Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахиз æрвылаз дæр нысан цæуы цытджын æгъдауæй. Уыцы тугуарæн тохты хайадисæг хæстонты мысæн символ Æнусон арты раз Хъайтарты Аллеяйы æрвылаз дæр республикæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады минæвæрттæ æрæмысынц Фыдыбæстæйон хæсты нæ æнусон хъæбатыр хæстонты нæмттæ — чи сæмбæлд йæ уæзæгыл, Уæлахиз чи нал æрæййæфта, тохы быдыры æбæрæг сæфт чи фесты, уыдоны рухс нæмттæ.

Цытджын караул Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй Æнусон арты размæ бахастой Кады æмæ Мысæн гирляндæ.

Мадзалы хайад истой Республикæйы Хицауад æмæ Парламенты сæрдæрттæ Хъуылымбегты Доменти æмæ Бибылты Анатоли; министрадтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ æмæ минæвæрттæ; Уæрæсейы Федерацийы минæварад Хуссар Ирыстоны æмæ ацы бæрæгбоны хъайтартæ — нæ буц ветерантæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг Тедеты Залинæ митинджы æрдзырдта сабырады æгæрон аргъыл:

«Мах райæм сабыр цардыл, архайæм фæрныгадыл, æндидзынадыл хъомыл кæнæм нæ фидæны фæлтæртыл. Уыдон æппæтдæр нæ къухты æфтынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизы руаджы. Уæлахиз — уыцы ныхас дзурын нын адджын у, уадз æмæ æнусон уæд хæсты хъайтарты рухс ном, уæлахизы салдатты ном.

Нæ сæрæй ныллæг кувæм æппæт ветерантæн, уымæн æмæ нын уыдон æрхастой Стыр Уæлахиз. Уыдонæн сæ уæлахизы фæндаг тугæй æмæ хидæй æхсад у. Уæлахизы салдаттæ Рейхстаджы сæрмæ ныффыстой дыууæ уырыссаг ныхасы „Мах рамбылдтам“.

Уæлахизы фæндæгтæ вазыгджын æмæ уæззау уыдысты — адæймагад æмæ фыдыбæстæйы хъыхъхъаг знæгты ныддæрæн кæныны Сырх Æфсад фенын кодта Райгуырæн бæстæмæ æгæрон æнувыддзинад æмæ хъæбатырдзинады дæнцæгтæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст нын радта карз уроктæ — уæлахизы уроктæ — уыдон алы фæлтæртæ дæр хъуамæ ахуыр кæной. Уæлахизы сæйраг уроктæй иу у — цы у хъайтардзинад, Фыдыбæстæ уарзын цы у, сгуыхтдзинад цы у? — ацы фарстытæн дзуапп.

Ам теоритæ æмæ фæткойтæ аразын нæ хъæуы, фæлæ бакæсын хъæуы нæ буц ветерантæм, уыдон фæлгондзтæ сты ацы фарстытæн дзуаппытæ.

Уæлахизы салдатты сгуыхтдзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинæдтæ махæн æххуыс кæндзысты нæ паддзахады нæ тыхтæ дæс хатты фылдæр кæнгæйæ.

Ныртæккæ кады обелискы размæ цæуынц дидинджытимæ милуангай адæймæгтæ, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой ветеранты ном. Æнусон арт ссис хæсты хъайтарты кад, намыс æмæ æхсардзинады символ».

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты арфæйаг фæлтæры номæй йæхи фыст æмдзæвгæтæ нæ буц ветеранты хъæбатырдзинады тыххæй бакаст РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Пухаты Къоста.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.