РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг» радта зынгæ хуссарирыстойнаг нывгæнæг Багаты Федмарæн æмæ йын раарфæ кодта йæ 70 азы юбилейы сæраппонд.

Барамындмæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæг ахæм стыр номы аккаг нывгæнæджы скодта хуызфыссынады аивады къабазы йе стыр лæггæдты æмæ йæ бирæазон сфæлдыстадон архайды тыххæй.

«Мæнæн тынг æхсызгон у дæуæн дæ юбилейы сæраппонд раарфæ кæнын. Ды бирæ сарæзтай нæ республикæйæн йæ зын азты райдианæй фæстæмæ æмæ абон дæр дæ нæ аивады раззагдæр рæнхъыты. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн дын дæ куыст ма банысан кодтаиккам, уый нæ бон нæ уыд», – загъта Бибылты Анатоли нывгæнæгимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Йæ рады Багаты Федмар дæр бузныг загъта Президентæн стыр хорзæхы тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.