Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт.

Куысты райдиан паддзахады сæргълæууæг æрдомдта Хуссар Ирыстоны цæрджытæй социалон бæрндзинад, æмæ банысан кодта, азы райдиан республикæйы территорийыл коронавирусон инфекци COVID-19 аиуварс кæныны  фæдыл ист профилактикон мадзæлттæ кæй уыдысты раст æмæ рæстæгыл.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны уавæр у зын. Хъыгагæн, мах уынæм, вирусæй чи фæрынчын, уыдоны нымæц кæй фылдæр кæны. Стационары цы пациенттæ ис, уыдонæн æххуыс бакæнынæн нын ис æппæт хостæ дæр. Фæлæ хъуыды кæнын хъæуы дарддæр. Æнæдызæрдыгæй хостæ хардз цæуынц. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты разыдзинадмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетыл цы æхцайы фæрæзтæ цæуынц, уыдон хъуамæ фæахъаз уой, цæмæй хостæ æмæ хъæугæ ифтонгадимæ проблемæтæ мауал уа», – загъта уый.

Уый фæстæ рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой боны фæткыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георги уынаффæ кæнынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекци COVID-19 аиуварс кæныны фæдыл мадзæлтты номхыгъд сфидар кæныны фæдыл фарст.

Номхыгъдмæ хаст æрцыдысты дыууæ пункты:

1. 2020 азы 5 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады №№41 æмæ 89 Уынаффæмæ гæсгæ медицинон æмæ æндæр кусджытæн куыстмызд бафидын;

2. Хостæ, хихъахъхъæныны фæрæзтæ, хардз кæныны æрмæджытæ, вирусологон лабораториты ифтонгад балхæнын.

2020 азы 3 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн хицæн æрцыд 42906982 сомы, Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарды тыххæй комитетæн – 6276389 сомы. Бюджетон ассигнациты иумæйаг гуырахст, кæцытæ Уæрæсейы Федераци рахицæн кодта Хуссар Ирыстоны æххуысæн, сты  49183370 сомы.

Номхыгъд ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Рабадты фæлгæтты ма ист æрцыд 2020 азы 5 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады №41 Уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй, кæцытæ хауынц медицинон кусджытæн финансон фæрæзтæ бафидыны фæдыл арæнтæ сисынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.