Спорты тых æмæ ахадындзинад егъау у, уый йæ алыварс æрбамбырд кæны дзæвгар æмбæс-тæгты сæ кар æмæ адæмыхаттмæ æнæкæсгæйæ æмæ сæ тыхтæ февзарынц æндæр æмæ æндæр хуызтæй, æрбангом сæ кæны кæрæдзимæ æмæ сын уыцы ерыстæ, турниртæ æмæ чемпионаттæ свæййынц бæрæгбоны хуызæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы ерыстæ спортсменты къухты æнцонтæй нæ бафтынц, ууыл æппынæдзух фæхъæуы тох кæнын. Æхсызгон вæййы куыд спортсменæн йæхицæн, афтæ сæ табугæнджытæн дæр, уæлахиз карз тохты фæстæ сæ къухты кæй бафты. Мæнмæ гæсгæ, æхсызгон у зæрдæйæн, ив-гъуыд азты спорты фæстиуджытыл цæст ахæссын, спортсментæн се ‘нтыстытыл бацин кæнын æмæ уыдонимæ æндæрты дæр ногæй базонгæ кæнын. Цæвиттон, 1962 азы цы спортивон ерыстæ ауагъдæуыд, уым хайад истой ирон спортсментæ дæр æмæ сæ къухты æфтыд хорз фæстиуджытæ.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ   

22-25 сентябры Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Орджоникидзейы (Дзæуджыхъæу) уагъд цыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй ССР Цæдисы иуæгон ерыстæ рогдæр, рог, астæуккаг æмæ уæззау уæзы богалтты ‘хсæн. Ам сæйраг тæрхонгæнæг уыд Æппæтцæдисон категорийы тæрхонгæнæг Дзгойты А. Æрдæгрог уæзы спортсменты ‘хсæн æртыккаг бынат бацахста бархи спортивон æхсæнад «Фæллой»-йæ Мӕрзойты Д., æрдæгастæуккаг уæзы фыццаг бынат фæци Бекмырзаты М.-йы æмæ рог уæзы та фыццаг бынатмæ рахызт Тедеты Елхъан, уый хæцыд Ташкенты бархи спортивон æхсæнад «Динамо»-йæн. 63-70 кг уæзы категорийы Мæскуыйæ Советон Æфсадæй дыккаг бынат бацахста Бестауты Алымбег æмæ æртыккаг бынатмæ та рахызт Дзæуджыхъæуæй Советон Æфсады богал  Гуссаты Ю. Уыцы аз 4-5 июлы Бакойы уагъд цыдысты ССР Цæдисы фыццаг бынат бацахсыны тыххæй зоналон æвзарæн ерыстæ. Уым бархи спортивон æхсæнад «Буревестник»-ы минæвæрттæ Гасанты А. æмæ Гасанты Ф., æрдæгастæуккаг уæзы бацахстой дыккаг æмæ æртыккаг призон бынæттæ.  Дзæуджыхъæуы бархи спортивон æхсæнад «Тыллæг»-ы рогдæр уæзы богал Коцты М., уыд æртыккаг, æмæ рог уæзы Советон Æфсады хъæбысæйхæцæг Бестауты Алымбег та уыд 3-аг бынаты.  Уыцы аз Дзæуджыхъæуы дæр цыдысты ерыстæ Æппæтцæдисон категорийы тæрхонгæнæг Дзгойты А.-йы разамындæй æмæ дзы æдæппæт хайад райстой 54 богалы. Æрдæгрог уæзы Мæрзойты Д. бацахста фыццаг бынат (Дзæуджыхъæуы «Тыллæг»-ы хъæбысæйхæцæг), Джиоты Л. уыд дыккаг бынаты ( Дзæуджыхъæуы «Динамо»)-йæ æмæ æртыккаг бынатмæ та рахызт Уæлыгæсты С. (Бархи спортивон æхсæнад «Буревестник»-æй). Рог уæзы фыццаг уыд Гуссаты Ю. (Бархи спортивон æхсæнад «Фæллой»-ы минæвар, Дзæуджыхъæу) æмæ æртыккаг бынат та рамбылдта Дзæуджы-хъæуы бархи спортивон æхсæнад «Динамо»-йы богал Коцты Х. Æрдæгастæуккаг уæзы фыццаг бы-натмæ рахызт Гаджиты М., æр-дæгуæззау уæзы уæлахиздзау сси бархи спортивон æхсæнад «Спартак»-ы хъæбысæйхæцæг Дзæуджыхъæуæй Хъуылаты Б., дыккаг уыд ацы горæтæй Советон Æфсады богал Андиаты Г., æмæ æртыккаг та Чысиаты Р. Уæззау уæзы фыццаг бынат никæмæн ауагъта Дзæуджыхъæуы бархи спортивон æхсæнад «Спартак»-ы богал Дзарасаты С.

Ахæм зоналон ерыстæ уагъд цыдысты Алма-Атайы дæр æмæ дзы сæ тыхтæ æвзæрстой 58 богалы. Æрдæгастæуккаг уæзы бархи спортивон æхсæнад «Колмеурне»-йы ирон хъæбысæйхæцæг Цхуырбаты А. бацахста дыккаг бынат æмæ рогдæр уæзы та Тедеты Е.,( Бархи спортивон æхсæнад «Динамо»-йы богал Ташкентæй) уыд дыккаг бынаты. Уыцы аз 5-8 апрелы Минскы цыдысты иуæгон-командон Æппæтцæдисон ерыстæ фæсивæды ‘хсæн. Ам рог уæзы дыккаг бынат бацахста Дзæуджыхъæуы бархи спортивон æхсæнад «Фæллой»-ы минæвар Гуссаты Ю, æрдæгастæуккаг уæзы дæр дыккаг бынатмæ рахызт Калоты Ф.( Бархи спортивон «Спартак»-ы минæвар). Æрдæгуæззау уæзы дыккаг уыд Зæгъойты З. æмæ æртыккаг бынат та фæци бархи спортивон æхсæнад «Динамо»-йы минæвар Дзæу-джыхъæуæй Андиаты Г. 23-26 августы Днепродзержинскы та цыдысты Æппæтцæдисон иуæгонкомандон ерыстæ. Уым иуыл рогдæр уæзы дзæуджыхъæуккаг Къазахты В. сси уæлахиздзау, æрдæгрог уæзы æртыккаг уыд Дзæуджыхъæуæй «Тыллæг»-ы минæвар Хæблиаты У., рог уæзы Тбилисы «Гантиади»-йæ дыккаг бынатмæ рахызт Болататы И. æмæ æрдæгастæуккаг уæзы дæр дыккаг уыд Дзæуджыхъæуы минæвар Годзиаты В.  æртыккаг бынаты баззад бархи спортивон æхсæ-над «Спартак»-ы богал Лалыты Л. Æрдæгуæззау уæзы фыццаг уыд Дзæуджыхъæуы бархи спортивон æхсæнад «Буревестник»-ы хъæбысæйхæцæг Рæмонты М.

СТУДЕНТТЫ 3-АГ СÆРДЫГОН ÆППÆТЦÆДИСОН ХЪÆЗТЫТÆ

Уыдон уагъд цыдысты 25-27 июлы Тбилисы æмæ дзы хайад райстой гуманитарон æмæ техникон уæлдæр ахуыргæнæндæттæй 160 богалы æмæ физикон культурæйы институттæй та  80 хъæбысæйхæцæджы. Командæты хсæн дыккаг бынат бацахста Дзæуджыхъæуы педагогон институт. Хицæнтæй сисгæйæ та иууыл рогдæр уæзы Чысиаты Ю. хъахъхъæдта Дзæуджыхъæуы пединституты кад æмæ бацахста фыццаг бынат. Æрдæгрог уæзы Ирыстоны горæты хъæууон-хæдзарадон институты богал Битеты И. сси уæлахиздзау æмæ Дзæу-джыхъæуы пединституты студент Уæлыгæсты С. та æрдæгрог уæзы спортсменты ‘хсæн уыд дыккаг бынаты. Рог уæзы спортсменты ‘хсæн Дзæуджыхъæуы хъæууон-хæдзарадон институты студент Харебаты Л. уыд дыккаг бынаты, дыккаг бынат ма бацахста Ирыстоны минæвар, пединституты студент, астæуккаг уæзы хъæбысæйхæцæг Рæмонты М. дæр.

ДУНЕЙЫ ФЫЦЦАГ БЫНАТ БАЦАХСЫНЫ ТЫХХÆЙ ЕРЫСТÆ

Уыдон уагъд цыдысты Америкæйы Иугонд Штатты, горæт Толедойы 21-23 июны æмæ дзы хайад райстой 24 бæстæйæ 108 богалы Фыццаг бынат бацахста ССР Цæдисы командæ, æрæмбырд кодта 29 очкойы. Ацы ерысты хорз æнтыст уыд ирон богал Бекмæрзаты М.-йæн дæр.

ÆХСÆНАДОН ТУРНИР ТБИЛИСЫ ПРИЗЫЛ

Уый ауагъдæуыд 13-15 апрелы æмæ дзы сæ тыхтæ фæлвæрдтой Финлянди, Польшæ, Кубæ æмæ ССР Цæдисы командæтæ,  æдæппæт 41 богалы. Æрдæгастæуккаг уæзы дыккаг бынатмæ рахызт Бекмæрзаты М. æмæ æртыккаг призон  бынат та рамбылдта Цхуырбаты Андрей. Рог уæзы Цæдисæй чемпион сси Бериашвили æмæ æртыккаг бынат та бацахста Коцты Х.

ССР Цæдис æмæ Ираны уæгъдибар хъæбысæйхæцджытæн уыд фембæлдтытæ æхсæнадæмон матчты. Сæ фыццаг фембæлд уыд 9 марты Тегераны горæты æмæ дзы тох кодтой аст уæзы категорийы хъæбысæйхæцджытæ. Цæдисы командæ уыд тыхджындæр æмæ йæ рамбылдта 5,5 : 2,5 хыгъдæй Æрдæгастæуккаг уæзы богал Бекмæрзаты М. фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæг Моезипур М.-йыл æмæ Хъуылаты Б.-йæн та йæ тох Киани А.-имæ ахицæн æмдыхæй.

Уыдон уыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богалты æнтыстытæ 1962 азы. Хъæбысхæсты иннæ хуызтимæ уæ базонгæ кæндзыстæм нæ газеты æндæр номыры.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.