Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ, ирон гениалон ахуыргонд, филолог, æвзагамонæг, иранист, этимолог, ахуыргæнæг æмæ ахуыргонд Абайты Васойы  хæдзар-музейы арæзтад кæронмæ бахæццæ кæныны тыххæй.  Уый фæдыл Президент фехъусын кодта сентябры мæйы хицауады уæнгтимæ фембæлды рæстæджы. Бæстæйы хицау ма загъта арæзтады фæуыны æмгъуыд дæр: «2-æм декабры нысан кæндзыстæм Абайты Васойы райгуырæн бон æмæ уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ   ахуыргонды хæдзар-музейы арæзтад кæронмæ бахæццæ уа. Æппæт хæрдзтæ дæр рахицæнгонд æрцæудзысты Президентон фондæй», – загъта Тыбылты Леонид. Ацы фарсты фæдыл ма Президент бахатыд  РХИ-йы Культурæйы министр Остъаты Мадинæмæ, цæмæй æмбæлон мадзæлттæ райст æрцæуой арæзтад афоныл фæуыны тыххæй

Ацы бонты Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Остъаты Мадинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй æввахс бонты хуссарирыстойнаг æхсæнадæн равдисдзысты зындгонд  ахуыргонды музей-хæдзары ног хуызы проект. Проектыл бакуыста æвзонг архитектор Дзигойты Каринæ. Æрыгон архитекторы ныхæстæм гæсгæ проект сцæттæ уыдзæн декабры мæймæ. «Мæ райгуырæн бæстæйы ацы проект мæнæн у мæ фыццаг куыст. Ацы хæслæвæрды сæйраг нысан уыд, объекты бындурон конструкци ма фехалгæйæ, бакусын ног корректировкæтыл. Фæлæ цæмæй музей райса йæ раздæры хуыз, уый тыххæй бахъæудзæн хатæнты равæрд чысыл фæивын. Музейы цæмæй равдыстытæ уагъд цæуой, уый тыххæй дзы æнæмæнг хъæуы зал саразын», – загъта  æвзонг архитектор.

Дзигойты Каринæ райгуырд æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны. Колыты Ак-сойы номыл Аивæдты паддзахадон лицей каст фæуыны фæстæ бацыд РЦИ- Аланийы Хæххон-металлургон институтмæ архитектурон факультетмæ. Уым йæ ахуыр æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм æмæ ныр кусы РХИ-йы Культурæйы министрады.

Ивгъуыд æнусы зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васойы номыл схуыдтой горæт Цхинвалы уынгтæй иу. Уыцы уынджы  Васойы кадæн сарæзтой хæдзар дæр. Васо-иу Хуссар Ирыстонмæ æрцæугæйæ уыд уым. Фæстæдæр, ахуыргонды амæлæты фæстæ ацы хæдзары арæзт æрцыд генийы хæдзар-музей. 2008 азы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы хæдзар-музей басыгъд бынтондæр, Васойы экспозицитæ æмæ дзаумæттимæ.  2014 азы республикæйы æндидзынгæнæн куыстыты рæстæджы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Татарстаны арæзтадон фирмæ «Эверест». Уый йæхимæ райста  Абайты Васойы хæдзары  арæзтад æмæ баныфсæвæрдта, 2015 азы декабры мæймæ хæдзар эксплуатацимæ кæй ратдзæн. Фæлæ, хъыгагæн, фирмæ «Эверест» йæ ныхас нæ сæххæст кодта æмæ хæдзар-музей баззад æрдæгарæзтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.