Чысыл лæппу йæ дадайы бафарста: «Цы у адæмы хорзæх?». Зæронд лæгæн æхсызгон уыд уыцы фарст æмæ, цæмæй йæ дзуапп хуыздæр бамбарын кодтаид йæ хъæбулы хъæбулæн, уый тыххæй загъта: «Æвзæрдзинад, фыдми дæ сæрмæ макуы схæсс. Цы дæ бон у, уымæй æдыхæн, æвæгæсæгæн фæлмæн ныхасæй дæр баххуыс кæн — хорздзинад нæ сæфы. Уæд дын алчидæр йæхимид арфæ кæндзæн, дæ фенд сын кæддæриддæр æхсызгон уыдзæн, сæ хæдзары дуæрттæ — гом дæ разы. Уынджы куы фæцæйцæуай, уæд дæ ничи æлгъитдзæн, фæлæ дын арфæ кæндзысты, чи дæ нæ зоны, уыдон дæр — хорзы кой дардыл айхъуысы». Ацы зæронд лæджы хъуыды нырыккон æвзагмæ куы «ратæлмац» кæнæм, уæд уый нысан кæны, алы адæймагæй дæр ды æнкъардзынæ æвæрццаг энергетикæйы тых, уыцы тыхæй та адæймаг цæрдхъом, зæрдæрай вæййы.

Адæймаг а-дунемæ куы фæзыны, уæд арф ныуулæфы, стæй хъæрæй ныккæуы, фæлæ уыцы цъæхахст йæ ныййарджытæн вæййы сæ фидæн, сæ царды сæйраг нысан, уымæн æмæ уый у цард дарддæргæнæг, сæ буц фæдон. Хъæрæй йæхи ныббуцгæнгæйæ, ноггуырд ракæсы йæ сыгъдæг цæстытæй; кæд йæ алфæмблай ницы фембары, уæддæр æдзынæгæй нымдзаст вæййы алцæмæ дæр — райдайы цайдагъ кæнын æппæтыл дæр. Фыццаджы-фыццаг фехъусы, царды йæ æппæты фылдæр чи уарзы, уыцы ныййарæг мады æхцон хъæлæс, авдæны зарæг; банкъары йын йæ фæлмæн къухты узæлд, йæ хъарм ахаст. Афтæ райдайы йæ цардвæндаг, афтæ акæны чысыл гоймаг йæ фыццаг къахдзæфтæ дæр ног цардмæ.

Æмæ кæд не ’ппæтæн дæр цардуаджы фæткæвæрды бирæ æмхуызон фæзилæнтæ ис, уæддæр дзы алцы бынтон æнгæс кæм вæййы. Иуæй-иутæ сæ царды, денджызы гуылфгæнаг уылæнау, размæ бырсгæ фæкæнынц, æппынæдзух сæхи фесхъауынц, феппæлынц, цæмæй иу уысм дæр рохуаты макæмæй аззайой, хъуыды сæ кæной; иннæтæ та, кæд стыр курдиат æмæ уæздандзинады хицæуттæ вæййынц, кæд сæ дуджы хорзæх дæр вæййы æмæ адæмы фарнæй дæр фæрнджын вæййынц, уæддæр сабыр, сындæггай кæнынц сæ къахдзæфтæ царды зилдухæнты. Ном дæр скæнынц сæхицæн, кад дæр сын вæййы, фæлæ сын уæддæр фæсвæд уæвын æнцондæр у, афтæ куыстхъомдæр сты. Ахæм адæймаг, йæхи сæрмагонд хуызджын дунейы уæвгæйæ, æгæрон æнувыд вæййы, йæ алыварс цы адæм ис, уыдоныл. Алкæмæн дæр æй фæфæнды исты хорзы бацæуын, кæд стыр æххуыс нæ, уæддæр ын фæлмæн дзырдтæй йæ зæрдæ барухс кæнын.

Раст уыцы фæрнджын адæммæ ахæссæн ис, ныр дзæнæттаг Гобозты Валерийы дæр, Ирыстоны номдзыддæр æмæ уæздандæр хъæбултæй сæ иуы. Валерийы хуызæттæй ирон адæм афтæ фæзæгъынц: «Сабыр, уæздан, уæззонд, никуы никæй бахъыгдардзæн, мæлдзыджы дæр нæ фæхъыг кæндзæн». Ахæм уыд Гобозы фырт, фæлæ, уый хыгъд, æппæлгæ, йæ риу хойгæ размæ нæ бырста; курдиатджын поэт, хорз тæлмацгæнæг, литературæ амонæг æмæ алæмæтон миддунейы сконды хицау уæвгæйæ, уый йе ’рмæджытæ, бирæтау тыхæй нæ хъардта адæмæн, никæй тыхсын кодта, афтæмæй та йæ поэтикон текстты алы рæнхъ дæр у зæрдæмæхъаргæ, мидисджын, арф хъуыдыимæ.

Ацы уац цæттæгæнгæйæ, æз Валерийы зонгæтæй бирæты афарстон, цымыдис кодтон сæ дзуаппытæм, уæддæр ын цы ахастытæ уыд æмкусджытимæ, хæлæрттимæ, æмгæрттимæ. Уыдон, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау уыцы иугъуызонæй æргом кодтой сæ хъуыдытæ:

Гуыцмæзты Евелинæ, газет «Хурзæрин»-ы кусæг, бирæ азты фæкуыста Валериимæ:

— Хорз, зондджын, уæздан адæймаг, уыд иттæг хорз литератор. Ирон лæджы æвæрццаг миниуджытæй — æххæст. Уал азы дæргъы иумæ фæкуыстам æмæ никуы хъуыды кæнын, уый искæй фæхъыг кодта кæнæ тызмæгæй йæхи равдыста. Махмæ куыста культурæйы хайады гæсæй. Æппынæдзух кодта архайгæ, йæ кусæн стъол-иу уæз кодта алы æмæ алы æрмæджытæй. Цыфæнды æнæвдæлон ма уыдаид, уæддæр бахъуыды сахат æххуысмæ уыд цæттæ, дæ къух дын ацарæзтаид. Хæларзæрдæ, æнæзивæг, Валери мидбылхудгæ æмбæлд алкæуыл дæр, фæлæ йын йæ зæрдæйы сагъæсæвдисæг уыдысты йæ цæстытæ — цыдæр мидхъуырдухæнты уыд æдзух, цыдæр сусæг маст ын йæ уд æхсыдта, кæд æй никуы æргом кодта, уæддæр. Цалдæр азы не ’хсæн нал ис, фæлæ иу уысм дæр уый махæй рох нæу. Хъысмæтæн цы загъдæуа, æндæра йын бирæ хæрзиуджытæ бантыстаид саразын йе сфæлдыстадон фæндагыл, йæ царды, ноджыдæр лæггад кодтаид йæ радтæг адæмæн.

Гобозты Валери райгуырд 1948 азы 16 майы Хуссар Ирыстоны Гобозтыхъæуы. Зиулеты астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы медицинон техникуммæ. 1966 азы йæ каст фæци æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Тыбылты Алыксандры номыл ХИППИ-йы. 1971 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ сси историк-филолог. Райгуырæн бæстæйы раз йе ‘фсæддон хæс сæххæст кæныны фæстæ райдыдта кусын ахуыргæнæгæй. Уыцыиу рæстæджы ма, шахматтæй спорты дæсны уæвгæйæ, Гобозы фырт уыд тренер рæзгæ фæлтæрæн ацы диссаджы спорты хуызæй. Бирæ азты дæргъы æмгуыст кодта газеттæ «Хурзæрин» æмæ «Южная Осетия»-имæ, куыста журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы. 1998 азы райдыдта кусын Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон институты æмæ йæ амæлæты бонмæ фæкуыста уым. 2005 азы — журналистикæйы кафедрæйы гæс. 2008 азы Цæгат Ирыстоны бахъахъхъæдта йæ диссертаци, уыд ХИПУ-йы доцент, афтæ ма куыста зонад-иртасæн институты дæр.

Гобозты Валерийæн йæ поэзи уæлдай ирддæрæй зыны 80-æм азты. Уыцы рæстæджы йын рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд. Йæ уацмысты сæйраг мидис Фыдыбæстæйы кадæн, радтæг адæмы хæрзиуæгæн зарын, кусаг лæгæн цыт кæнын. Поэты лирикон хъайтар кæддæриддæр цæттæ у Ирыстоны сæрвæлтау стыр хъæбатырдзинадмæ. Валерийæн ма фæстæдæр рацыд цалдæр чиныджы, уыцы нымæцы — монографи «Художественное мастерство Сека Гадиева-поэта». Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта уырыссаг классикты уацмыстæ. Куысты — æвæллайгæ, сфæлдыстадон архайдыл — æнувыд, Гобозты Валеримæ бирæ хъуыдытæ-фæндтæ уыд, фæлæ йæ куыстытæ æрдæгыл баззадысты.

Джиоты Фатимæ, газет «Хурзæрин»-ы кусæг, бирæ азты фæкуыста йемæ. Валерийы тыххæй йæ мысинæгтæ дзуры æрхæндæгæй:

— Ныффысс, ныффысс æрмæстдæр хорз, — Валерийы аккаг зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ. Уыд æцæг ирон, æгъдауджын, фæрнджын æмæ хъæздыг удварны хицау. Уымæй иу хъæрæй ныхас никуы ничи фехъуыста. Йæ ахаст — фæлмæн, хъарм; йе ’мныхасгæнæджы цæстытæм-иу каст йе ’нкъард цæстæнгасæй æмæ-иу лæмбынæг ныхъхъуыста. Стæй загътаид йæ хъуыды æмæ уыцы дзырдтæ адæймагæн уыдысты, узæлаг мады арфæйау, æхцон. Æгæрон уарзтæй уарзта йæ куыст, йе ’мбæлтты, йæ хæлæртты. Уый хуызæн рæстаг, уæздан мачи зæгъæд. Арæх мæ зæрдыл æрбалæууы иу цау: æз редакцимæ сцæйцыдтæн, уый та куысты фæстæ хæдзармæ фæцæйцыд Ленины уынгыл. Тынг æнкъард, æрхæндæг мæм фæкаст æмæ йæ афарстон. Уый арф ныуулæфыд æмæ мын афтæ: «Мæ хæдзар нал æмæ нал сцалцæг хæсты фæстæ, мæ хомæ цæрын, уымæй дæр æфсæрмы кæнын. Рæсугъд нæу, æфсымæр хомæ цæра, фæлæ цы бачындæуа, балæууæндон мын нæй æмæ…». Æз йæ фæстæ бирæ фæкастæн æмæ хъуыды кодтон: ау, ахæм фæлмæн, рæстаг лæгæн йæ хъуыддаг куынæуал рæзы, рахау-бахауæггаг куыд фæци. Валерийы хуызæттæ канд хиуæттæй нæ, фæлæ æддагæттæй дæр нæ рох кæнынц, уымæн æмæ ахæмтæ бирæ не сты. Хъыгагæн, махмæ адæймагæн йæ амæлæты фæстæ æрымысынц йæ лæггæдтæ… Ацы аз ыл сæххæст уыдаид 68 азы. Йæ амæлæты фæстæ йын мыхуыры цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рацыд, уымæ бирæ фенхъæлмæ каст, мæгуыр, йæ удæгасæй ма йæ куы æрæййæфтаид.

Валериимæ æз мæхæдæг рагæй зонгæ уыдтæн. Студенткæ ма куы уыдтæн, уæд ын-иу ме ‘мдзæвгæтæ фенын кодтон. Æмдзæвгæтæ чи фыссы, уый йæ хорз зоны æмæ æмбары, алкæмæн сæ кæй нæ раргом кæндзынæ. Фæлæ Валерийæн æндæр ахаст уыд æвзонг фæлтæрмæ, æрдзæй уыд амонæг. Уый-иу мын загъта йæ фиппаинæгтæ. Фæлæ йын æй стæй хъуамæ бакастаис, уæд-иу йæ мидбылты бахудт æмæ-иу æрмæстдæр загъта: «О, о, хорз у, ныр хорз у». Уый фæстæ иумæ куыстам Колыты Аксойы номыл паддзахадон Аивæдты лицейы æмæ йæм уæд уæндондæр уыдтæн — коллегæтæ уыдыстæм ныр. Тынг æй уарзтой ахуырдзаутæ, æнæрхъæцæй-иу ын æнхъæлмæ кастысты йæ урокмæ.

Сфæлдыстадон адæм дзыллæйы, Райгуырæн бæстæйы рис арфдæр айсынц, æппынæдзух ыл мæт фæкæнынц, сагъæссаг свæййынц цæрæнбонтæм. Мастæн та къæдзæх дæр нæ лæууы…

Царды уæззау цалх цадæггай тулдзæн, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, фæлæ Гобозты Валерийы хуызæн гоймæгтæ адæмæй рох никуы уыдзысты, уымæн æмæ уыдонæй фидауы не ’хсæнад, уымæн æмæ уыдон сæ хъарм, фæлмæн зæрдæйæ, хуры тынтау, алкæй дæр тавгæ фæкæнынц.

Цгъойты Аринæ


Гобозты Валери
Ныфс

Афтæ мæм цæмæн фæкæсы:
Цард мæнæн лæвæрд нæу барстæй?..
Сусæг ныфс мын чи фæхæссы: —
«Рæстæг тайдзæнис дæ уарзтæй?».

Ацы ’рдхæрæны нæузæхмæ,
Бæлæсты æхцон сæр-сæрмæ,
Уæлæ стъалыты цæхæрмæ,
Кæмтты сонт дæтты фæхъæрмæ

Æмæ булæмæргъы зардмæ,
Райгуырæн уæзæджы хъарммæ
Æз æрыздæхдзынæн ногæй,
Цардбæллон лæппу, æвзонгæй.

Искуы а-зæххыл куы нал уон,

Уарзон Ир, кæс-иу æнхъæлмæ,
Ма-иу кæн уæд дæр ды; марой,
Ног зындзынæн æз дæ хъæрмæ…

1976

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.