Хуссар Ирыстоны скъоладзауты егъау къорд ацыд Абхазмæ æфсæддон патриотон сбортæм «Азбука безопасности выживания – 2017», зæгъгæ.

Æфсæддон-патриотон сбортæ уагъд цæудзысты Хуссар æфсæддон зылды уæрæсейаг æфсæддон базæйы Абхазы 15-29 августы.

Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады хъомылад æмæ уæлæмхас ахуырады хайады хистæр Джиоты Эльзæ куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйæ Абхазмæ ацыдысты 70 ахуырдзауæй.

«Къордмæ бацыдысты 64 сывæллоны æмæ 6 хистæр кары адæймаджы. Сывæллæттимæ ма абалц сты Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ, дохтыртæ, афтæ ма кадетон скъолайы хъомылгæнæг», – банысан кодта уый.

Джиоты чызг куыд загъта, афтæмæй æфсæддон-патриотон сборты хайад райсынмæ развæлгъау хуынды гæххæтт æрбацыд Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы номыл Чырыстон хæрзаудæн фонд «Хочу верить»-ы хистæр Юлия Павлоченкойæ.

Джиоты чызг банысан кодта, зæгъгæ, уый фæстæ хуынды гæххæтт æрвыст æрцыд Хъахъхъæнынады æмæ Ахуырад æмæ зонады министрадтæм.

«Мадзалы организатортæм цы сæйраг домæн ис, уый у физикон æмæ моралон æгъдауæй дæр фæразон уæвын, – загъта Джиоты чызг. – Сабитæй æвзæрстой, фидæны йæ хъысмæт æфсæддон службæимæ сбæттинаг чи у, ахæмты».

Уымæй дарддæр ма, Джиоты чызджы ныхæстæм гæсгæ, лагеры хайадисджытæ систы æнæххæст, бирæсывæллонджын æмæ æвæрæз бинонты сы-вæллæттæ.

Уыдонæй иу – Хацырты Мария, гимназ «Альбион»-ы 10-æм къласы ахуырдзау, радзырдта ацы балцæй цы æнхъæл у, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  Абхазмæ се ‘ппæт дæр цæуынц хорз зæрдæйы уагимæ.

«Æз, немæ чи цæуы, уыцы фæсивæдæй бирæты зонын, фæлæ ма ноджы хæстæгдæр базонгæ уыдзыстæм. Ныфс мæ ис, уыцы ран ног æмбæлттæ кæй ссардзынæн, базонгæ уыдзынæн сæ культурæимæ. Мæнмæ гæсгæ тынг цымыдисон уыдзæн», – загъта уый.

Мария куыд загъта, афтæмæй уымæн чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд æфсæддон хъуыддагимæ йæ цард сбæттын, ацы лагерь та у тынг хорз фадат дарддæр Уæрæсейы æфсæддон ахуырадон уагдæтæм ахуырмæ бацæуынæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ «Азбука безопасности выживания – 2017», зæгъгæ, æфсæддон патриотон сборты хайад кæй райсдзысты Уæрæсейы, Абхазы, Сомихстоны æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, æдæппæтæй 200 адæймаджы.

Сывæллæттæн сæ архайд цы уыдзæн, уый тыххæй радзырдта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады булкъон Кобылты Лондæ. Уый сывæллæттимæ уыдзæн æппæт балцы рæстæджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ сборты программæйы фæлгæтты 14 боны дæргъы хайад исдзысты алыгъуызон мадзæлтты.

«Сывæллæттæ физикон ахуыртæ ивдзысты интеллектуалон хъæзтытæй», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.