Информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстоны» пресс-центры журналисттæ фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Боксы федерацийы президент Уалыты Альбертимæ. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта 3-æм февралы горæт Сочæйы уагъдцæуæг Æппæтдунеон боксерон суперсерийы ирон боксер Гасситы Мурат æмæ йæ ныхмæлæууæг Юниор Дортикосимæ цымыдисон тох. Ацы спортивон цаумæ дунейы стыр цымыдисимæ æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц æмæ сæ фембæлдмæ тынг бирæ адæм кæй цæуынц, уый дисæн хæссынц спортивон эксперттæ æмæ тренертæ дæр.

«Мæн фæнды банысан кæнын ацы спортивон цауы стыр нысаниуæг. Уыцы тох Хуссар Ирыстоны адæмæн тынг ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын у. Адæмы афтæ базмæлын кодта æмæ æдзухдæр дзырд цæуы Гасситы Мураты радон тохыл, развæлгъау ын дæттынц æвæрццаг прогнозтæ дæр. Алкæйдæр нæ фæнды, цæмæй фæуæлахиз уа. Æз арæх адзурын Сочимæ, æдзухон бастдзинад мын ис Мураты тренер Сланты Виталиимæ. Фæстаг хатт куы ныхас кодтам, уæд мын радзырдта, зæгъгæ, ахæм стыр цымыдисимæ æнхъæлмæ кæсой ацы тохмæ, уый æнхъæл мæхæдæг дæр нæ уыдтæн. Ныртæккæ Сочийы ацы хъуыддаджы алыварс ахæм æндыгъддзинад æвзæры æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Уый æндавы, кæй зæгъын æй хъæуы, Гасситы Муратыл дæр. Сланты Витали ма радзырдта уый æмæ Мурат йæхи аирхæфсынмæ куы рахызт, уæд ыл кæй амбырд сты тынг бирæ адæм автографтæ дзы райсыны тыххæй. Кæд, зæгъгæ, 6 хъахъхъæнæгимæ уыдис, уæддæр ма йæ тыххæй раскъуыдтой. Æнæуый, æхсызгон хъуыддаг куыднæ у, ахæм æмвæзадыл фыццаг хатт уагъд цæуы турнир Уæрæсейы æмæ дзы хайад исы не ʻмзæххон. Уый стыр кад у махæн. Спортсментæй дунеон боксы зындгонд чи сты, уыдон иууылдæр сты бынаты, стæй канд уыдон нæ, фæлæ ма бирæ æндæртæ, спортуарзджытæ. Æмæ уый нырма у райдиан. Адæм цæудзысты дарддæр дæр. Хуссар Ирыстонæй дæр бирæтæ ацыдысты æмæ цæуынц. Иууылдæр стыр цымыдисимæ æнхъæлмæ кæсынц ацы тохмæ. Нæ лæппутæ семæ аластой ирон тырысатæ дæр.

Æз æй хорз æмбарын Гасситы Мурат ныртæккæ цы æнкъары, уый. Уыйбæрц адæм æм сæхи æлвасынц æмæ куыд гæнæн ис, афтæ йæ фæхибар кодтой, фæлæ, зæгъгæ, телефон уæддæр йæ дзурынæй не ʻнцайы. Исгæ та йæ нæ бакæндзынæ», – радзырдта Уалыты Альберт.

РХИ-йы боксы Федерацийы президент ма куыд банысан кодта, афтæмæй Мураты фарсхæцджытæ, йæ фарсмæ æрбалæуд дыууæ хуызонæй æндавы спортсменыл. Иуæй дæтты стимул, цæмæй фæуæлахиз уа, аннæмæй та йыл æвæрынц стыр бæрндзинад, æмæ уый афтæ дæр у. «Мах хъуамæ æмбарæм уыцы уавæр æмæ æндыгъддзинад æмæ уæм йæ хуыздæр фарсхæцджытæ», – загъта Уалыты Альберт.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй чысылæй фæстæмæ зоны Гасситы Мураты. Мурат у, йæхиуыл бирæ чи кусы, физикъон æгъдауæй хорз цæттæ чи у, ахæм уæздан, хиуылхæцгæ, æмбаргæ ирон лæппу.

«Дыууæ спортсмен дæр сты хорз цæттæ æмæ развæлгъау хатдзæгтæ аразæм, уый зын зæгъæн у. Уымæн æмæ у профессионалон бокс æмæ ахæм æмвæзадыл боксы лæмæгъ ныхмæлæуджытæ нæ вæййы. Мах иууылдæр æрмæстдæр бæллæм, цæмæй Гасситы Мурат фæуæлахиз уа, ирон лæджы кад та бæрзонд сиса æмæ дунейыл ныхъхъæр уа йæ ном», – цины æнкъарæнтимæ дзырдта Уалыйы фырт.

Уый ма журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй цхинвайлæгтæн фадат уыдзæн 3-æм февралы кафе «Винченцо»-йы комкоммæ эфиры Гасситы Мурат Юниер Дортикосы тохмæ бакæсын. Альберт куыд загъта, афтæмæй сæрмагондæй ацы тохы тыххæй æлхæд æрцыдысты стыр телевизор æмæ проектор. Тох мæскуыйаг рæстæгмæ гæсгæ трансляци кæндзысты 20.00 сахатæй.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.