Фыццагкъласонтæн фæцис цымыдисон ахуыры аз. Бирæ мадзæлттæ сын уагъд цыдис афæдзы дæргъы, фæлæ  Абетæн, хæрзбон зæгъыны бæрæгбон бынтон æндæр у. Нæ горæты Юри Гагарины номыл 12-æм астæуккаг скъолайы фыццагкъласонтæн уагъд æрцыдис цымыдисон бæрæгбон Абетæн хæрзбон зæгъыны тыххæй. Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта   РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг, Колыты Аксойы премийы лауреат, фыццагкъласонты ахуыргæнæг Санахъоты Аллæ. «Абон нæ чысыл сабитæн у ахсджиаг бæрæгбон, кæцы царды мидæг вæййы æрмæстдæр иу хатт æмæ йын сфæлхаттгæнæн нал вæййы. Абеты фыццаг чиныг сахуыр кодтам æмæ йын хъуамæ зæгъæм хæрзбон. Сæрмагонд бузныг мæ фæнды зæгъын Битарты Зояйæн йæ къордимæ. Уыдон нын балæвар кодтой диссаджы чиныг «Абетæ», кæцы хъæздыг у æмдзæвгæтæй, тагъддзуринæгтæй, уыциу-уыциутæй, радзырдтæй», – банысан кодта Санахъоты Аллæ.

Мадзалмæ æрбацыдсты Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады методист Тыбылты Эдуард, Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ.

Залмæ æрбацæуджытæн фыццагкъласонтæ равдыстой ацы рæсугъд æмæ диссаджы чиныджы руаджы цы базыдтой, уыдæттæ. Мадæлон æвзагыл аив бакастысты æмдзæвгæтæ, азарыдысты зарджытæ, равдыстой чысыл инсценировкæтæ. Бæрæгбон алы сывæллоны зæрдæйы дæр ныууагъта ирд тæлмæнтæ. Лæвæрд сын æрцыдысты 1-аг кълас фæуыны тыххæй дипломтæ.

Мадзалы кæрон Санахъоты Аллæ сывæллæттæн раарфæ кодта ахуыры аз фæуыны тыххæй, йæ цæст сын бауарзта фидар æнæниздзинад, амонд æмæ сабыр арвы бын цæрыны фæндиæгтæ. Арфæйы ныхæстæ загътой ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ дæр.

Кокайты Зарина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.