ОРЧЪОСАНÆЙ РАЦÆУГÆ АМЕРИКÆЙАГ

1906 аз. Туаты Дауыт лæууыд денджызы былгæрон æмæ йæ цæстæнгас дардыл хаста. Цыппæрдæсаздзыд орчъосайнаг лæппу йæ бæллицты уыдта æнæзонгæ бæстæтæ, фæлвæрдта, уым – денджызæн иннæ фарс æм цы æнхъæлмæ кæсы, уый рафæлгъауын.

1906 азы уалдзæджы Дауыт Хуссар Ирыстонæй ацыд Бакумæ. Бакуйаг Джугашвилитæ (Дзугатæ) йæ райстой куыд хион, афтæ. Уæлдай райзæрдæйæ йыл сæмбæлд йæ дыккаг хæдзæртты чызг Маруса. Æхсæвыгæтты-иу бинонтæ тыргъы æрæвæрдтой «цайфыцæн», Маруса-иу æрбадт роялы фарсмæ æмæ-иу Шопены вальсы музыкæйы зæлтæ ленк кодтой рагон бакуйаг кварталтыл. Дауыт цай цымгæйæ дзуаппытæ лæвæрдта алыгъуызон фарстатæн æмæ йæ йæ хъуыдытæ хастой æнæзонгæ дард бæстæтæм.

Хуымæтæджы хъæууон лæппуйы цы цырын кодта дард æнæзонгæ бæстæмæ, уымæн йæхицæн дæр йæ бон нæ уыд дзуапп радтын. Æрмæст-иу дард балцыл хъуыды кæнгæйæ дæр йæ зæрдæ йæхи риуы къултыл хойын райдыдта. Æвæццæгæн, зыдта, æнахуыр цыдæр æм кæй æнхъæлмæ каст æмæ уый дæр сæрныллæгæй  йæ хъысмæты размæ цыд.

1906 азы сæрды бакуйаг лæппу Вартан (афтæ хуынди йæ ног æмбал) æмæ орчъосайнаг Дауыт сбадтысты науыл æмæ араст сты сæ æбæрæг фидæнмæ.  Кæй зæгъын æй хъæуы, билетты æхца сæм нæ уыд, фæлæ сын уыд зонгæ Федор – науы медицинон лæггæдты кусæг æмæ хилдасæг. Æнæаргъæй ацæуын æмæ хойраджы тыххæй лæппутæ сразы сты алыгъуызон  куыстытæ кæныныл.

Лæппутæ фыццаг цы бæстæйы æрлæууыдысты, уый уыд Китай. Цалдæр азы фæстæ Дауытæн бантыст Америкæмæ ацæуын. Вартаныл йæ мысинæгтæ уыйадыл аскъуысты. Дауыт æрбынат кодта Калифорнийы. Бирæ азты дæргъы уый йæхицæн агуырдта цардæмбал. Кæд æмæ йæ бæллиц уыд ирон чызг ракурын, уæддæр йæ фæнд нæ сæххæст. Цыппор азы йыл куы сæххæст, уæд усагæн æркодта горæт Саратовæй рацæугæ уырыссаг рæсугъд чызг Наташæйы.

Дауыт куыстуарзаг лæппу кæй уыд, уымæ гæсгæ йæм цард дæр йæ мидбылты худт, ссис зынгæ æмæ хъæздыг фермер. Уый тынг арæх фыста фыстæджытæ йæ хæстæджытæм горæт Цхинвал æмæ Орчъосаны хъæумæ. Нæ рох кодта Тбилисы йæ дыккаг хæдзæртты чызг Маруса æмæ иннæ хоты дæр. Зыдта авд æвзаджы, фæлæ-иу Хуссар Ирыстонмæ йæ фыстæджытæ кæддæриддæр фыста мадæлон ирон æвзагыл.

1960 азы Дауыт æрцыд йæ райгуырæн хъæу Орчъосанмæ. Бабæрæг кодта йæ тбилисаг хæстæджыты дæр. Йæ хæрæфырт æмæ æмном Дриаты Дауыт æй хуыдта уазæгуаты Цхинвалмæ дæр, фæлæ йын нæ радтой Цхинвалмæ æрцæуыны бар.

Æрбацыдысты цавæрдæр карз лæгтæ, федтой Дриаты хæдзар æмæ аскъуыддзаг кодтой америкæйаг Дауытæн кæй нæй равдисæн, советон адæм цы уавæрты цæрынц, уый. Дриаты бинонтæ уыцы рæстæджы рацыдысты цæрынмæ Орчъосаны хъæуæй горæтмæ æмæ уæд арæзтой сæ цхивайлаг хисæрмагонд хæдзары дыккаг уæладзыг. Карз чиновниктæ цы ныв федтой уый зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ та Туаты Дауытæн Цхинвалмæ йæ фæндаг сæхгæдтой.

1974 азы уый ногæй æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ. Цхинвалæй æрцыдысты иннæ хæстæджытæ дæр. Сæ фембæлд уыд хъæлдзæг. Америкæйæ æрхаста бирæ лæвæрттæ,  сылгоймæгтæн байуæрста кæлмæрзæнтæ, чызджытæ та цин кодтой сæ аив кофтæтыл. Ацы æрцыды рæстæджы Дауыт арæх цыд йæ хæстæджытæм, æгæрыстæмæй фынæй дæр нæ кодта, æхсæвыгæтты-иу бадт тыргъы æмæ-иу йе ‘мхъæуккæгтимæ ныхас кодта, раст цыма семæ ныхас кæнынæй бафсæдынмæ хъавыд, æмæ уыцы æнкъарæнтæ йемæ ахастаит дард  америкæмæ. Дауыт сарæзта æмбонд йæ ныййарджыты ингæныл. Радон хатт та уæлмæрдмæ бацæугæйæ, уый йæ къухты кæлмæрзæны армыдзаг сыджыт батыхта æмæ йæ пиджакы дзыппы ны-вæрдта. Æрлæууыд йæ цæуыны бон дæр. Хæстæджытæ æмæ зонгæтæн хъæбыстæ кодта, æнæдзургæйæ куыдта. Йемæ иумæ куыдтой иннæтæ дæр, цыма йæ зыдтой уый сæ фæстаг фембæлд кæй у.

Йæ ацыды размæ уый бахатыд хæстæджытæм, цæмæй йын йемæ рауагътаиккой йе ‘фсымæры чызджытæй сæ иуы. Ныфс сын бавæрдта, иу азы фæстæ кæй æрцæудзæн æмæ йæ йемæ кæй акæндзæн Америкæмæ, загъта, зæгъгæ йыл хи фыдау ауддзæн æмæ йын хорз ахуырад райсын кæндзæн. Хъыгагæн, йæхицæн нæ бантыст фыд суæвын, кæд æй тынг фæндыд, уæддæр. Туаты Лизæ, Дауыты хæрз хо, йæ сывæллæттæм бакаст æмæ ныккуыдта, йæ фынты дæр уый æнхъæл никуы уыд æмæ йæ сы-вæллæттæй искæцыйы дард Америкæмæ арвита. Кæй зæгъын æй хъæуы, Дауытæн йæ сывæллоны ничи радта.

Цасдæр рæстæджы фæстæ Бакуйæ горæт Цхинвалмæ ралыгъдысты Марусайы бинонтæ дæр. Уæд Маруса йæхæдæг сфæнд кодта Дауытмæ Америкæмæ ацæуын. Уый тыххæй райдыдта англисаг æвзаг ахуыр кæнын дæр. Фæлæ йын нæ бантыст дард балцы ацæуын.

Цалдæр азы фæстæ Маруса базыдта Дауытæй фыстæджытæ цæмæннæуал цыдис, уый. Дауыт бирæ рæстæджы фæцардис æцæгæлон бæстæйы, фæлæ йæ царды фæстаг бонтæм райгуырæн бæстæйы фæлгонц йæ зæрдæйæ никуы фæхицæн. Марусайæн бантыст Наташæимæ бастдзинад ссарын, кæцы йæм Америкæйæ йæ фæстаг фыстæджы фæбæрæг кодта Дауыты амæлæты тыххæй. Наташæ йын йæ ингæныл байзæрста, кæддæр Ленингоры районы Орчъосаны хъæуæй цы армыдзаг сыджыт æрхаста, уый. Уый уыд йæ фæстаг фæдзæхст йæ амæлæты размæ.

Марусайæн царды йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг нæ ацыдысты, фæлæ уый хицæн истори у. 70 аздзыдæй Бакуйæ Цхинвалмæ æрцæуыны фæстæ уый йæхиуæттæн ногæй ссис сæхи Маруса, кæцы кодта æнахуыр хæрзад хæбизджынтæ…

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта Кокайты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.