Нæ царды мах хызт не стæм зынгсирвæзтытæй. уыдон фылдæр хатт вæййынц иуæй-иу æмбæстæгты æнæмæт ахасты фæстиуæг. Æмæ уæд сæ хуыссын кæнынмæ фæзынынц зынгхуыссынгæнджытæ.

Нæ республикæйы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хай ис нæ горæты Хъайтарты уынджы  æмæ йын арæхстджынæй разамынд кæны дæлбулкъон Дудайты Андрей. Æрæджы фембæлдтæн йемæ æмæ мæ цыбыртæй базонгæ кодта сæ куыстимæ.

Куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд аз нæ республикæйы зынгсирвæзтыты нымæц схызт 400 фылдæрмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уыдон иууыл арæхдæр кæй вæййынц, хус рæстæг куы ахæссы, уæд. Ацы ран аххосджын сты иуæй-иу æмбæстæгтæ сæхæдæг дæр, уыдон нал кусынц сæ хуымзæххытæ æмæ цъæнут кæрдæгæй азмæлæнтæ нал вæййы. Уымæ гæсгæ йæ басудзынц, æнæмæт ахасты фæстиуæгæн зынг анхъæвзы дарддæр æмæ æрхæссы стыр фыдбылызтæ. Зæгъæм, иурæстæджы, Ачабеты хъæумæ æввахс арты æвзæгтæ сæхи алырдæмыты аппæрстой æмæ æгæрыстæмæй трассæйыл цæуæг хæдтулгæтæн ацæуæнтæ дæр нал уыд.

Адæмы хизынц фыдбылызæй

Æдæппæт сæм ис 73 кусæджы æмæ дих сты 4 сменæйыл, алы сменæйы дæр ис 16 адæймаджы, фидаргонд та сæм вæййы 4 машинæйы, ифтонг сты спецдарæсæй. Иугæр фæдис куы фехъусынц, уæд цыбыр рæстæгмæ балæууынц зынг сивæрзты бынатмæ.

Хуыбиаты Никъала                                             

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.