Газеткæсджытæ дзурынц сæ хъуыдытæ

Джиоты Мананæ Цхинвалы дæсæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг:
Газет «Хурзæрин» у, æрæджы сæдæ азы кæуыл сæххæст, Ирыстоны æмæ дунейы хабæрттæ йæ газеткæсджыты размæ иронау чи хæссы, ахæм газет. Нæ уарзон газетæн мæ зæрдæ зæгъы бирæ æнувыд газеткæсджытæ, азæй-азмæ тыхджынæй-тыхджындæр зæрин хурау куыд æрттива, алы ирон хæдзары къæсæрыл дæр цины хабæрттимæ куыд хиза, цы адæмтæ йæ кæсынц уыдон алы уацæй дæр æхцондзинад цы иса, уый.
Æз мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ кæддæриддæр нæ хæдзары ис ирон газет «Советон Ирыстон» (абоны «Хурзæрин»). Мæ ныййарджытæ æрвыл бон дæр тынг æнхъæлмæ кастысты постхæссæгмæ, æмæ-иу, мах, сывæллæтты афарстой, постхæссæг нæма фæзынд зæгъгæ. Кæд-иу сæ не ‘вдæлд, уæддæр –иу рæстæг ссардтой æмæ-иу ыл ахастой сæ цæст. Сæ куыстытæ-иу куы бакодтой уæд та-иу ын йæ алы уац дæр бакастысты бæстон. Мæ фыды мад йæхæдæг нæ каст æмæ-иу уый та мæнæн кæсын кодта газеты æрмæджытæ. Хистæрты цымыдис уынгæйæ æз дæр бауарзтон газет кæсын æмæ абоны онг дæр нæма уыд æмæ кæддæр ма рафыссон ирон газет, мæ цæст ыл ма ахæссон æмæ мæ цы цымыдис кæны, уыцы уацтæ ма бакæсон. Ног технологитæ, интернет, социалон хызæгтæ кæд тынг бандæвтой иуæй-иуты зондахастыл, уазал зæрдæ райдыдтой дарын мыхуырмæ, уæддæр уырнинаг у, фæстæдæр кæй бамбардзысты сæ рæдыд æмæ кæй зæгъдзысты, зæгъгæ, алы ирон хæдзар дæр хæсджын у, цæмæй иса æмæ кæса ирон газет.
Газетмæ абон дæр мæ ахаст нæ ивы, уымæн æмæ зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, газет къуыри цæуы æртæ хатты æмæ йæ кæсджытæ рæстæгыл базонгæ вæййынц, куыд Ирыстоны, афтæ ма фæсарæйнаг бæстæты æрцæугæ цаутимæ дæр. Йæ уацтæ вæййынц цымыдисон. Нæ вæййы афтæ æмæ дзы исты фадыг уа рох. Йæ уацты ‘хсæн бакæсæн вæййы æхсæнадон-политикон, арæзтадон, ахуыр-хъомыладон, культурæ, спорт æмæ бирæ æндæр æрмæджытæ. Фæнды ма мæ, цæмæй йæ фæрстыл арæхдæр уа патриотикон фарстытыл дзурæг æрмæджытæ.
Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр æмæ хицауады бæрнон кусджытæ, ахуыргæндтæ æмæ ахуыргæнджытæ Ирыстон æмæ ирон адæмы сæрвæлтау сæ хъуыдытæ æмæ тырнындзинæдты тыххæй арæх дæр куы фыссиккой газеты фæрстыл, уый дæр. Уый тынг фæахъаз уаид ирон æвзаджы райрæзтæн, æвзонг фæлтæрты разæнгард кæнид хорз хъуыддæгтæ аразынмæ, сæ мадæлон æвзагыл сæ хъуыдытæ раст æмæ æргом зæгъынмæ.
Арæх мæ зæрдыл æрлæууынц газеты раздæры кусджытæ куыд Джиоты Къоста, Козаты Исидор, Дыгъуызты Гришæ, Харебаты Михаил, Бабаты Виктор, Гуыбеты Юри, Хуриты Гиви, Бибылты Гиуæрги æмæ æндæртæ. Уыдон цымыдисон уацтæй ма мæм абон дæр ис, арæх сæ райсын æмæ сыл ахæссын мæ цæст.
Сæ цымыдисон уацты тыххæй ма стыр аргъ кæнын абон газеты чи кусы, уыдонæн дæр. Алыхатт дæр цымыдисимæ фæкæсын Джиоты Екатеринæ, Бестауты Валентинæ, Осиаты Индирæ, Биазырты Роланд æмæ æндæрты уацтæ.
Стыр зын æмæ хæстон фæндæгтыл фæцыд ирон адæм буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты, уыцы уарзон газет «Хурæрин». Йæ кусджытæ йæ «фæкæлын» никуы бауагътой. Куыстуарзаг æмæ æнгом коллектив алыхатт дæр архайдтой æмæ архайынц ирон адæмы цард фæрæсугъддæр æмæ фæцымыдисондæр кæныныл. Æхсызгонæй базонгæ дæн ацы аз гениалон поэт Хетæгкаты Къостайы преми райсыны хайад кæй исдзæнис, уыцы хабаримæ. Ноджы æхсызгондæр та мын уыдзæнис, нæ уарзон газет куы суаид премийы лауреат. Уырны мæ афтæ дæр кæй уыдзæнис, уымæн æмæ сæдæ азы ирон адæм æмæ Ирыстонæн йæ лæггæдтæ цъус не сты.

Къуезерты Петр – Газет «Хурзæрин»-ы æнувыд хæлар: – Куыд зонæм афтæмæй нæ уарзон газет «Хурзæрин» цæуын райдыдта, Советон Цæдис арæзт æмæ рæзын куы райдыдта, уыцы азты. Кæд тыхджын, дардыл æмæ хъомысджын паддзахад фехæлд, фæлæ уæддæр газет кусы æмæ æнæфæцудгæйæ æххæст кæны йæ разыллæууæг хæстæ. Ацы азы райдианы газетыл сæххæст 100 азы. Рацыд бирæ зынты астæуты, уæддæр газет нæ фæцудыдта, хъахъхъæд æрцыдис, цы кусджытæ дзы куыстой, уыдоны фæрцы æмæ абон дæр лæггад кæны йæ уарзон адæмæн, паддзахадæн. 1975 азæй фæстæмæ кæсын газеты. Бакæсын æй кæрæй-кæронмæ æмæ алы хатт дæр мæ зæрдæ барухс вæййы йæ кусджыты зæрдæмæдзæугæ æмæ хъуыдыджын уацтæй. Æмæ æрмæст сæ уацтæй нæ, фæлæ ма сæ адæймагдзинад æмæ уæздан ахастытæй дæр. Арæх сæм бацæуын æмæ нæ хъуыды кæнын, искуы сæ рацыдтæн хъыгæй. Алы хатт дæр мæм здæхт æрцæуы хорз хъусдард æмæ сæм дыккаг хатт дæр бацæуын цингæнгæ.
Ноджы ма йæ зæгъон, 100 аз цъус рæстæг нæу. Нæ уарзон газет цыд йæ адæм æмæ паддзахады рæзт æмæ размæцыдимæ, бирæ ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы алы хат дæр æргомæй дзырдта æмæ абон дæр дзуры йæ раст фæндтæ æмæ хъуыдытæ. Газет стыр хъæбатырдзинæдтæ æвдыста, Советон Цæдис куы, фехæлд, уæдмæ æфсымæртæ чи уыдысты уыдон цыбыр æмгъуыдмæ знæгтæ куы фестадысты, уæд дæр. Нæ тарст знагиуæг чи кодта, уыцы адæмтæй æмæ алы хатт дæр йæ раст æмæ уæндон хъуыдытæ дзырдта ныфсджынæй. Ахæм ахаст æмæ архайды фæрцы стыр у йæ хайбавæрд Хуссар Ирыстоны рæзт æмæ размæцыды хъуыддаджы.
Ацы аз у Къостайы юбилейон аз, йæ райгуырдыл æххæст кæны 165 азы. Уыдзæнис конкурс йæ номыл. Ацы конкурсы газет «Хурзæрин»-дæр хайад кæй исдзæнис, уый, куыд бирæ æндæр газеткæсджытæ æмæ газеты хæлæрттæн, афтæ мæнæн дæр у тынг æхсызгон æмæ мæ уырны конкурсы къамисы уæнгтæ æппæт дæр кæй бахынцдзысты æмæ конкурсы фæуæлахизуæвджыты ‘хсæн не ‘ппæт дæр кæй фендзыстæм газет «Хурзæрин»-ы дæр.

Дудайты Садул, пенсиисæг: – 60-80-æм азты газеттæ куыд популярон уыдысты, абон та афтæ популярон у интернет. Ууыл бирæтæ цин кæнынц, æз афтæ нæ зæгъын æмæ социалон хызæгтæ нæ хъæуынц, фæлæ фылдæр æмæ стырдæр хъусдард здахын хъæуы газеттæ æмæ чингуытæм. Ууыл сæйраджыдæр хъуамæ кусой ныййарджытæ æмæ скъолатæ. Абон æрыгон фæлтæрæн интернетмæ цы бастдзинад ис, уымæй цасдæрбæрцæй хибаргонд куы нæ æрцæуой, фылдæр хъусдард газеттæ æмæ чингуытæм куы нæ дарой, уæд мæм афтæ кæсы æмæ фæстиуджытæ нæ уыдзысты раппæлинаг æмæ тæхудиаг. Акæсæм ма ныры фæсивæдæй бирæтæм, тынгдæр сæ æндавы интернет æмæ сæ бон бæстон нал у дардыл хъуыды кæнын. Уыцы фиппаинаг, кæй зæгъын æй хъæуы, се ‘ппæтмæ нæ хауы, фæлæ ахæмты нымæц азæй азмæ фылдæр кæй кæны, уый у катайаг. Тынгдæр сæ æндавынц интернеты тыгъдады цы уынынц, уыдон æмæ уый аххосæй сæ дунеæмбарынад кæны къуындæгдæр, арæх фæаразынц, æхсæнады бынат кæмæн нæй, ахæм митæ дæр.
Æз Цхинвалы районы Махисы хъæуы схъомыл дæн æмæ дзы нæ уыд «Советон Ирыстон» кæм нæ истой, ахæм, хæдзар. Тыххæй сын æй ничи фыссын кодта, фæлæ –иу хъæусоветы кусджытæ цыдæр аххосагмæ гæсгæ кæмæндæр газет куы нæ рафыстой, уæд-иу æнæфæбыцæугæнгæ дæр нæ фесты. Мæ бинонтæ дæр газет истой æрвылаз дæр. Æз газет афтæ бауарзтон æмæ, чизоны, мæ ацы дзырдтæ алкæй нæ бауырной, фæлæ мæ мад æмæ фыды сусæгæй газет æхсæвыгæтты кастæн хъæццулы бын фонары рухсмæ. Фæстаг азты газет фылдæр хатт æлхæнгæ бакæнын, йæ рацæуæнбон кæд горæты нæ вæййын, уæддæр газеттæуæйгæнæн киоскæй сæ иуы кусæгимæ дæн дзырд æмæ мын дзы уый иу ныууадзы.
Газеттæ кæсыны тыххæй ма уый зæгъдзынæн æмæ æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ ма мæ хъуыдымæ гæсгæ, дунейы æппæт ахуыргæндты се ‘нтыстытæм фæцайдагъ кодтой газеттæ.
Æз дæр стыр цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдтæн, гениалон ирон поэт Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми райсыны хъуыддаджы газет «Хурзæрин» дæр хайад кæй исдзæнис, ууыл. Нæ зонын æндæр газеткæсджыты хъуыды, фæлæ кæд исчи ацы преми райсыны аккаг у, уæд уый у газет «Хурзæрин». Афтæ кæй уыдзæнис, ууыл та æз æппындæр нæ дызæрдыг кæнын.

Гаглойты Роберт, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты директор: «Советон Ирыстон», абоны «Хурзæрин»-имæ мын бастдзинæдтæ рагæй ис. Арæх æм фыстон уацтæ, се ‘ппæт мыхуыр нæ цыдысты, фæлæ-иу мæ уац куы рацыд, уæд-иу æрмæст æз нæ, фæлæ ма-иу мæ бинонтæн дæр уыдис бæрæгбоны хуызæн. Газетмæ уацтæ фыссын та мæ фæцайдагъ кодтой, фыццаг мæ дада Гаглойты Дауыт, фæстæдæр та мæ фыд Хазби. Уыдон дæр се ‘рмæджытæ мыхуыр кодтой арæх. Фыстой æхсæнады, политикон, сæудæджерады, хъæууонхæдзарады æмæ æндæр фадгуытыл.
Абон газеты æрмæст исын æмæ кæсын нæ хъæуы, фæлæ уарзын дæр. Уымæн æмæ цы бæстæ æмæ паддзахады цæрæм, уый бирæбæрцæй сырæзт, рæзы æмæ размæ цæуы, цæрæнбонты йæ адæмимæ чи ис, уыцы газет «Хурзæрин»-имæ.
Æвæццæгæн, абон Ирыстоны нæй ахæм æмбæстаг, кæцы нæ уарзы йæ адæм, бæстæ æмæ йæ ирон æвзаг. Æмæ цæмæй адæм цæрой, бæстæ рæза æмæ ирон æвзаг та размæ цæуа, уыцы хъуыддæгты газет «Хурзæрин»-ы хайбавæрд у стыр. Уырны мæ, тагъд рæстæджы нæ фæтæг, гениалон поэт Хетæгкаты Къостайы номыл конкурсы къамисы уæнгтæ æппæт дæр кæй бахынцдзысты æмæ ирон газеткæсджытæ се ‘ппæт дæр кæй фендзысты фæуæлахизуæвджыты ‘хсæн газет «Хурзæрин»-ы дæр.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.