылдæр кæныны æмæ сын сæ архайды ‘мгъуыд иу азмæ саразыны фарстмæ дæр. Банысан ма æрцыд уый дæр, æмæ 2015 азы ноябры дæр Президент рахаста фарст уыцы зонæтæ фæкъаддæр кæныны тыххæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон зонæмæ адæймæгтæ æмæ транспортон фæрæзты бацæуыны фæткойтæ æвæрд æрцыдысты РХИ-йы территорийыл арæнгæрон зонæйы Арæнгæрон режимы фæткойтæм гæсгæ, кæцытæ фидар æрцыдысты РХИ-йы Хицауады 2012 азы 3 августы уынаффæмæ гæсгæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл арæнгæрон зонæйы арæнгæ-рон режим æвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæн хъахъхъæнынæн æмбæлон уавæртæ саразыны нысанæн.

Дарддæр Æдасдзинады советы уæнгтæ уынаффæ кодтой, республикæйы цы æбæрæг инфекци апарахат, кæцыйы фæстиуæгæн мæлынц хæдзарон цæрæгойтæ, уый артдзæстыты локализацийы фарстатыл. Тыбылты Леонид бахæс кодта, цæмæй сæвзæргæ уавæрыл æруынаффæ чындæуа Хицауады радон рабадты æмæ райст æрцæуа уæлæмхас мадзæлттæ.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президенты 

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.