Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц Терчы былгæрæттæ бындуронæй рацаразыны æмæ улæфынæн хæрзвадат уавæртæ саразыны куыстытæ.

Ацы бонты цалцæггæнæг бригадæтæ кусынц уазæгдон   «Владикавказ»-ы алфæмбылай æмæ Китайаг фæзуаты Терчы былгæрæттæ саив кæныныл. Китайаг фæзуаты ацы куыстытæ æххæстгонд фыццаг хатт цæуынц уæрæх хуызы. Ацы ран, Терчы былыл, ис, раджы стыр ахадындзинад кæмæн уыд, ахæм хинайæн цад. Хонынц æй Чысыл доны станцæ. Уый цалдæр азы æдзæллагæй лæууыд, йæ чъизи доны найæн нал уыд. Ныр специалисттæ чъизи дон сцъырдтой, йæ бын ын схафтой æмæ дзы калынц хуыр. Тагъд æм бауадздзысты сыгъдæг дон æмæ та дзы адæм зæрдиагæй сæхи найдзысты.

Уымæй дарддæр, цады алыварс æвæрд æрцыд рæсугъд бандæттæ быроны асыччытимæ, тренажертæ хистæр кары адæмæн æмæ сывæллæттæн хицæнтæй, адджинæгтæ æмæ дæттæ кæм уæй кæнынц, ахæм киосктæ. Баурæдтой дзы цæстдарæг æмæ æфснайæг. Ивд æрцыдысты цадмæ ныххизæн асинтæ, электрон цырæгътæ, арæзт æрцыдысты къахвæндæгтæ. Ныртæккæ æххæстгонд цæуынц цадмæ сыгъдæг дон бауадзыны куыстытæ. Кусджытæ куыд загътой, афтæмæй сæ хъуамæ кæронмæ фæуой  июны æмбисмæ.

Уæдæ та тагъд Китайаг фæзуаты Терчы былыл цад дæр суыдзæн цæрджыты уарзондæр улæфæн бынæттæй иу æмæ та Дзæуджыхъæуы хæрзвадат бынæттыл бафтдзæн.

Амынд куыстытæ арæзт цæуынц сæрмагонд федералон программæ «Хæрзвадат горæтон алфæмбылай саразын»-ы национ проекты фæлгæтты.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.