4-æм ноябры РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй ауагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы радон рабадт. Йæ куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивæг Тъехты Алан, горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадт гом кæнгæйæ Президент йе ’нæразыдзинад равдыста Инвестицион программæ реализаци кæнынæн рахицæнгонд финансон фæрæзтæй пайда кæныны фæстæзаддзинад кæй ис, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, цæмæй уыдон хардз æрцæуой афæдзы кæронмæ æххæст гуырахстæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, махæй алкæмæн дæр æхсызгон у, æппæт республикæйы дæр арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ активонæй кæй цæуынц, уый. Фæлæ, уæддæр æнкъардæуы бæрæгбæрц фæстæзаддзинад арæзтадон графикты æмæ, зæгъгæ, мах домдзыстæм, цæмæй фæтагъддæр уой куыстыты темптæ æмæ куы бахъæуа, уæд та сæм цас хъæуы, уыйбæрц кусджытæ баконд æрцæуой.

«Мах алы подрядон организацийы сæргълæууæджы дæр æрфæрсдзыстæм, цас фæрæзтæ бахардз кодтой арæзтадыл æмæ уый фæстæ райсдзыстæм æмбæлон мадзæлттæ, цæмæй фæстæзаддзинад иуварс æрцæуа. Подрядон организацитæ нæ райсдзысты æхцайы фæрæзтæ, сæ куысты фæдыл æмбæлон документаци, куыд æмбæлы, афтæ арæзт куынæ цæуа, уæд. Махæн ис иттæг хорз фадæттæ, цæмæй нæм цы ресурстæ цæуы, уыдонæй спайда кæнæм æмæ рæстæгыл бакæнæм æппæт арæзтадон куыстытæ дæр», — загъта Президент.

Рабадты дарддæр æркастæуыд, уымæй размæ рабадты сын цы хæслæвæрдтæ радтæуыд, уыдон куыд æххæст æрцыдысты, уыцы фарстытæм. Лæмбынæг æруынаффæчындæуыд, арæзтадон объектты куыстытæ куыд цæуынц, ууыл. Республикæйы сæргълæууæг уæлдай хъусдард аздæхта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхайы, бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты арæзтæдтæм, афтæ ма нæ горæты уынгты хæрзарæзтады фарстытæм.

Райдианы уал æркастæуыд медицинон кластеры объектты донæй ифтонг кæныны фæдыл фарстмæ. Райсгæ мадзæлтты тыххæй Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн цы хæслæвæрд уыд, уый тыххæй информацимæ, афтæ ма республикон-соматикон рынчындоны доны резервуартæ æмæ донцъирæн станцты æмæ рынчындоны корпусы донифтонгады мидæггагон системæйы техникон уавæр бабæрæг кæныны фæдыл хæслæвæрдмæ.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, ацы фарстмæ æркæсын хæсгонд кæй уыд Арæзтады министрадæн.

«Медицинон кластеры æппæт объектты, уыцы нымæцы республикон рынчындоны дæр донæй ифтонг кæныны фæдыл дæр-иу фæзындысты бæрæг фарстытæ. Уымæ гæсгæ Арæзтады министрадæн хæслæвæрд уыд, цæмæй Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ иумæ ноджыдæр анализ саразой рынчындоны комплексы донæй ифтонг кæнынимæ баст æппæт проблемæтæн, — загъта Хъуылымбегты Доменти. Сæрмагондæй Зæгъойты Эдуардæн хæсгонд уыд, цæмæй 2-æм ноябрмæ бавдыстаид фыстæй информаци республикæйы медицинон кластеры объектты донифтонгад стабилизаци кæныны фæдыл плангонд мадзæлтты æмæ фæстиуджыты тыххæй».

Президент бафиппайдта, ацы фарст рагæй кæй лæууы боны фæткы æмæ проблемæтæ аиуварс кæнын дæр бахæс æрцыд раджы æмæ фарст æрæвæрдта, объектты донифтонгад нырмæ скъуыддзаг цæмæннæ æрцыд, уый тыххæй.

Арæзтады министрады сæргълæууæг Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, уый та йæ рады хæслæвæрд радта «Водоканал»-æн анализ саразыны тыххæй.

«Дон резервуартæм цæуы графикмæ гæсгæ. Уый фаг у, цæмæй æдыхстæй кусой. Гуырæн хæдзар æмæ хирургион корпусы арæзтады фæдыл цы мадзæлттæ уагъд цæудзысты, уыдоны фæлгæтты архайдзыстæм, цæмæй рынчындоны хызæгтæ цалцæг æрцæуой, — загъта Зæгъойы фырт. — Генподрядон организациимæ мах бадзырдтам, инженерон хызæгтæ реконструкци кæныны фæдыл мадзæлтты фæлгæтты кæй аскъуыддзаг кæндзыстæм ацы фарст. Гуырæн хæдзар æмæ операцион корпусы арæзтады проекты ис резервуартæн йæхи системæ. Мах фæндон бахастам, цæмæй сæ баиу кæной рынчындоны резервуарты зæронд системæмæ æмæ реконструкци æрцæуой рынчындоны зæронд хызæгтæ».

Хъуылымбегты Доменти йæ рады банысан кодта, ацы проблемæтæ рагæй кæй сты. 2009 азы рынчындоны бæстыхай комплексон æгъдауæй цалцæг куы цыдис, уæд донифтонгады хæдзарады не сцалцæг кодтой, уымæ гæсгæ ацы проблемæ абон дæр ис, зæгъгæ, æмæ ныр ног арæзтадон объектты цы куыстытæ æххæст цæуынц, уыдон фæлгæтты бацархайын хъæуы, цæмæй уыцы цухдзинæдтæ иуварс æрцæуой.

Рабадты дзырд цыдис, ацы азæн Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты горæты хæрзарæзт чи цæуынц, уыцы уынгты фæдыл куыстыты темптæ фæтагъддæр кæныныл. Сæйраг хъусдард здæхт æрцыд централон уынгтæй сæ иу — Сталины уынгмæ. Ам Президент бахæс кодта, цæмæй уынгæн хæрзарæзт цы фадыг цæуы, уым автотранспорты змæлд бынтондæр урæд æрцæуа.

Лæмбынæг ныхас цыд Хуыбылты Валерийы — Фæскомцæдисы уынджы, Тугъанты Махарбеджы æмæ Хетæгкаты Къостайы уынгты газификацийы фæдыл куыстытæ куыд цæуынц, ууыл. Ацы фарсты фæдыл республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс — Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Гæбæраты Алан куыд радзырдта, афтæмæй уыцы куыстытæ иууылдæр баконд æрцыдысты æмæ газ ног хæтæлты иу æрцыд æппæт абоненттæм дæр æмæ, зæгъгæ, абон мах бавдисдзыстæм уыцы куыстыты фæдыл æппæт документтæ дæр.

Фарсты фæдыл Тыбылты Леонид бахæс кодта, цæмæй куыд банысангонд уынгтæ, афтæ Дзадтиайы фырты уынджы дæр фæтагъддæр кæной демонтажгæнæн куыстытæ. Иннæ уынгты, зæгъæн ис, æмæ куыстытæ фесты. Иуæй-иуты дзы ис чысыл цухдзинæдтæ — æвæрд не ’рцыдысты фæндагон змæлды нысæнттæ, газонтыл сыджыт калд не ’рцыд, афтæ ма хицæн рæтты рухсы цырæгътæ нæ бакодтой.

Республикæйы Президент бацымыдис кодта, Дзадтиайы фырты уынгыл æнæзакъонæй цы арæзтад ис, уымæ, кæцы хъыгдары тротуарыл цæуынæн. Ацы фарсты фæдыл уый æрдомдта горæты мэрæй, цæмæй рæстæгыл скъуыддзаг æрцæуа ацы проблемæ.

Йæ рады горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан куыд загъта, афтæмæй уый ныхас кодта ацы проблемæйы фæдыл Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæгимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм проблемæтыл горæты администраци иу æмæ дыууæ хатты нæ сæмбæлы.

Ныхас цыд, цæмæй иу кæнæ иннæ уынджы арæзтадон куыстытæ кæнгæйæ, фадыгон инспектортæ куы фенынц, уæд бацæуой æмæ бафæрсой, чи сæ æххæст кæны, уый. Ис æм æви нæ, аразынæн бар чи дæтты, ахæм æмбæлон гæххæтт. Уый фадыгон инспектор хъуамæ фехъусын кæна администрацийæн, цæмæй сæ уый фæстæ ма бахъæуа, арæзт чи æрцыд, уыцы бæстыхай ныппырх кæнын. Сæ пырх кæнын та фæзын вæййы, уымæн æмæ арæзтадыл йæ хицау бахардз кæны бæрæг фæрæзтæ æмæ сын райдайынц уæд проблемæтæ, — бамбарын кодта Æлборы фырт.

Президент ма бахатыд Æлборты Аланмæ, цæмæй радзура, 13 Коммунары уынджы куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй.

Мэры ныхæстæм гæсгæ уынг асфальт æрцыд. Тротуарты дæр кусджытæ æрæвнæлдтой асфальт кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма ацы уынджы тæрхондоны бæстыхайы фарсмæ цы дыууæуæладзыгон коммуналон хæдзар ис, уымæн раивдзысты йæ æмбæрзт, уымæн æмæ иннæ бæстыхæйтты æмбæрзтыты раджы раивтой, баззад ма æрмæстдæр ацы бæстыхай æмæ уый дæр ивд куы æрцæуа, уæд уынджы иумæйаг хуыз фæрæсугъддæр уыдзæн.

Æмбырды агъоммæ Президент бабæрæг кодта, паддзахадон драмон театры арæзтад куыд цæуы, уый æмæ кусджыты бафæдзæхста, цæмæй арæзтадон куыстыты темптæ фæтагъддæр кæной.

Ацы объекты тыххæй Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, дзы абоны бонмæ æххæст æрцыдысты 35 милуан сомы аргъ куыстытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ ам кусынц йæ фасады фæлындзыныл, мидæгæй æххæст кæнынц бæстонгæнæн куыстытæ, монтаж кæнынц электросистемæтæ.

Дарддæр рабадты дзырд цыдис, æндæр арæзтадон объектты куыстытæ куыд цæуынц, уыдæттыл. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр лæмбынæг æрдзырдта ацы фарстыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы мæйы кæронмæ эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа Сывæллæтты республикон рынчындон.

Ам, министры ныхæстæм гæсгæ, æххæст æрцыдысты 327 милуан сомы аргъ куыстытæ. Æххæсткæнинаг та ма дзы ис 128 милуан сомы аргъ. Фæстаг мæйы ам райстой 124 милуан сомы аргъ ифтонггæрзтæ. Уыдон ныридæгæн æвæрд цæуынц. Цы æхцайы фæрæзтæ ма сын ис бахардз кæнинаг, уыдонæй 80 милуаны хардз æрцæудзысты йæ алыварс территори схæрзарæзт кæныныл. Министр, Хъайтарты уынджы хæдзæртты арæзтады тыххæй дзургæйæ, банысан кодта, ам арæзтадон куыстытæ графикæй фæстейæ кæй зайынц.

Йæ рады Президент ацы арæзтады чи кусы, уыцы генподрядон организацийы цæстмæ бадардта, бæрнондæр цæстæй кæй хъæуы кæсын сæ куыстмæ. Адæм, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсынц, æмæ нæ хæс у, цæмæй ацы бæстыхæйтты рæстæгыл эксплуатацимæ радтæм.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард та æмбырды хайадисджытæн куыд радзырдта, афтæмæй Синагур-Карзманы арæнгæрон фæндаг æмæ Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндаджы фыццаг этапы арæзтад практикон æгъдауæй фесты æмæ ацы объекттæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты ацы мæйы кæронмæ.

Тыбылты Леонид йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынадæн Инвестицион программæ реализаци кæныны приоритетон здæхт у бынæттон ресурстæй пайда кæнын куыд арæзтадон æрмæджытæй, афтæ кусæгдыхæй дæр.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийæн та йæ ныхасы сæр уыдис экономикæйы реалон секторы рæзты фæдыл снысангонд проекттæ. Уый куыд загъта, афтæмæй дыууæ проекты фæдыл разыдзинад райстæуыд Мæскуыйæ Инвестицион агентадæй, кæцы финанс цæуы Уæрæсейы бангты ’рдыгæй. Уыдон сты арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Растдон»-ы дзидзакуыстгæнæнг комплекс æмæ Цхинвалы районы индивидуалон амалиуæггæнæджы проект «Ирыстоны дыргъдæттæ». Фæстаг проекты фæлгæтты план цæуы куыд дыргъдонæн йæхи саразын, афтæ ма дыргъæфснайæны арæзтад дæр. Ныртæккæ ласт цæуынц згъæр конструкцитæ æмæ æввахс рæстæджы æрæвналдзысты сæ монтаж кæнынмæ. Ам уыдзæн талахъомылгæнæн дæр æмæ реализаци цæудзысты бынаты. Знауыры районы ма план цæуы маргъдарды фабрикæ саразын дæр.

Кæронбæттæны Тыбылты Леонид æрсидт æппæт ведомствоты æмæ подрядон организациты къухдариуæггæнджытæм дæр, цæмæй сын Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстытæм уа бæрнон æмæ оперативон дæр ахаст.

«Æз æнхъæлмæ кæсдзынæн, зынгæ фæстиуджытæм, абон цы фарстытыл дзырд цыдис, уыдоны фæдыл. Уæлдайдæр та уымæн æмæ нын ныртæккæ боныгъæд нæ къух аразы æмæ дзы мах хъуамæ спайда кæнæм. Уазæлттæ куы æрбалæууой, уæд нæ бон нал бауыдзæн куыстытæ æппæт гуырахстæй дарддæр акæнын.

Рабадты ма уынаффæ цыдис паддзахадон университеты, Тельманы уынджы цæрæн хæдзарыл, дзулфыцæн комбинаты ног бæстыхайы æмæ Ленингоры районы арæзтцæуæг объектты тыххæй дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.