Хъæуы рагон цардæй

Дзауы районы Борджнисы хъæуы цæрынæн раджы равзæрстой Бететы мыггаг. Фæлæ цымыдисон у, хъæуæн йæ истори уырдыгæй райдыдта, æви ма дзы йæ размæ дæр уыдаид цæрджытæ?

Историйы уыцы талынг æвæрæнтæм ныккæсын абон зын у, дæ къухы сæ цардыл дзурæг æрмæджытæ æмæ цыртдзæвæнтæ-æвдисæндартæ куынæ уа, уæд. Фæлæ Борджнис тынг рагон хъæу кæй у, уымæн æвдисæн – Горийы дзуар. Бететы мыггаг уым куыд æрбынæттон сты, уый тыххæй сæ кæстæр фæдон – Бететы Юри куыд радзырдта, афтæмæй уырдæм æрцыдысты Уæллаг Мызуры Ксурты хъæуæй. Хъуыддаг та уыд афтæ: Ксурты хъæуы цардысты æфсымæртæ – Елбыздыхъо, Баска, Кади, Бекыз, Шана æмæ Биде. Сæ хистæр Елбыздыхъо райгуырд 1700 азы. Уыцы рæстæджы фæтуджджын сты æндæр мыггагимæ, се `хсæн æрцыд æртæ лæгмарды. Æндæр гæнæн сын нал уыд æмæ рахызтысты Хуссары `рдæм. Сæ туджджынтæ ма сæ бæргæ агуырдтой, фæлæ сæ нал ссардтой. Цæмæй сæ мачи базыдтаид, уый тыххæй сæ мыггаг никæмæн загътой. Тарстысты, мыййаг сæ нымудзæг куы фæуа æмæ сæ се знæгтæ куы базоной, уымæй. Æрбафтыдысты Крозы хъæумæ, фæлæ уым бындз тынг арæх кæй уыд, уымæ гæсгæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыдис. Уæд рацыдысты хуыздæр цардагур æмæ æрбафтыдысты Борджнисы хъæумæ. Уым сæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ дзы æрбынат кодтой. “Уыдонæй Бидейы фыдыфыртæй рацыдыстæм мах. Бæлвырд у, æнусты дæргъы нæ мыггаджы бирæ фæлтæртæн Борджнис сæ райгуырæн уæзæг кæй у,” – зæгъы Бететы Юри. Хъæуæн йæ цæрджытæ куыд фылдæр кодтой, афтæ дардыл ивæзта йæхи æмæ сæ рахуыдтой Дæллаг æмæ Уæллаг Борджнис. Æдæппæтæй дзы æрбынат кодта 40 цæрæг хæдзары. Дардтой фос, кодтой зæххы куыст. Фæлæ кæд уыдысты йæ фадæттæ, йæ авналæнтæ йæхи фæндиаг хæххон лæгæн! Дардыл хуымзæххытæ, сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæй йæхи никуы бахъал кодта. Йæ фыдæбон бирæ уыд, йæ фæстиуæг та – кадавар. Фæлæ уæддæр æндæр хæххон хъæутимæ абаргæйæ, ам цæрынæн æнцонвадатдæр уыдис. Цы зæххытæй пайда кодтой, уыдон – хъæумæ хæстæг, уæдæ суг ласынмæ дæр хъæдмæ дард ранмæ цæуын нæ хъуыд. Фæлæ уæддæр уæззау куыстæй борджнисæгтæ цух нæ задысты, уæлдайдæр та лæгдыххъуаг бинонтæ. Ахуырдзинадыл та бынтондæр дзурæн нæ уыдис – кусæнгарзæй дарддæр чиныг цы у, уый зонгæ дæр нæ кодтой.

 

Фæзынд скъола

 

Сæ фидæны цард хуыздæрæрдæм кæй фæивдзæн, уымæй борджнисæгты стыр ныфс бауагъта Октябры революци, фæлæ æнхъæл цы нæ уыдысты, ахæм фыд сыл æрцыд. Хъæуы цæрджыты, куыд æппæт Хуссар Ирыстоны адæмы, афтæ 1920 азы Гуырдзыстоны меньшевиктæ фæсырдтой. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой нæ адæм, фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Дæрæн æрцыдысты гуырдзиаг меньшевиктæ æмæ советон хицауад æрфидар Хуссар Ирыстоны. Адæм фæстæмæ здæхтысты сæ сыгъд уæзгуытæм æмæ ногæй æндидзын кодтой сæ цард. Борджнисæгтæ дæр кæд иууыл нæ, уæддæр фæстæмæ æрыздæхтысты сæ сыгъд, пырх уæзгуытæм æмæ ногæй æндидзын кæнын райдыдтой сæ цард. Хъæуы баконд æрцыд райдиан скъола. Бæстыхайæн ын равзæрстой хъæуы цæрджытæй стырдæр хæдзар кæмæн уыд, уый.

О, нал дзы ис ныр скъола. Фæлæ йæ бакондæй йæ сæхгæныны бонмæ стыр лæггад фæкодта хъæуы рæзгæ фæлтæрæн. Уый фæстæ иу сæ алчи дæр йæ ахуыр адарддæр кодта астæуккаг скъолаты, астæуккаг специалон æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты – царды уæрæх фæндагмæ сын гом кодта уæрæх фæндæгтæ. Цæвиттон, æгас Ирыстоны зындгонд æмæ уарзон ссис 3-аг астæуккаг скъолайы директор Бететы Хъазбег, Æдасдзинады комитеты сæргълæууæгæй бирæ азты дæргъы фæкуыста Бететы Серги. Уырдыгон сты, дохтыртæ – Бететы Валик æмæ Бететы Майрæм, хорз зындгонд уыдысты сæ нæмттæ прокурор Бететы Сослан æмæ депутат Бететы Романæн.

Иудзырдæй, ног социалистон дуджы æрбалæудæй борджнисæгтæн дæр фадат фæцис, куыд ахуыры рухс фæндагыл æрлæууынæн, афтæ иумæйагæй сисгæйæ, сæ царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн дæр.

 

Коллективизацийы дуг

 

Коллективизацийы азты нæ раздæры областы цы коллективон хæдзарадтæ сарæзтой, уыдонæй сæ иу уыд Борджнисы хъæу. Уый уыдис 1930 -æм азы. Колхозмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр бацыдысты æмæ сæ иумæйаг бæркад азæй азмæ рæзын кодтой. Фæлæ хицауады раз хæс фидын кæй хъуыдис, афтæ ма цæрджытæн сæхиуыл алыгъуызон фиддонтæ æвæрд кæй цыдис, уымæ гæсгæ сæ хæдзæртты фæрныгад уадиссаг нæ рæзт. Сабыр арвы бын фæллой кæнын æгас Советон Цæдисы адæмтау борджнисæгтæн дæр нæ бантыст. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ хъæуы равзаргæ нæлгоймæгты бахъуыд сæ кьухмæ хæцæнгарз райсын. Хъæу фæцудыдта. Алыгъуызон уæззау куыстытæ æрынцадысты сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ æнахъомты уæхсджытыл. Фæлæ зындзинæдтæй нæ тарстысты æмæ дарддæр æндидзын кодтой сæ иумæйаг хæдзарад.

 

Хъæу æдзæрæг кæнын райдыдта

Борджнис:  йæ ивгъуыд æмæ йæ абон

Фæсхæст ноджы тынгдæр æрæвнæлдтой кусынмæ, фæлæ сæхицæн фос дарыны фадат нал уыдис. Цæвиттон, 10 цъерийæ сын лæвæрдтой иу. Æмæ уæд лидзын райдыдтой æндæр рæттæм хуыздæр цардагуре. Алыгъдис дзы Цæгат Ирыстонмæ, Камбилеевкæйы хъæумæ.

Иу рæстæджы кусæгдых кæй нæ фаг кодта быдырбæсты, уымæ гæсгæ ма дзы бирæ ракодтой Тъбет æмæ Къусреты хъæутæм. Афтæ хъæу æдзæрæг кæнын райдыдта йæ бирæ цæрджытæй. Фæлæ, мæнгæй нæ фæзæгъынц, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Хъæу ногæй æндидзын райдыдта. Бететы Юри дзы уд уадзын райдыдта ногæй. Хъæумæ йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд дон, рухс, фæндаг. Абон ма дзы ис 10 цæрæг хæдзары. Фæлæ дзы кæддæр чи фæлыгъд, уыдоны дæр царды ныфс бацыд æмæ кæйдæрты фæнды фæстæмæ æрыздæхын æмæ дзы æлхæнынц зæххы фадгуытæ.

 

Арæзт æрцыд этникон хъæу

“Ирон адæм буц æмæ сæрыстыр сты сæ историон бынтæй, фыдæлтæй фæстæмæ нæм чи æрхæццæ сты, уыцы æгъдæуттæй. Абон дæр нæм бирæ цымыдисон фарстытæ æвзæры уыдоны тыххæй. Æмæ мæ тынг бафæндыд ирон цардуагыл дзурæг хæдзар-музей саразын. Нæ истори ма кæд чиныджы бакæсæм, æндæр ын базонæн никуыцæй ис. Ацы хæдзар-музейæн та йæ хорздзинад уый мидæг ис æмæ дзы ирон цардуагыл дзурæг дзаумæттæн ис цæстæй фенæн, къухæй басгарæн. Ирон адæм кæм цæрынц, уым хъуамæ уа бæрæг æвдисæндартæ. Махæн та сæм баирвæзт знаджы къух æмæ сæ пырх кодтой. Абоны сывæллæтты куы фæрсай цы у æфсондз, гутон, ердо, уæд дæм дисгæнгæйæ кæсдзысты” –  зæгъы Юри. Йæ ныхæстæм гæсгæ махмæ арæх цæуын райдыдтой туристтæ, уазджытæ æмæ стæй нæ кæстæртæ дæр куы уыной, цы мигæнæнтæй архайдтой, цы куыст кодтой, уæд фидарæй зæгъдзысты, махæн кæй уыд нæхи культурæ, нæхи æгъдæуттæ. Ирон хæххон хæдзар æндæр уыд, быдыры та бынтон æндæрхуызон. Сæ хæдзарон мигæнæнтæ дæр æндæрхуызон уыдысты. “Хорз уаид алы хъæуы дæр арæзт куы æрцæуид ахæм хæдзар-музей, уæд хорз цæстуынгæ æрмæг уаид нæ кæстæртæн. Кæннод цы уынынц? Ног хæдзæрттæ, машинæтæ æмæ сæ афтæмæй байрох уыдзæн чи стæм, уый” – загъта Бетейы фырт.

Ацы хъуыды æнæхъæлæджы нæ фæзынд Юримæ. Уартæ хæрзæвзонгæй, студент ма куы уыд, уæд клуб “Апполон”-ы уæвгæйæ, йын Саулохты Тамарæ афтæ бауарзын кодта Ирыстоны æрдз, йæ хæхтæ, фидæрттæ-мæсгуытæ æмæ æндæр цыртдзæвæнтæ дæр æмæ сын уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæйы ис арф бынат. Уыцы хъуыдыимæ уымæн йе `мбæлттимæ бантыст горæты æрбахизæны Ачабеты дзуар среставраци кæнын. Авд мæймæ кувæндон йæ хуыз скалдта. Уый фæстæ сын бантыст Къостайы скверы “Фатимæ”-йы фæлгондз-фонтан саразын. Фæлæ ууыл нæ æрлæууыд йæ хæрзиуæгон архайд Бететы Юрийæн. Уый сфæнд кодта йæ райгуырæн хъæу Борджнисæй этникон хъæу саразын. Фыццаджыдæр уал электрохызæджы кусджыты æххуысæй бауагътой рухс, сæхи тыхтæй йæм рауагътой нуазыны дон. Уый фæстæ æрæвнæлдта йæ рагондæр бæллиц – ирон хæдзар-музей аразынмæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Йæхи фæрæзтæй йын бантыст, хæдзар-музей кæм арæзт æрцыд, уыцы къуылдым бынат рафæз кæнын æмæ арæзтадæн бындур æрæвæрын. Афтæмæй сырæзт хæдзар-музей. Æмæ дзы ныр фенæн ис ердо астæурæхысимæ, йæ уæлæ ауыгъд – бинонтæ-иу хæринаг кæм цæттæ кодтой, ахæм цуайнаг. Ам фенæн ис ирон фынг бандæттимæ. Хæдзарæн йæ иуæрдыгæй фарс нæлгоймæгты бынат, иннæрдыгæй та – сылгоймæгты. Хæдзары сæ бынат ссардтой хæдзарон мигæнæнтæ æмæ алыгъуызон кусæнгæрзтæ: æфсондз, чъеури æмæ æндæртæ.

“Æппæт уыдæттæ саразын, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ бон иунæгæй нæ бауыдаид. Фæлæ мæ хъуыды раст кæмæ фæкасти, ахæм адæймæгтæ разындис тынг бирæ æмæ æрбалæууыдысты мæ фарсмæ, фæдардтой мæм се `ххуысы къух æмæ сæххæст мæ бæллиц. Раст у, бирæ фыдæбон домдта хæдзар-музей саразын, фæлæ мах хъуамæ æмбарæм, нæ культурæ куынæ бахъахъхъæнæм, абон сæ рохуаты куы ныууадзæм, уæд нæ фæстагæттæн нал уыдзæнис, сæрбæрзонд кæмæй уой, ахæм культурон бынтæ,” – зæгъы Бетейы фырт.

Юри куыд зæгъы, афтæмæй дзы иумиагахуырадон скъолаты ахуырдзаутæн хорз фадæттæ ис ирон уроктæ ауадзынæн, нæ адæмы историимæ сæ базонгæ кæнынæн. Рагæй фæстæмæ дæр Ирыстон цух никуы уыдис уазæгæй. Ардæм чи æрæфты, уый бадис кæны йæ æрдзы рæсугъддзинадыл. Ныр сæ ардæм æрбахонын æмæ сæ нæ фыдæлты историимæ базонгæ кæнынæн ис хорз фадæттæ.

 

Хъæуы кувæндæттæ

Борджнисы хъæуæн йæ алыварс ис авд кувæндоны. Алæмæттаг у хъæуы алыварс æрдз дæр, йæ рæсугъддзинадæй цæстæнгас йæхимæ здахы.

Фæстаг азты сæ бæрæгбонтæ дæр банысан кæнынц ирон æгъдæуттæм гæсгæ. Дзуары бынмæ хæстæг сарæзтой кафæн æмæ алыгъуызон хъæзтытæн фадат кæм уа, ахæм фæзуæттæ. Æмæ сæхи бафæдзæхсыны фæстæ, дзаджджын фынгæй сыстгæйæ ам фæсивæдæн фадат вæййы сæ арæхстдзинад кафын, зарын æмæ спорты алыхуызтæй равдисынæн. Уыцы бон Горийы дзуары бынмæ æрцæуынц раджы, кæддæр уыцы хъæуæй æндæр рæттæм цардагур чи фæцыдысты, уыдон дæр. Фæфæдзæхсынц ын сæхи. У сывæллон-лæппу дæттæг æмæ йæм фæкувынц, фæлæгъстæ йын кæнынц цæмæй сæ кæстæры хицау бакæна. Уыцы дзуар та, куыд ма загътам, у тынг рагон æвдисæндар хъæуæн. Æвдисæн у, уым рагæй фæстæмæ дæр ирон адæм кæй цардысты, уымæн.

“Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ахæм культурон объекттæ арæзт цæуы Кърозы, Цъорбисы æмæ Чеселты дæр. Æмæ мæн фидарæй уырны, ацы хорз хъæппæрис кæй бафæзмдзысты æндæр хъæуты цæрджытæ дæр æмæ та сæм цадæггай кæй раздæхдзæнис сæ кæддæры фарн,” – зæгъы Бететы Юри.

     Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.