Ацы бонты мын Козаты Павел балæвар кодта йæ ног чиныг «Уды сагъæстæ». Цалынмæ чиныгмæ ахизон, уæдмæ цалдæр ныхас. Павелимæ иумæ арвыстам,  нæ сабийы бонтæ Зары хъæуы. Нæ фыдтæ Алекси æмæ Арчил, æфсымæрты цард кодтой. Уыцы уарзондзинад анхъæвзта бинонтæм, сывæллæттæм. Тугæй хæстæджытæ дæр алы хатт афтæ не сыввахс  вæййынц, мах куыд æмгом цардыстæм. Мæ фыд куыста горæты, фæлæ нæ бинонтæ уыдысты Зары. Æмæ нæм нæлгоймагимæ баст цыддæриддæр кусинæгтæ уыд (хъæдæй суг ласын, куыроймæ ссинаг), уыдон нын иууылдæр кодта Арчил. Цавæр æнахуыр уарзондзинад уыд дыууæ бинонты ‘хсæн, уый тыххæй æрмæст иу цæвиттон. Гер­маны хæстæй Павелы хистæр æфсымæр Герсан цæфтæй куы ‘рхæццæ ис Зар­мæ, уæд фыццаг æрбацыдис махмæ, стæй та сæхимæ. Павелæн уыд æхсæз  æфсымæр æмæ дыууæ хойы кæстæр. Скъолайы фæстæ ацыд йе ‘фсымæр Къолимæ Ростовы областмæ. Уым фæцис историон-филологон факультет. Уый фæстæ æрыздæхт фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм æмæ йын уæдæй фæстæмæ дих кæны йæ цинтæ æмæ рыстытæ.

Искæй куыст мæ зæрдæмæ куы фæцæуы, уæд ыл фæцин кæнын. Уæлдай циндзинад та  адæймагæн дæтты, йæ автор дæхион куы разына.

Иуæй-иу удгоймæгтæн сæ куырдиат сабийы бонты райхæлы, аннæтæн  та  – азты фæстæ. Павелæн йæ фыццаг æмдзæвгæ газеты рацыд 19 аздзыдæй(1959). Уый фæстæ мыхуыры цыдысты йæ уацмыстæ газетты, журналты. Фæлæ йæ хæдæфсæрмæй, йæ курдиатмæ дæр каст критикон цæстæй. Æрмæст азты кары куы бацыд, уæд,  2013 азы, рацыд йæ фыццаг чиныг «Зæрин хуры æндæвд». Чиныгкæсæг ыл сымбæлд  стыр райгондæй: ирон литературæмæ уæндонæй бакъахдзæф кодта ноджы иу курдиатджын фыссæг.

Ивгъуыд  азы Павел рауагъта йæ дыккаг  чиныг «Уды сагъæстæ». Куы райдыдтон  чиныг кæсын, уæд мæ хъуыдыйы дæр нæ уыд исты йыл ныффыссын. Фæлæ мæ чиныг уацары  систа, цалынмæ йæ каст фæдæн, уæдмæ. Æз фыссæглитератор нæ дæн, фæлæ мæ бафæндыд цы тæлмæнтæ мыл ныууагъта чиныг, уыдоныл  адзурын чиныгкæсæгимæ.

Цæмæй, цæхх цæхджын у, уый базонынæн дзы пут хæрын нæ хъæуы.  Цæмæй, фыссæгмæ курдиат ис æви нæй, уый базонай, уый тыххæй фаг сты бæрцæй нымæц уацмыстæ. Æмбисондæн баззад Къостайы «Ирон фæндыр».

Козаты Павелы чиныг у бирæвæрсыг æмæ цымыдисон. Куы йæ бакæсай, уæд дæ цæсты раз сывзæрдзæн авторы сурæт: удгоймаг-интеллектуал, философон  цæстæнгасæй цардмæ кæсæг, бирæвæрсыг  курдиаты хицау: поэт, пародист, сатирик. Чиныджы бирæ ис æндæр æмæ æндæр фарстыты фæдыл аив ирон æвзагыл фыст мидисджын уацмыстæ, кæцытæ ирдæй  æвдисынц авторы арф æмæ бирæвæрсыг миддуне.

Козайы фырт йе сфæлдыстады равдыста, кæй у ирондзинады сæрхъызой. Адæ­ймагæн царды æппæты зынаргъдæр сты йæ бинонтæ, мад, фыд. Павел æрхæндæгæй мысы цардæй сæ ахицæн.

 

Уæ Гыцци!- уæлмæрды зæлы мæ хъæр,

Фæлæ мæ сидын нæ хъусыс уæддæр

Загъдæуы, хъуысы, дам мæрдтæм  дæр хъæр,

Уымæн дæм сидын, мæ Гыцци æз дæр.

(Йæ чызг Элинæйы хъынцъымæй)

 

Дæ ацыдæй мæ уд хъæрахст кæны,

Дæ рæвдыд мын, нæй ницæмæй ис ивæн.

Хъысмæт мæныл æргом-сусæг кæуы,

Æнæ дæу мын хурбоны дæр ихæн.

(«Зынаргъ мад»)

 

Мæ уды ‘взоны иу бæллицц æрмæст,

Мæнæн ма Скæнæг иу  хæрзæг куы радтид:

Дæуыл куы схæцид иунæг хатт мæ цæст,

Мæрдты бæсты нын фембæлæн куы уаид.

(«Фыды мысгæйæ»)

 

Йæ фыды цардвæндагыл йæ фыццаг чиныджы  цы зæрдæмæхъаргæ радзырд ныффыста («Уæзæг»), уым та ирдæй равдыста, цы тæссаг уавæрмæ æрхаудтой абон ирон хъæутæ, куыд æдзæрæг систы, раздæр цард кæм æхсыст, уыцы цæрæнуæттæ.

Павел дугимæ æмдзу кæны йæ Иры бæсты цаутæй  æй алцы дæр æндавы.

Поэты зæрдæ риссы, нæ зæххыл кусæг кæй нал ис, кæй кæны æдзæрæг:

Зæхх скъутæри,

Хуымты, сæрвæтты.

Кусæг нал цæуы

Уымæ ‘мгæрæтты

(«Зæхх ныл хил дары»)

 

Сиды  æхсæнадмæ афон у нæ куыствæллойæ   нæхи дарын:

Циу нæ зæгъинæгты мидис –

Никæмæн кæнæм ам фидис

‘Рмæст кæд хæрдзыстæм нæхи дзул

Стæй, кæдмæ кæнæм æридзу?!

(«Кæдмæ»)

 

Поэт нæу райгонд нæ  дуджы «ногдзинæдтæй»

Нæ заманæй лæджы зæрдæ нæ райы,

Цæуыл схæца хорзæй дзы нæ цæст?

Нæ цард сси ныр базарæй æрмæст,

Цыдæр ныфс ма… мæ уый дæр митау тайы

(«Сагъæссаг»).

 

Аивта, сзыгъуыммæ ис рæстæг,

Не Скæнæг, хъаймæты дуг æрхæстæг?

Кад нæм нал ис раттæгæн, Хуыцауæн,

Табу ма кæнæм æрмæст æхцайæн.

(Аивта, сзыгъуммæ ис рæстæг»)

 

Поэты зæрдæ риссы  Донбассы абоны тугкалæн хæстæй, æфхæры йын йæ цырынгæнджыты:

Цы зин дæтты бандератæн фæндæттæ,

Йæхи адæмæн чи скъуыдта сæ удтæ?

Знон дæр ма сын чи уыди æзнæгтæ

Йе уыдонæй куыд аразынц хæзгултæ?

(«Зæронд хæстоны хъынцъым йæ ингæны»)

Æцæг поэты миниуджытæ уæлдай тынгдæр разынынц йæ лирикон сфæлдыстады. Чиныджы цы дзæвгар æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ ис уарзондзинадыл, уыдон сты романтикон, зæрдæмæхъаргæтæ. Автор йæхæдæг куы нæ бавзæрстаид уарзты тæмæнтæ, уæд афтæ аив нæ уаиккой йе ‘мдзæвгæты дæр.

Номхæссæн æрбауай ды,

Сау рæсугъд Миленæ,

Цас æвзонг удты фæнды,

Базонгæ уой демæ

Калд уæздан уæхскыл фæрсмæ

Сау хъуымбыл дзыккутæ,

Уарзтæй нал сты рæстмæ

‘Гас сыхы лæппутæ

(«Номхæссæн рæсугъд»)

 

«Уды сагъæстæ» гуырахст чиныг нæу, фæлæ йæм цы æмдзæвгæтæ, пародитæ, æмбисæндтæ, афоризмтæ æмæ дыууæ радзырды бацыд, уыдон ирдæй æвдисынц, сæ автор хуымæтæг рифмæтæ бæттæг кæй нæу, фæлæ кæй у æвидигæ курдиаты хицау,  арф æмæ фидар хъуыдыгæнæг, сатирик-юморист.

Йæ бирæнымæц (80-йæ фылдæр) пародитæ йын куы кæсай, уæд дæ дæ мидбылхудт нæ фæхицæн уыдзæн. Ацы жанрæн йæ уидæгтæ цæуынц, сæ автор ма скъоладзау куы уыд, уæдæй. Мæнæ цалдæр пародийæ хицæн куплеттæ:

Къадзаты Станислав:

«Куыд хæлæг кæнын мæрдтæм»

Цæмæн хъуыд удгæстæй уыдаин,

Уæззау куыстæй фæлмæст нæ уаин.

Цы у нæ уæвынæн йæ сæр?

Рæстæгмæ дзы дæ хъиутæ хæр.

Мæ зæрдæ ‘ндæр бæстæм æхсайа,

Æнуд цард мæ йæ фæдыл сайа?

Мæ уым та! ‘Нцад æхцонæй хуысс,

Æмдзæвгæтæ дæхицæн мыс.

Тедеты  Ефим  «Нæй мæ удæн гуырæнбон, мæлæт дæр»

Фæлæ кæмæн нæй гурæнбон-

Не ‘мбары цин æмæ мæт,

Баззайы не ‘хсæн æнæном,

Стæй йын нæ вæййы мæлæт.

Ахæм фыссæг-сатириктæ бирæ  нæй ирон фысджыты ‘хсæн. Павел литерату­рæйы иннæ фадгуыты цы сарызта, уый тыххæй зæгъдзысты æндæртæ. Фæлæ, æвæццæгæн, нæ фæрæдийдзынæн, афтæ куы зæгъон: пародийы жанры Козаты Павелы  ном ирон литературæйы историйы бацахсдзæн аккаг бынат. Хорз бакæнит автор йæ дыууæ чиныджы цы бирæнымæц пародитæ ис, уыдон хицæн чиныгæй куы рауадзит; чиныгкæсæг сыл сæмбæлид зæрдиагæй.

Фæнды мæ йæ дыууæ чиныджы цы радзыртæ ис, уыдон тыххæй дæр зæгъын. Бирæ фæахъаз уаиккой скъоладзауты миддуне фæхъæздыгдæрæн. Радзыртæ «Зæрдæ», «Зæхх-фысым, мæйæ уазджытæ» «Цæстытæ»,астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ куы спайда кæниккой  къласæн æддейæ куысты, уымæй.

Æз дарддæр нал нымайдзынæн, чиныджы ноджы цымыдисон чи кæнынц, уыцы цардæй ист æмбисæндтæ, рифмæтæ æмæ афоризмтæ; бирæтæй дзы чиныгкæсæг йæхицæн хатдзæгтæ  дæр сараздзæн.

Кæронбæттæны цалдæр фæндиагы. Раздæр-иу ахæм чиныг куы цыдис, уæд ын, æнæмæнг, уыдис разныхас, кæцыйы аргъ цыдис уацмыстæн, чиныгкæсæгæн уыд  фæндагамонæджы хуызæн. Ацы чиныгæн дæр ахæм разныхас хорз уыдаид. Иумиагæй сисгæйæ чиныджы æрмæг раст æвæрд у, фæлæ ма  æмдзæвгæтæ дæр сæ жанртæм гæсгæ æвæрд куы уыдаиккой, уæд ноджы хуыздæр уыдаид. Чиныг æгæр чысыл тиражæй рацыд (200 экз.), фæлæ, хъыгагæн, ацы хъуыддаг фæткы хуызæн ссис нæ цардуаджы.

Кæронбæттæны ноджыдæр бузныг Павелæн, йæ чиныгæй мын мæ зæрдæ кæй барæвдыдта, уый тыххæй. Йе ‘мдзæв­гæтæй иуы, йæ райгуырæн хъæу Зарыл фыста:

Хъæбулау хастай мæн дæ риуыл,

Фæлæ нæ басгуыхтæн хæрзæг,

Кæсыс, мæ эæрдæ худы хиуыл.

Дæ хъармæй не суыдзæн дæрзæг

«Зæрдæ дзуры»

Хæдæфсæрмдзинад хорз миниуæг у, фæлæ ацы ран раст нæ дæ, ме ‘фсымæр-лæг. Дæ литературон сфæлдыстдæй ды кад кæныс канд дæ райгуырæн хъæубæстæн нæ, фæлæ æгас ирон дзыллæйæн аккаг хуын хæссыс ирон литературæйы хъæздыг къæбицмæ. Æмæ, уæдæ афтæ! Ныууадз дæ пессимистон хъуыдытæ æмæ – размæ. Ноджы дын фылдæр сфæл-дыстадон æнтыстытæ мæ зæрдæ зæгъы дæ уарзон ирон адæмы хæрзиуæгæн.

 

ЦЫБЫРТЫ Людвиг,

профессор

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.