Ныр цалдæр азы Хуссар Ирыстоны 15 август нымад цæуы Æмбалы боныл. Йæ аразджытæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ ацы бæрæгбон – Æмбалы бон равзæрд йæхихъæдæй. Ацы бон у рухс, зæрдæйæ чи цæуы, адæймагыл хæс чи не ‘вæры, ахæм æхцон бон. Йæ иууыл стырдæр хæс у æмбалыл   ахъуыды кæнын. Кæд дæм хæстæг у, уæд ын раарфæ кæн. Кæд дæм дард у, уæд æм телефоны фæдзур. Йæ зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæм исты æхцон ныхæстæ йын зæгъ. Уымæн æмæ зæрдæбын арфæ ракæнын, искæмæн исты хорзы бацæуын, хорз хъуыддаг саразынæй нæ цардбонтæ фылдæр кæнынц. Нæ цард хорз хъуыддаг саразынæй рæсугъддæр кæй свæййы, адæймаг уымæй цæры.

Æмæ, æцæгæйдæр, царды хорз, æнувыд æмбал цасы аргъ у. Æнувыд æмбал дæ никуы ауæй кæндзæн, никуы дæр дæ зæрдæхудты бацæудзæн. Зæрдæйæ цин кæндзæн дæ цинагыл æмæ зæрдæйæ фæхъыг кæндзæн дæ мастыл. Цин æмæ хъыг æфсымæртæ сты æмæ æцæг æмбал цинаджы дæр æмæ хъыджы дæр æнæмæнгæй æрбалæудзæн дæ цуры, фæдаргъ дæм кæндзæн йе   ‘ххуысы къух.

Æцæг, æнувыд æмбал уæлдай тынгдæр фæбæрæг вæййы адæймагæн йæ тыхст рæстæ-джы. Стыр хъыгагæн, ацы рæнхъыты автор æмæ йæ дыууæ хъæбулы дæр авд азы размæ бахаудтой тыхст уавæры, æрцыд сыл æнæбаххæстгæнгæ трагеди. Æнæнхъæлæджы цæ-рынхъуагæй, йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ, йæ цардæй ахицæн мæ цардæмбал, курдиатджын журналист æмæ æхсæнадон архайæг Хуриты Гиви. Æппæлынмæ мын æй мачи айсæт, фæлæ Гиви йæ фыссæн сисæй тынг бирæ балæггад кодта дыууæ Ирыстонæн дæр, стæй æхсæнадон архайды дæр фæстæ нæ лæууыд, йæ амæлæты боны онг дæр уыд Иры Стыр Ныхасы уæнг. Иннæ ахæм ын йæ зæрæдæхæлардзинад, йæ адæймагдзинады тыххæй абон дæр æрæмысынц йæ бирæ зонгæтæ иууылдæр.

2010 азы 9-æм сентябрь нæ бинонтæн у трагикон бон. Уыцы бон æнæнхъæлæджы уæззау рынчын фæцис Гиви, 17 сентябры та йæ цардæй ахицæн. Æмæ 20 сентябры хуссарирыстойнаг адæм республикæйы боныл куы цин кодтой, парады куы цыдысты, уæд Гиви та йæ фæстаг фæндагыл раст кодта. Æнæнхъæлæджы уæззау хабарæй тынг фæтыхстыстæм. Республикон соматикон рынчындоны баззадыстæм фараст боны æмæ уыцы бонты нæ палатæ адæмæй никуы сцух ис. Цыдысты нæм йæ бирæ зонгæтæ, не ‘мкусджытæ, нæ хиуæттæ æмæ нын сæ уындæй не стыр маст рогдæр кодтой.  Гиви-иу сæм йæхæдæг дæр уæздан худт бакодта, сæ уынд-иу ын мæлæты æхсызгон уыд, фæлæ-иу уыцы иурæстæджы батыхсæгау кодта, ома, мæн тыххæй уæхи цæмæн фæлмæцын кæнут.

Йæ рынчыны рæстæджы йæ рохуаты нæ ныууагътой раздæры партийы обкомы йемæ чи куыста, уыдон – Цоциты Барис, Хъуылымбегты Доменти. Уыдон æй бæрæг кодтой куыд бынаты, афтæ-иу æрвылбон дæр телефоны бадзырдтой рынчындоны сæйраг дохтырмæ, ома, уæ кæд мыййаг исты æххуыс хъæуы, уæд табуафси. Рынчындонмæ нæм уæлдай арæхдæр цыдысты Мæргъиты Алекси (дзæнæтыбадинаг), Хъуылымбегты Роберт (уæд уыд телекомпани «Ир»-ы директор, телеуынынады кусджытæ иууылдæр, Ленингорæй рацæугæ Хъараты Валери, Хъазиты Мелитон, нæ сыхæгтæ; Козаты Павел, Цоциты Феликс, Плиты Гурам, Хъодалаты Руслан æмæ бирæ æндæртæ. Тбилисмæ йæ куы ластам, уый размæ бон нæм Хъуылымбегты Роберт æрбахаста финансон фæрæзтæ (æз æнхъæл дæн æмæ сæ телеуынынады коллектив æрæмбырд кодтой), кæд уыдон бирæйы фаг нæ уыдысты, уæддæр дзы абоны онг дæр дæн стыр райгонд. Иннæ ахæм та Хъараты Валери уыд. Уый нын балæууыд стыр ныфсы мæсыгæй æмæ нын загъта, зæгъгæ, æхцайыл, дам, æппындæр ма тыхсут, æз дæр, дам уын истытæ самал кæндзынæн. Абоны онг дæр æм нæ бинонтæ кæсынц æввахс хионы цæстæй. Цоциты Барис дæр нын загъта, зæгъгæ, Хуыцау зæгъæд æмæ, зæгъ, цы сдзæбæх уа, финансон фæрæзтæ та, дам, Хицауад рахицæн кæндзæн, уымæн æмæ, дам, Гиви уый аккаг у, алкæмæндæр, зæгъ, æввахс æмбалы хуызæн у.

Фæлæ йæ, хъыгагæн, финансон фæрæзтæ нал бахъуыдысты… Тбилисмæ куы ныхæццæ стæм, афтæ амард æмæ фæстæмæ ласинаг фæци.

Гивийы амæлæты фæстæ нæ хæдзар хасты хуызæн фæци, нал æй зыдтам дарддæр куыд цæрæм, уый æмæ тынг фæтыхстыстæм. Фæлæ та нæ ам дæр рохуаты нæ ныууагътой куыд Гивийы æмбæлттæ, афтæ ме ‘мкусджытæ дæр. Цæрæнбонты дæр мæ нæ ферох уыдзысты ме ‘мкусджытæ Дзебысаты Гуло, Чертхъоты Жаннæ æмæ Лалыты Ленæйы лæггæдтæ. Уыдон-иу мæ арæх абæрæг кодтой хæдзары мæ зын рæстæджыты, æвæццæгæн, куыстмæ дæр нал рацыдаин, уыдон мæ куынæ ракодтаиккой, уæд. Стыр бузныг уын, æцæг æм-бæлттæ! Уæ хъæбулты хурæй æфсæст ут!

Уæлдай тынгдæр мын мæ сидзæр хъæбул Батрадзы та рæвдыдтой æмæ йæм аудгæ ахаст дардтой РХИ-йы раздæры Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады раздæры Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Президенты Администрацийы раздæры къухдариуæг-гæнæг Цоциты Барис, РХИ æмæ УФ-йы сгуыхт тренер Джиоты Руфин æмæ бирæ æндæр-тæ. Уыдон-иу Батрадзыл алыхатт дæр зæрдæйæ бацин кодтой æмæ ныр дæр цин кæнынц, лæмбынæг-иу æй бафарстой, зæгъгæ, кæд мыййаг истæуыл тыхсыс, уæд ма фефсæрмы у, æрбацу-иу нæм алыхатт дæр æмæ нæ бон цæмæй уа, уымæй дын баххуыс кæндзыстæм. Ра-гæй мæ фæндыд ныффыссын ацы æртæ адæймагыл, фæлæ уыдон бæрнон бынæтты кæй куыстой, уымæ гæсгæ мæм раст нæ каст. Зæгъын, исчи афтæ куы ахъуыды кæна æмæ сæ ад-ресыл былдауæн ныхæстæ кæнын. Ныр мын абон фадат фæцис ацы æртæ адæймагæн стыр бузныджы ныхæстæ зæгъынæн.  Стыр бузныг уæ адæймагдзинадæй. Сымах стут æцæг æмбæлттæ, уымæн æмæ куыд Гивийы удæгасæй, афтæ йæ йæ амæлæты фæстæ дæр нæ ферох кодтат æмæ нæ фарсмæ æрбалæууыдыстут нæ зын рæстæджы. Сымах равдыстат стыр адæймагдзинад Гивийы бинонты ахасты æмæ уын уыцы адæймагдзинад уæлахиз уæд! Абон Æмбалы боны мæ фæнды сымахæн раарфæ кæнын,  мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад. Сымах Ирыстоны фæрныгадæн бирæ сарæзтат æмæ уæ лæггад рох макуы уæд уæ радтæг адæмæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы мæ уацы не скодтон Гивийы æм-бæлттæй алкæйы кой æмæ сæ курын хатыр.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.