Адæмон партийы сæрдар Плиты Александры интервью

Фарастӕм июны Хуссар Ирыстоны дзыллӕ ӕвдӕм хатт равзардзӕн бӕстӕйы разамынады закъондӕттӕг сконд. Авд политикон парти бацыдысты ӕвзӕрстыты гъоммӕ тохы, иумандатон депутатты нымӕц хӕццӕ кӕны 100-мӕ. Нымадмӕ гӕсгӕ ӕртыккаг взӕрсты архайы Адӕмон парти дӕр. Политикон баиугонд раног кодта  номхыгъд, ӕмткӕй дзы ис 14 адӕймаджы, фарастӕй та цӕуынц иумандатон зылдтӕй.  Адӕмон партийы рӕнхъытӕ баххӕст сты фылдӕр бӕрцӕй Фыдыбӕстӕ хъахъ-хъӕнджытӕй, социалон сферӕйы кусджытӕй, политикон фадыджы фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис ӕмӕ фыццаг хатт чи фӕлвары ацы хаххы сӕхи. Адӕмон партийы ӕвзӕрстыты агъоммӕ нывӕзты ис чысыл бизнесы райрӕзт, пенсион фонды раца-рӕзт, медицинӕйы размӕцыд, ипотекӕйы фӕзынд, банчы кредитон ставкӕ 8% ӕрӕппарын ӕмӕ адӕмы царды ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, “хӕстон” фӕлтӕр куыстыл фӕцайдагъ кӕныны фарстытӕ. Партийы разамонӕг, дохтыр-реаниматолог Плиты Александр радзырдта Парламенты  фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм  ӕрсидты куысты тыххӕй ӕмӕ ӕвзӕрстон кампанимӕ цы нывӕзтимӕ хизынц, уыдӕттыл.  

– Адӕмон партийы минӕвӕрттӕ Хуссар Иры закъондӕттӕг органы  куыстой дыууӕ ӕрсидты сконды – фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕмы. Цы бантыст депутаттӕн ацы ӕмгъуыд саразын?

 – Фӕндзӕм ӕрсидты Парламентмӕ Адӕмон парти бацыд стыр скондӕй –  фа-раст адӕймаджы. Уыдонӕй фондзӕй комитеттӕн разамынд кодтой – Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад, Æдасдзинад ӕмӕ хъахъ-хъӕнынад, Спорт ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ, бюджет ӕмӕ фиддонтӕ ӕмӕ закъондӕттынад ӕмӕ бынӕттон хиразамынады комитеттӕ уыдысты Адӕмон партийы минӕвӕртты къухы.

2009-2014 азты Адӕмон партийы куыст Парламенты уыд ахадгӕ, фӕстиуӕгджын. Мах уыдыстӕм энергетикон нозты ‘рбаласт, парахат ӕмӕ уӕй кӕныныл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл закъоны инициатортӕ.  Ацы закъон ист цыд ӕхсӕнады ӕппынӕдзух хъусдарды бын, уымӕн ӕмӕ сӕрибарӕй парахат куы цыд ацы зианхӕссӕг нозт, уӕд ын уыд ӕппӕрццаг ӕндӕвдад фӕсивӕды уагахаст ӕмӕ ӕнӕниздзинадыл. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ, Адӕмон партийы депутаттӕ бацӕттӕ кодтой, раразмӕ кодтой ӕмӕ парламенты сессийы фидар ӕрцыдысты 52 закъоны.

Фӕндзӕм ӕрсидты куысты рӕстӕджы мӕ дӕлбар комитет райста сӕйраг бындурон закъон “Основы охраны здоровья граждан”. Уыцы  рӕстӕг – 2012 азы арӕзт ӕрцыд Пенсион фонд, уый фӕдыл документтӕ  раразмӕ кодтон ӕз, комитеты сӕрдарӕй кусгӕйӕ. 2012 азмӕ пенситӕ уыдысты 500 сомӕй чысыл фылдӕр, ныр дӕр кӕд бынтон бӕллиццаг не сты, уӕддӕр авд минмӕ ӕввахс систы. Уыдонӕн бындур ӕрӕ-вӕрдтам мах.

Æхсӕзӕм ӕрсидты нӕ куыст афтӕ ахадгӕ нӕ уыд. Мах бахызтыстӕм за-къондӕттӕг органмӕ ӕрмӕстдӕр цыппар адӕймагӕй. Нӕ дӕлбар нӕ уыд   иу комитет дӕр, ӕгӕрыстӕмӕй нын нӕ уыд кусӕн хатӕн дӕр.  Уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ, закъӕттыл куысты активонӕй истам хайад, архайдтам дискусситы. Нӕ позици алы закъоны фӕдыл дӕр ӕвдыстам, архайдтам хуыз-дӕр саразын, кӕд нӕ хъуыдытӕ алы хатт хынцыд нӕ цыдысты, уӕддӕр. Алкӕцы  закъоны проект дӕр Адӕмон партийӕ ӕнӕхъусдард нӕ баззад, сесситы куысты рӕстӕджы архайдтам закъон фӕхуыздӕр кӕныны фадӕттыл, кӕд хынцыд алыхатт нӕ цыдысты, уӕддӕр.

 –  2001 азӕй фӕстӕмӕ куыстай  дохтырӕй рынчындоны, реанимацийы хайады, 2008 азы хӕстон архайдтыты рӕстӕджы ирвӕзын кодтат фӕцӕфуӕвджыты уӕлвӕткон уавӕрты. Фӕндзӕм ӕрсидты Парламенты куыстай Æнӕниздзинад хъахъхъӕнынады комитеты разамонӕгӕй, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, медицинӕйы фадыджы цы  згъуыдтӕ ис, уыдон зоныс мидӕгӕй. Цы хъӕуы медицинӕйы размӕцыдӕн саразын, уыцы нымӕцы закъондӕттыны сферӕйы?

– Ӕнӕниздзинады фадыджы фӕстаг дыууӕ азы бирӕ арӕзт цӕуы размӕцыдӕн. Куыст цӕуы медицинон инфраструктурӕйыл, цадӕггай рӕзы афтӕхуыйнӕг медицинон кластер, кӕцы рацарӕзтой республикон бирӕпрофилон центрмӕ. Бирӕ ӕрцыд арӕзт,  фӕлӕ сӕйраг у кадрон политикӕ, уый ис уӕззау уавӕры. Йӕ рацаразынӕн хъӕуы ӕрхонын Хуссар Ирӕй рацӕугӕ специалистты, уыдон та фӕстӕмӕ нӕ тагъд кӕнынц сӕ райгуырӕн бӕстӕм. Проблемæйы алыг кӕныны фарст уынӕм афтӕ – дохтырты ӕркӕнынӕн  фыццаджы саразын хъӕуы аккаг уавӕртӕ, ӕрмӕст материалон уавӕртыл нӕ дзурын, фӕлӕ ма сӕ ифтонг хъӕуы зонадон ногдзинӕдтӕй. Медиктӕ, кӕцытӕ кусынц Уӕрӕсейы раззагон медицинон центрты,  нымайынц, ома, Хуссар Ирмӕ ӕрцӕугӕйӕ сӕ карьерæйыл кау ныффӕлдахдзысты. Хъӕуы нӕ рахизын ног ӕмвӕзадмӕ, практикон куысты ӕмрӕнхъ хъӕуы зонадон куыст дӕр.  Дыккаг стыр цӕлхдур, кӕцыйы аскъуыддзагыл кусын ныр Уӕрӕсейы Федерацийы Советимӕ, ам бынаты  ныхас кӕнын Хицауад ӕмӕ Президентимӕ, Парламенты  ме ‘мкусджытимӕ, у стаж. Уӕрӕсейаг дохтыртӕн сӕ куысты ӕмгъуыд Хуссар Иры хынцыд нӕ цӕуы. Стӕй ма ног кадрты куыстмӕ фемхиц кӕнынӕн хъӕуы куысты бӕрзонд ӕмвӕзад, уымӕ мах нырма не схызтыстӕм. Нӕ рынчындоны материалон-техникон ифтонгад абон фадат дӕтты ам бынаты аразын бӕрзондтехнологон ӕмвӕзады операцитӕ.  Кӕдӕй-уӕдӕй ацы аз скуыста гемодиализы хайад, уый бантыст, бирӕбӕрцӕй ардыгӕй ацӕугӕ чызг кӕй ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ кусынмӕ, уый фӕрцы.

 – Ацы ӕвзӕрстон кампанимӕ Адӕмон парти бацыд ранӕуӕггонд номхыгъдимӕ, чи ‘рбамбал ис уӕ партимӕ,  цы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтимӕ цӕуынц Парламентмӕ?

– Номхыгъды партийы сӕрдары фӕстӕ цӕуы Диакъонты Амиран, кӕцы ӕнӕзонгӕ нӕу ӕвзарджытӕн. Æртыккаг номырӕй цӕуы ног адӕймаг – Медойты Дзамболат. Уый йӕ цард арвыста Хуссар Иры, архайдта ӕппӕт хӕстон операциты, хъахъхъӕдта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, уымӕй дарддӕр ын ис фидар ӕмбӕстагон позици. Партийы сконды цалынмӕ нӕ уыд, уӕдмӕ дӕр фӕсивӕды ӕнгом кодта, зӕгъӕм, энергетикон нозты парахаты ныхмӕ тохмӕ.  Куыста тыхон структурӕты,  афтӕмӕй ма стыр хъусдард здӕхта дзуӕрттӕ ӕмӕ аргъуанты ӕндидзын кӕныны хъуыддагмӕ, хорз ӕй зонынц Иры дзыллӕ.

Остъаты Роберт цӕуы цыппӕрӕм номырӕй, уый у Хуссар Ирыстоны  Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы бындурӕвӕрджытӕй иу. Архайдта Джиоты Аланы (Парпат) къорды. Зӕгъӕн ис, Ирыстонӕн лӕггад кодта  алкӕддӕр. Партийы фыццаг дӕсы нымӕцы ис Плиты Виолеттӕ дӕр, уый августы хӕсты фӕстӕ архайдта гуманитарон ӕххуысы уарыны системӕйы, ис ын йӕхи цӕстӕнгас республикӕйы социалон сферӕйы рамӕцыдмӕ. Харебаты Сергей цӕуы фӕндзӕм номырӕй, уый алкӕмӕн дӕр у зындгонд парламенты 5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм ӕрсидты куыстӕй. 7-æм амондджын номыр у Гӕбӕраты Алан, уый скъолайы къӕсӕрӕй рахизгӕйӕ, бацыд МСНК фыццаг рӕнхъытӕм. Хӕцӕнгарзимӕ хъахъ-хъӕдта  Ирыстон, алкӕцы хӕсты дӕр райста цӕфтӕ. Æнӕ пафосӕй, зӕгъӕн ис, йӕ цард кӕй снывонд кодта Ирыстонӕн. Адӕмон партийы сконд иууылдӕр сты ахӕм адӕм, кӕцытӕ сӕ цард арвыстой Хуссар Иры, уӕззау рӕстӕджы сӕхи никуы бааууон кодтой, алчидӕр дзы йӕ бынаты архайдта йӕ райгуырӕн бӕстӕйы хӕрзӕбонӕн.

 Иумандатон кандидаттӕ

ЦÆК-ы сгӕрсты фӕстӕ Адӕмон партийы иумандатон зылдтӕй баззад депутаттӕм 9 кандидаты. Иууылдӕр сты Республикӕйы цӕрджытӕ. Дыккаг зылдӕй цӕуы Дзӕгъиаты Земæ, хорз ныййарӕгӕй дарддӕр ма у республикӕйы интерестыл тохгӕнӕг. Службӕ кодта хицӕн батальонты. Гендерон балансӕй кӕд сылгоймӕгты нымӕц къаддӕр у, уӕддӕр сылгоймаджы цӕстӕнгас дӕр партийы у бавдыстгонд.

 – Адӕмон парти цы нывӕзт, плантӕ ӕмӕ фӕндтимӕ цӕуы Парламенты ӕвдӕм ӕрсидты ӕвзӕрстытӕм?

– Адӕмон парти йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ у социалон размӕцыдыл хӕст политикон баиугонд. Мах фыццаг рады архайдтам балӕууын  нӕ ӕмтохгӕнджыты фарсмӕ, кӕцытӕ райстой цӕфтӕ Ирыстоны сӕрвӕлтау тохты. 2008 азӕй фӕстӕмӕ республикӕ уыд уӕззау уавӕры, ӕрвыстам хоскӕнынмӕ хӕсты фӕцӕфуӕвджыты. Уыцы рӕстӕджы нӕ сӕйраг куыст уыд уый мидӕг.  Ныридӕгӕн нӕ сӕйраг нысан у алкӕцы адӕймагӕн цӕрыны аккаг уавӕртӕ скӕнын ӕмӕ ӕмткӕй царды ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын.  Мах цӕрӕм адӕмимӕ иу проблемæтимӕ, мах дӕр кӕмдӕр иппӕрдӕй дзӕнӕтттаг уавӕрты нӕ цӕрӕм, уынӕм ӕй, адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, цӕмӕй тыхсынц, уый.  Æнӕзынд нын нӕу, цӕрджытӕн сӕ 80% бӕрц кӕй цӕрынц гӕвзыкк уавӕрты. Экономикӕйы министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ фӕцӕрыны минимумы бӕрц у 11 мин сомы. Ӕххӕст бинонтӕ конд сты фондз адӕймагӕй  – мад, фыд ӕмӕ ӕртӕ сывӕллоны, ахӕм бинонтӕ хъуамӕ исой 55 мин сомӕй фылдӕр. Кӕцы бинонтӕ махмӕ исынц уый бӕрц?  Цӕрджытӕн сӕ 80 % фылдӕр уый бӕрц нӕ исынц. Ацы бӕрӕггӕнӕнтыл ныхас алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ  цӕуы, уӕлдайдӕр та хицауады.  Сӕйраг паддзахады у адӕймаджы ресурс, уый та цӕры мӕгуыр уавӕрты.  Мах стӕм пенсион реформæйы æвварс, ууыл тох кӕнӕм 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Пенсион фонды финансон фӕрӕзты нысаныздӕхт раст нӕу. Пенсион фонд кӕронмӕ фидар нырма не ‘рцыд, къорд закъоны, кӕцыты бындурыл хъуамӕ цӕуа уагдоны куыст, нырма ист не’рцыдысты. Пенсион фӕдзӕхсты фӕдыл закъон ис, фӕлӕ бындурон закъон Пенсион фонды фӕдыл нӕй. Фондз закъоны бӕрц хъӕуы сфидар кӕнын, цӕмӕй ӕрнывыл уа пенсион фонды куыст, балхынцъ кӕнын хъӕуы реформӕтӕ ӕмӕ Пенсион фонды финансон фӕрӕзты нысанмӕздӕхт сраст кӕнын. Уый фӕстӕ ахадгӕ фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ, бӕстонӕй мӕ бон нӕу зӕгъын проценттӕм гӕсгӕ, фӕлӕ мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ма сӕм иу ахӕммӕ ӕввахс ӕрбафтид. Ахӕм проблемӕ ис бюджеты дӕр.

Нӕ нывӕзты ис цалдӕр закъоны, кӕцытӕ нӕ фӕнды ныббиноныг кӕнын царды 7 ӕрсидты Парламентмӕ бахизгӕйӕ, уыдон нымӕцы уӕлбар кредиты системӕ скусын кӕнын. Мах нымайӕм, Хуссар  Ирыстоны экономикӕйы бындур хъуамӕ суа чысыл бизнес.  Ивгъуыд аз райстам закъон уӕлбар кредиттӕ радтыны фӕдыл, фӕлӕ уый у аразинаджы иу мур. Уырдӕм бацыд бюджеты ӕрмӕстдӕр 2%.  Мах фидарӕй лӕудзыстӕм, цӕмӕй уый схизын кӕнӕм 10 % онг,  лӕвӕрд цӕуа хисӕрмагонд бизнесӕн. Æрмӕст ацы мадзӕлттӕй  ракӕндзыстӕм республикӕ ӕндӕр ӕмвӕзадмӕ ӕмӕ фӕхуыздӕр кӕндзыстӕм адӕмы цард. Товартӕ фӕсарӕнтӕм аласыны рӕстӕджы кӕд цӕлхдуртӕ фӕзыны, уӕддӕр нын ис тынг хорз ӕхсӕнадӕмон бадзырдтӕ, ноджы сӕ ис баххӕстгӕнӕн, бӕрнон ахастимӕ ацы фарст алыг кӕнынмӕ куы бацӕуӕм, уӕд. Хъыгагӕн ӕй нырма нӕ хицауад нӕ аскъуыддзаг кодта, фӕлӕ йыл кусдзыстӕм ӕвдӕм ӕрсидты Парламенты.

Æхсӕнады иууыл активондӕр ӕмӕ фӕстиуӕгджындӕр сты 30-40 азы кары адӕм, уыдон та махмӕ сты хӕсты  фӕлтӕр, сӕ фылдӕр  хӕцынӕй дарддӕр ницы сахуыр сты, сӕ цард, сӕ  уавӕр сӕ скодта ахӕм. Паддзахад хӕсджын у уыдонӕн баххуыс кӕнын сабыр царды сӕхи ссарынӕн. Хъӕуы сӕндидзын кӕнын  чысыл бизнестӕ, хъӕууон хӕдзарады фадыг, чысыл цехтӕ ӕрбакӕнын.  Чысыл бизнес хъуамӕ бацахса экономикӕйы 80 %. Ныр та адӕмӕн къахыл слӕууыны фадат нӕ дӕттынц, ӕрмӕст сын чысыл ӕххуыстӕй сӕ зӕрдӕтӕ ӕлхӕнынц,  кӕмӕн хӕдзары агъуыст ивынц, кӕмӕн фӕрӕзтӕ авӕрынц, уый ӕхсӕнады размӕцыдмӕ нӕ кӕны.

 Ноджы ма иу фарст, кӕцы хъуамӕ уа нӕ хъусдарды бын ӕвдӕм ӕрсидты Парламенты, уый у кредитон ставкӕ 16% бынмӕ ӕркӕнын. Ныридӕгӕн банчы политикӕ у  афтӕ ӕмӕ ӕлвасынц мӕгуыр адӕймагӕн йӕ фӕстаг муртӕ. Мах тох кӕндзыстӕм, цӕмӕй банг йӕ ставкæ ӕрӕппара 8 %, уымӕн саразӕн ис, уыдон сты паддзахады фӕрӕзтӕ. Хуссар Иры иу бинонтӕ дӕр не ссардзынӕ, кӕцы нӕу кредитон бӕрнӕй баст. Ацы  16 % бӕсты йе ‘мбис цӕмӕннӕ у, уымӕн мын йӕ бон сдзуапп кӕнын не ссис банчы разамынадӕн дӕр. Уыимӕ иумӕ сӕхицӕй буц сты, кӕй ӕрӕмбырд кодтой стыр фӕрӕзтӕ, фӕлӕ уыдон  мӕгуыр адӕмӕй кӕй ралвӕстой, уымӕй нӕ къӕмдзӕстыг кӕнынц.  Сӕйраг къазнӕ  растыр кӕнын нӕу, фӕлӕ адӕмы царды уавӕртӕ ӕмӕ гъӕд фӕхуыздӕр кӕнын у. Махмӕ стыр хъалонтӕ цы амалиуӕггæнджытæ фидынц, ахӕмтӕ, хъыгагӕн, нӕй, мӕгуыр адӕмӕй цы хъалонтӕ ӕмӕ фиддонтӕ ӕмбырд  цӕуынц, уыдон та сӕрыстыры аккаг не сты.

Фиддонты кодексы ма мах раразмӕ кӕндзыстӕм фӕцӕрыны минимумӕй мӕгуыраудӕр уавӕрты чи цӕры, уыдонӕн фиддонтӕ айсын – зӕгъӕм, 10 миныл чи кусы, уыдон ссӕрибар кӕнын 13 %  фиддонӕй ӕмӕ 30 минӕй уӕлӕмӕ чи исы, уымӕн та йӕ 15% скӕнын.

Афтӕмӕй ӕфтиагон хай дӕр нӕ фӕцуддзӕн ӕмӕ адӕмы царды ӕмвӕзад дӕр кӕрӕдзимӕ ӕрӕмных уыдзӕн.

 – Хуссар Иры раздӕрау ахсджиаг у цӕрӕнуатон фарст, ӕнӕаргъӕй фатерты уарын адӕмы кӕрӕдзийӕн сызнаг кодта, афтӕмӕй та бирӕтӕ цӕрынц ӕххуырст хӕдзӕртты ӕмӕ бӕллынц ипотекӕйы фӕзындмӕ, Адӕмон парти ацы фарсты скъуыддзаг куыд уыны?

Ацы системæмӕ гӕсгӕ цӕрӕнуаты уаргӕйӕ,  мах никуы алыг кӕндзыстӕм фарст.  Мах нымайӕм – ӕнӕаргъӕй хъуамӕ исой ӕрмӕст стӕм категоритӕ, кӕцытӕ цӕрынц  уӕззау уавӕрты, сӕ нымӕцы фыццаг къорды инвалидтӕ, сидзӕр сывӕллӕттӕ. Иннӕ адӕмӕн та хъӕуы саразын хорз уавӕртимӕ ипотекӕ. Хорз фӕлтӕрддзинад ис Беларусӕн. Сӕ бӕстӕйы партитимӕ нын  ис хорз ахастытӕ ӕмӕ уыдоны фӕлтӕрддзинад фӕнд кодтам ныббиноныг кӕнын Хуссар Иры дӕр.  Ацы фарсты фӕдыл ныхас кодтон экс-президентимӕ, фӕхӕццӕ йӕм кодтон нӕ беларусаг коллегæты закъӕттӕ, фӕлӕ махмӕ царды биноныг не ‘рцыдысты. Адӕмон парти ӕвдӕм ӕрсидты парламенты ацы фарст раразмӕ кӕндзӕн фыццӕгтӕй иу.

     Адӕмон  партийы пресс-службӕ

Депутаттӕм кандидаттӕ «Адӕмон партии»-йӕ

ПЛИТЫ АЛЕКСАНДР МИХАИЛЫ ФЫРТ

ДЯКОНТЫ АМИРАН ЕВГЕНЫ ФЫРТ

МЕДОЙТЫ ДЗАМБУЛАТ РОСТИКЫ ФЫРТ

ОСТЪАЫТЫ РОБЕРТ ГЕОРГИЙЫ ФЫРТ

ПЛИТЫ ВИОЛЕТТÆ ГЕОРГИЙЫ ЧЫЗГ

ХАРЕБАТЫ СЕРГЕЙ ВЛАДИМИРЫ ФЫРТ

ГÆБÆРАТЫ АЛАН ЗАУЫРБЕДЖЫ ФЫРТ

ДЖИГОЛАТЫ РОМАН НИКЪАЛАЙЫ ФЫРТ

 МÆРГЪИТЫ СОСЛАН ИВАНЫ ФЫРТ

ЦХУЫРБАТЫ АЛАН ГАЙОЗЫ ФЫРТ

ДУДАЙТЫ ТАМЕРЛАН ЗУРАБЫ ФЫРТ

ДЖИОТЫ ИГОРЬ ÆХСАРЫ ФЫРТ

ДЗИЦЦОЙТЫ ГЕОРГИ АЛАНЫ ФЫРТ

БЯЗЫРТЫ АСЛАНБЕГ ХЕТÆДЖЫ ФЫРТ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.