РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд æхсæнадон организаци «Дарьял»-ы  активон архайджытимæ йæ сæрдар Салбиты Гаирбекы сæргълæудæй.

Æхсæнадон организаци «Дарьял»-ы уæнгтæ сæхæдæг сты Хъазбеджы районæй рацæугæ æмæ бынæттон цæрджытæ. Уыдон иу æмæ дыууæ хатты нæ хъусын кодтой, Гуырдзыстоны хицауад сын бар кæй нæ дæтты сæ райгуырæн зæххыл сæ хиуæттимæ фембæлынæн, сæ фыдæлты ингæнтæ бабæрæг кæнынæн.

“Цы проблемæтыл дзурæм ныр бирæ рæстæг, уыдон æнæхъусдардæй нæ зайынц, фæлæ уыимæ иумæ хъæуы ссарын ног фæндæгтæ, бацагурын ног организацитæ ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй”, – загъта Салбиты Гаирбек. Уый банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы æмæ РЦИ-Аланийы къудариуæггæнджыты номыл, афтæ ма дыууæ паддзахадты парламентты номыл дæр бацæттæ кодта сидт. Цыран дзырдæуы, цæмæй уыдон хæст уой иу позицийыл, ацы фарсты иу хатдзæгмæ æрцæуой.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон иуварс нæ лæууы ацы проблемæ  скъуыддзаг кæныны фарсты.

“Æз алы хатт дæр дзырдтон, цыфæнды фарст ма уа ирон адæмæн, ма хъуамæ уа дих хуссар æмæ цæггаты проблемæтыл. Уыдон сты нæ иумæйаг проблемæтæ. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон Тырсыгомы цæрджытæ æмæ уырдыгæй рацæуджыты интерестæ хъахъхъæндзæнис алыгъуызон æмвæзæдтыл. Хуссар Ирыстоны делегаци ацы фарст æрæвæрдта Женевæйы дискусситы дæр”, – загъта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны минæвар афтæ кæй зæгъы, зæгъгæ, Гуырдзыстоны территорийыл сæ куыддæриддæр фæнды, афтæ хъуамæ архайой, ууыл не сразы сты Женевæйы дисскуситы æмсæрдæртты, уымæн æмæ уымæй æхсæнадæмон барады нормæтæ хæлд цæуынц.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.