Нæ республикæйы æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объектты арæзтадты æмрæнхъ сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы цæрæнуаты арæзтадмæ дæр. Фаг у зæгъынæн уый дæр, æмæ ацы аз Хъайтарты уынджы кæрон ногарæзт цæрæн корпусты хæрзарæзт фатерты хицæуттæ кæй баисты бирæтæ. Кæронмæ арæзт фæфæуынц Гуыбаты æфсымæрты уынджы дыууæ цæрæн корпусы дæр.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей нын куыд радзырдта, афтæмæй 2022 азмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ ноджыдæр райсдзысты 700 ног фатеры.

2020-2022 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты Цхинвалы ноджыдæр арæзт æрцæудзæн дыууæ цæрæн комплексы, кæцыты уыдзæн æхсæз 75 фатерон хæдзары, цыппар 18 фатерон хæдзары та – республикæйы районты. Ацы хæдзæртты арæзтадæн Инвестпрограммæйæ рахицæн æрцыд 1,5 миллиард сомы. Ацы азы кæронмæ Гуыбаты æфсымæрты уынджы арæзтцæуæг хæдзæрттæй дарддæр ма дыууæ 18 фатерон хæдзары лæвæрд æрцæудзысты эксплуатацимæ.

Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ Хуссар Ирыстоны хицæн категориты æмбæстæгты цæрæнуатæй ифтонг кæныны концепцимæ гæсгæ 2022 азмæ æдæппæт арæзт æрцæудзæн 70 мин квадратон метрæй фылдæр ног цæрæнуат.

Хуссар Ирыстоны хицæн категориты æмбæстæгтæн социалон цæрæнуат дих кæныны фæдыл, республикон къамисы зонæнтæм гæсгæ цæрæнуат райсынмæ рады лæууынц 1800 бинонтæ, кæцытæй 950 сты фыццаг номхыгъды, иумæйаг фæткмæ гæсгæ чи хъуамæ райсой, ахæмтæ.

Æдæппæт номхыгъд дих æрцыдис 16 категорийыл, кæцытæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты цæрæнуат хынцын æмæ дæттыны къабазы цæрæнуатон политикæйы тыххæй» закъонмæ гæсгæ æнæ радæй сæ бон у цæрæнуат райсын ахæм категорийæн: «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты инвалидтæ, хæсты хайадисджытæ æмæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыцы фæмардуæвджыты бинонтæ», – «Паддзахадон уагдæтты чи сты, уыцы сидзæр сывæллæттæ», – «Фæ-цæфуæвыны фæстиуæгæн чи фæмард, кæнæ æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны бинонтæ», – «1989 азæй 2008 азмæйы рæстæджы гуырдзыйы агрессийы РХИ-йы Хъахъхъæныны фæдыл хæстон архайдтыты хайадисджытæ», – «1989 азæй 2008 азты рæстæджы гуырдзыйы агрессийæ РХИ-йы Хъахъхъæныны фæдыл хæстон архайдтыты хайадисгæйæ фæцæфуæвыны кæнæ хæстон травмæйы фæдыл инвалидтæ чи систы, ахæм адæймæгтæ», – «Орден «Уацамонгæ»-йы кавалерты номхыгъд.

Рады чи лæууынц, уыдоны иумæйаг номхыгъдæй 105 бинонтæн цæрæнуат лæвæрд æрцыд нæ горæты Хъайтарты уынджы ног цæрæн комплексы.

Раздæр, 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты Хъайтарты уынджы арæзт æрцыд 200 фатер кæм уыд, ахæм ног цæрæн комплекс, кæцыйæн йæ иумæйаг фæзуат у 20,7 мин квадратон метры æмæ йыл бахардз 506 милуан сомы.

2017 азы æртæазон Инвестицион программæ реализаци кæнынæн уæрæсейаг бюджетæй рахицæн æрцыд 9,1 миллиард сомы. Уыдонæй 1 миллиард сомы бæрц уыдысты цæрæнуат сæндидзын кæнын æмæ арæзтады программæ реализаци кæнынæн, 4,5 миллиард сомы та Уæрæсе рахицæн кодта 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйæн, уыдонæй цæрæнуат сæндидзын кæнын æмæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 1,1 миллиард сомы.

Уымæй дарддæр ма адæмы цæрæнуат фæхуыздæр кæныныл куыст цæуы районты дæр. Знауыры райцентры арæзт цæуы æртæуæладзыгон цæрæн хæдзар. Уый уыдзæн нырыккон хæрзарæзт 18 фатерон хæдзар. Алы фатеры дæр уыдзæнис фынæйгæнæн, къæбиц, хинайæн æмæ æндæр ахæмтæ. Алы уæладзыджы бæрзæнд дæр у 3 метры. Йæ кæрт уыдзæн асфальт, æвæрд дзы уыдзысты бордюртæ, уыдзæнис дзы тротуартæ, декоративон плиткæйæ чысыл фæзуæттæ. Рыг æмæ хъæлæба фæкъаддæр кæныны нысанæн кæрты сагъд æрцæудзысты бæлæстæ æмæ къутæртæ, уыдзæн дзы газон.

Хæдзар аразы хуссарирыстойнаг фирмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Шанс». Фирмæйы генералон директор Козаты Игоры ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ объекты куыст цæуы фыццаг уæладзыджы астæрд æмбæрзыныл. Æввахс бонты кусджытæ æрæвналдзысты фыццаг уæладзыджы къултæ амайынмæ.

Объекты ныртæккæ кусынц 15 адæймаджы æмæ техникæйы æртæ иуæджы. Хæдзары арæзтады иумæйаг сметæйон аргъ у 65 милуан сомы. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы азы кæронмæ. Нæй сын проблемæ финанскæнынады æмæ æрмæджытæй ифтонг кæныны, фæлæ Игорь куыд загъта, афтæмæй сæм проектон документаци æрбацыд бафæстиатимæ. Фæлæ ныр куыстытæ цæуынц фæтыхджындæр режимимæ.

«Сфидаргонд æмгъуыдмæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ фæуой 13 мæйы дæргъы, фæлæ нæ арæзтадон компанийы раз хæс æвæрд æрцыд, цæмæй уыдон фæуой азы кæронмæ æмæ цæрджытæ сæ фатерты æрцæрой ног азмæ. Æппæт тыхтæй дæр бацархайдзыстæм, цæмæй нæ хæс сæххæст кæнæм», – загъта Козаты Игорь.

Уæдæ дарддæр дæр нæ республикæйы цæрджытæ ифтонг цæудзысты цæрæнуатæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.