Рио-де-Жанейройы Олимпион хъæзтыты Уæрæсейæн фæстаг 19-æм сыгъзæрин майдан æрхаста цхинвайлаг хъæбысæйхæцæг Рæмонты Сослан. Æфсæддонты Централон спортивон клубы сæйраг тренер Мæргъиты Анатолийы хъомылгæнинаг бæрæг тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй. 20 азмæ 62-аздзыд специалистæн Сослан у йæ 4-æм хъомылгæнинаг, кæцы ссис Олимпион хъæзтыты уæлахиздзау.  Мæргъиты Анатоли радзырдта, Сосланимæ цы куыст бакодта æмæ дзы иууыл цырддæр хъæбысæйхæцæг куыд сарæзта, уый тыххæй.

– Анатоли Хазбийы фырт, Риойы Олимпиадæйы уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы командæ рамбылдта дыууæ сыгъзæрин æмæ иу та æвзист майданы. Цы нысан нывæрис дæ раздæры хъомылгæнинаг – национ командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты куыстæн?

– Тедейы фырты æнтыстæн ныридæгæн саргъ кодта Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федераци, йемæ 2020 азы Токиойы Олимпион хъæзтыты онг контракт адарддæр кæнгæйæ. Хъæзтыты размæ командæйы раз æвæрд æрцыд план, цæмæй рамбула 1 сыгъзæрин, 1 æвзист æмæ 1 та бронзæ майданы. Командæ та рамбылдта 2 сыгъзæрин æмæ 1 æвзист майданы. План уæлдайджынтæй æххæст æрцыд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æвзист майдан рамбулæг Гедуевы финалы фембылды кæнын кодтой тæрхонгæнджытæ.

– Цы арæзтат, цæмæй Сослан Риойы ма бафæладаид моралон æгъдауæй?

Мах Бразилимæ æртахтыстæм 6-æм августы. 10 боны дæргъы цардыстæм Сан-Паулуйы улæфæн базæйы, цыран 2010 азы дунейы чемпионаты рæстæджы цард нæ национ командæ. Уæрæсейаг хъæбысæйхæцджыты ацы базæйы æрцæрыны тыххæй Тедеты Дзамболатæн баххуыс кодта зындгонд футболон тренер Гæззаты Валери. Ацы базæйы цæргæйæ-иу Сослан уыд æрмæстдæр спортзал æмæ хæрæндоны. Уый фæстæ мах рацыдыстæм Риойы Олимпион хъæумæ. Æппæт ацы рæстæг æз Сосланæн бар нæ дæттон хъæбысхæстыл хъуыды кæнын, загътон-иу ын, уыцы хъуыдытæ дæ сæрæй асур, хъуыды кæн æрдзыл, дæ бинонтыл, æмгæрттыл, кæс чингуытæ.

Æрдæгфиналы онг ын дзырдтон, цæмæй йæ тыхтыл ауæрда, уымæн æмæ тохты ‘хсæн уыд æрмæстдæр 15 минуты. Æрдæгфинал æмæ финалы размæ та йæ фæдзæхстон, цæмæй уæлахизы тыххæй радта йæ тыхтæ иууылдæр.

– Тохы размæ йын хæслæвæрдтæ кæд кодтай?

– Дыууæ минуты раздæр, цалынмæ гауызмæ нæ рахызт, уæдмæ. Раздæр ын сæ куы загътаин, уæд сæ гæнæн ис æмæ рох дæр фæкодтаид. Йæ ныхмæлæуджыты йын иууылдæр сахуыр кодтам. Фыццаг тохы фембæлд кубæйаг спортсмен Хайслан Веранес Гарсиаимæ, кæцы хъахъхъæдта Канадæйы спортивон кад. Æвзонгæй йын Сослан дыууæ хатты фæхæрд. Уый тыххæй Сосланæн загътон, зæгъын, ацы лæппуйæн ды æмбылды кодтай, цалынмæ дунейы чемпион нæ уыдтæ, уæдмæ. Ныр та æрцыд реванш райсыны рæстæг. Æмæ йæ Рæмоны фырт рамбылдта 7:1 хыгъдæй. Финалы 1/8 хайы рамбылдта ноджы иу кубæйаг Алехандро Энрике Вальдесы – 11:3 хыгъдæй, финалы 1/4 хайы та тыхджындæр уыд монгойлаг Мандахнаран Гонзоригылæй æмæ йыл фæуалахиз  6:0 хыгъдæй.

– Цы хыгъдæй фæуæлахиз, уымæ гæсгæ нæй зæгъæн æмæ Сослан йæ тыхтыл ауæрста.

– Уым диссагæй ницы ис. Сослан фылдæр архайы  контратакæты. Уый контратакæтæ аразы тынг тагъд. Уый у йæ стиль. Абон Сослан у дунейы иууыл цырддæр хъæбы-сæйхæцæг.

– Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй дæ хæслæвæрдмæ гæсгæ Сослан æнхъæлмæ каст, йæ ныхмæлæуджытæ кæд раргом уыдаиккой, уымæ?

– Сосланæн ма уый тыххæй дзырдтон, цæмæй йæ тыхтыл  ауæрда, æмæ финалы йæ ныхмæлæууæгæй иу тох фылдæр акодта. Лондоны Олимпион хъæзтыты та-иу иу тох фылдæр чи акодта, уыдонæй иу дæр сыгъзæрин майдан нæ рамбылдта. Сослан мын сæххæст кодта мæ хæслæвæрдтæ. Æцæг æрдæгфиналы йæхи нал баурæдта æмæ узбекаг хъæбысæйхæцæг Ихтиер Наврузовимæ тохы райдыдта «накат» аразын æмæ, гыццыл ма хъуыд, æмæ фæхæрд уыдаид. 2015 азы дунейы чемпионаты Сослан растдæр афтæ фæ-хæрд Наврузовæн. Æмæ йæ ныр фидарæй бафæдзæхстон, цæмæй партеры мауал тула йæ ныхмæлæууæджы.

– Цæмæннæ дæм байхъуыста?

– Иу накаты тыххæй дæттынц дыууæ баллы. Раздæр сæ тынг хорз арæзта, фæлæ йын ныр нал уайынц. Фæстæдæр та сæ райдайдзæн хорз аразын, фæлæ уал ын ныр бар нæ дæттон накат аразынæн. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыд æндæр «приемтæ» аразын. Къæхтæ ацахсын, къухы бынты бахизын æмæ афтæ дарддæр. Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы хъæбысхæцджытæй иууыл тагъддæр лидзы Сослан.

– Усейн Болтæй дæр æвзæрдæр нæ лидзы?

– Фыццаг 30 метры сындæгдæр нæ алиддзæн, – худы Мæргъиты Анатоли. Футболæй дæр хорз хъазы. Хъæбысæйхæцджытæ иууылдæр футболæй æвзæр нæ хъазынц.

– Финалон тохы Рæмонты Сослан æмгъуыдæй раздæр рамбылдта азербайджанаг Тогрул Асгаровы 11:0 хыгъдæй. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй йæм тыхтæ бирæ уыд?

Финалы Сосланы дыууæ минут дæр нæ бахъуыд, цæмæй рамбула йæ ныхмæлæууæджы. 2012 азы Лондоны Олимпиадæйы Асгаров финалы рамбылдта Къудухты Бесикы, кæцы уыд Сосланы кумир æмæ хистæр æмгар. Уымæ гæсгæ йæ фæндыд æнæмæнгæй дæр рамбулын. Бесик фæмард автокатастрофæйы æмæ йын нал бантыст Олимпион чемпион суæвын. Ацы уæзы категорийы (65 кг) уæрæсейæгтæ Олимпиадæйы нал рамбылдтой 20 азы дæргъы. Фæстаг хатт ма Олимпион чемпион Атлантайы ссис мæ хъомылгæнинаг Богъиты Вадим, æцæг уæд 68 кг уæзы категорийы уыд. Ныр Сослан куы рамбылдта, уæд ын æнæхъæн зал  æмдзæгъд кодта лæугæйæ, афтæ хорз хъæбысæхæст равдыста.

Финалы размæ æппæт дæр арæзтон, цæмæй макæимæ ныхас кæна, цæмæй ма фесафа йæ концентраци. Финалы размæ ма Бразилимæ нæ иумæйаг æмгæрттæм фæдзырдта мæскуыйаг «Локомотив»-ы футболист Касаты Алан æмæ сын загъта, зæгъгæ, Сослан куы рамбула, уæ ын автомашинæ «Тойота Камри» балхæндзæн. Ахæм информаци спортсменæн радзурын хъæуы ерысты фæстæ. Касайы фырт йæ ныхас сæххæст кодта æмæ æрмæст уый нæ, фæлæ ма иннæтæ дæр. Сосланы автопарк бæрæг фæфылдæр.

– Рæмоны фырт Олимпиадæйы рамбылдта 25-аздзыдæй. 4 азы размæ та куыд цæттæ уыд ахæм бæрзæндмæ? 

Тагъд цаутæ æрмæстдæр аргъауы сæххæст вæййынц. Уый мæм тренировкæ кæнынмæ Æфсæддонты Централон спортивон клубмæ æрбацыд 17-аздзыдæй. Сосланы Ирыстонæй æркодтой йæ фыды æфсымæр æмæ мæ раздæры хъомылгæнинаг Рæмонты Станислав. Уый махмæ кусы тренерæй. Уый ма ноджы æркодта йæ хæстæджытæй æртæйы. Æз нæ разы кодтон, фæлæ мын Станислав бауайдзæф кодта, ома, кæйдæр сывæллæтты тренировкæ кæныс, дæ хъомылгæнинæгты сывæллæтты та нæ исыс. Гыццылæй Сосланæн афтæ тынг къаддæр кæнын кодтой йæ уæз æмæ йæ бафæндыд хъæбысæйхæст ныууадзын. Уый тыххæй мын фехъусын кодта тренертæй сæ иу. Уæд æз аныхас кодтон Сосланимæ æмæ йын загътон æндæр уæзы категоримæ йæ кæй ракæндзынæн æмæ йын йæ разы сывæрдтон план: 2014 азы Уæрæсейы æмæ ма дунейы чемпионат æмæ Риойы Олимпиадæйы рамбулын. Æмæ æцæгæйдæр афтæ рауад. Хъæбысæйхæцæг райхæлдис æмæ ссис стыр спортсмен. Сослан 2014 азы цы сыгъзæрин майдан рамбылдта дунейы чемпионаты, уый уæрæсейаг богалтæй уыцы уæзы фæстаг хатт 11 азы размæ рамбылдта Махач Муртазалиев.

– Рæмонты æфсымæртæ иууылдæр афтæ курдиатджын сты?

– Иууылдæр. Фæлæ Сосланы хистæр æфсымæр афтæ эмоционалон разынд, æмæ-иу тренировкæты фæхæрды фæстæ райдыдта гауыз цæвын. Уый тыххæй йын загътон, цæмæй хъæбысæйхæст ныууадза, науæд йæ нуæрттæ иууылдæр фехалдзæн. Сослан та мæм фæкаст коммæгæс. Ахæм хъомылгæнинæгты та тынг бирæ уарзын. Тынг зондджын лæппу у тæнæг зæрдæимæ. Ахæм характеримæ хъæбысæйхæцджытыл раздæр никуы сæмбæлдтæн. Йæ мад ахуыргæнæг у. Йæ характермæ гæсгæ Сослан у фыссæг, поэт, нывгæнæг, музыкант. Йæ зæрдæмæ алцы дæр тынг æввахс исы. Тызмæгæй йæм исчи куы сдзуры, уæд фæхъыг вæййы. Риойы хъæзтыты размæ командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат фидарæй аныхас кодта командæйы уæнгтимæ сæ уæз фæкъаддæр кæныны тыххæй. Уый фæстæ мын Сослан  загъта, зæгъгæ, дам, мæ нал фæнды уæ Олимпиадæмæ ацæуын. Уæд ын æз сдзуапп кодтон, зæгъын, мæ зынаргъ, афтæ нæ уыдзæн, ацы Олимпиадæ тренеры нæу, фæлæ у дæу. Афтæмæй та командæйы бæрæггæнæнтæн дзуапп дæтты тренер. 5 килограммы аппарын Сосланæн зын нæу. Бахъæуы йæ æрмæстдæр дыууæ боны.

– Рæмонты Сосланы Токиойы Олимпиадæмæ дæр цæттæ кæндзынæ?

– Риойы размæ хъуыды кодтон, зæгъын, хъæзтытæ фæуыдзысты æмæ йын зæгъдзы-нæн, цæмæй йæ мæ цæстытæ мауал феной. Зæгъæм, тренировкæты рæстæджы йæ нæ фæнды приемтæ сындæггай аразын, цæмæй йын райхалон йæ рæдыдтытæ æмæ йын сæ бамбарын кæнон, характеримæ у. Æмæ тренерæн характеры бæсты та цы ис? Иуæй-иу хатт фæтæргай вæййы. Алчи нæ фæразы стыр куыст. Фæлæ дзы уыцы иурæстæджы федтон Олимпион сыгъзæрин майдан рамбулыны потенциал æмæ мæ бафæндыд Сосланæн баххуыс кæнын æмæ нæ иумæйаг бæллиц сæххæст кæнын. Æмæ йæм уый фæстæ цы ахаст дардзынæн? Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæстдæр стыр кадимæ, стыр бузныг дзы дæн. Кусдзыстæм дарддæр. Фæлæ уал æй ныр хъæуы дзæбæх баулæфын. Ныфс мæ ис, æмæ Сосланмæ кæй разындзæн уыцы куырыхондзинад, цæмæй стъалыйы низæй ма фæрынчын уа.

Хуриты Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.