Политикон партитæ «Дзыллæты иудзинад», «Ныхас» æмæ «Адæмон парти» кæй баиу сты, уый тыххæй знон цы брифинг ауагъдæуыд, уым сæ хъуыдытæ загътой ацы партиты лидертæ æмæ Парламенты депутаттæй цалдæр. Брифинг уагъта «Адæмон парти»-йы лидер Плиты Александр.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Парламенты æртæ политикон парти иу кæнынц иууон депутатон баиугæнды конкретон хæслæвæрдты скъуыддзаг кæныны тыххæй.

«Мах нæ партиты уымæн баиу кодтам, æмæ нæ фæндæттæ, нæ фиппаинæгтæ Парламенты фылдæрты парти ницæуыл нымайы æмæ адæммæ нæ хæццæ кæнынц. Нæ депутаттæй алчи дæр бæрæг этапты зæгъынц сæ хъуыды, сæ фæндиæгтæ, фæлæ сæ Парламент нæ райсы. Уый тыххæй æртæ политикон партийы баиу сты, цæмæй иумæ скъуыддзаг кæной фарстатæ», — банысан кодта Плиты Александр.

«Адæмон парти»-йы лидер куыд загъта, афтæмæй ацы позицийы тыххæй уый фехъусын кодта комкоммæ эфиры иу азы размæ.

«Телеуынынады руаджы мах бафæдзæхстам Парламенты спикер, парти „Иугонд Ирыстон“-ы лидеры, афтæ кусæн кæй нæй, уый тыххæй. Партиондзинады принципмæ гæсгæ кусын раст нæу. Хъыгагæн, нæ Парламенты фарстатæ скъуыддзаг цæуынц, раст у æви нæ, уымæ гæсгæ нæ, фæлæ партитæм гæсгæ», — банысан кодта уый.

Ацы фарсты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта парти «Дзыллæты иудзинад»-ы лидер Чилæхсаты Владимир.

«Парламенты ис цыппар партийы. Ацы партитæй „Ныхасы“ ис 4 депутаты, Адæмон партийы — 4 депутаты, „Дзыллæты иудзинады“ — 6 депутаты, „Иугонд Ирыстоны“ та ис 20 депутаты. Адæмы пайдайæн фарст мах куы раразмæ кæнæм, уæд нæ фарстатæ хынцыд нæ фæцæуынц, нæ ныхас нын уæлæмæ нæ уадзынц фылдæрты партийы уæнгтæ. Парламенты Сæрдаримæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ныхас кодтам, цæмæй нæ фæндæттæ дæр хынцыд цæуой, уый тыххæй, фæлæ …

Зæгъæм, мах фæндыд нæхи партийы уæнгтæй иуы иннæмæй баивын, уыцы фарст рахастам Парламенты размæ, фæлæ фылдæрты парти уыцы фæндоныл не сразы.

Мах адæмы æвзæрст стæм æмæ нæ фæнды адæмы пайдайæн исты саразын, уый тыххæй сæрмагонд фарстатæ нæ, фæлæ адæмы фарстатæ хъуамæ скъуыддзаг кæнæм. Хъыгагæн, алы хатт афтæ нæ вæййы», — банысан кодта партийы лидер.

Чилæхсаты Владимир куыд загъта, афтæмæй Президентон æвзæрстытæ куы уыдысты, уæд Тыбылты Леониды ныхмæ чи уыд, уыдоны иууылдæр, Президент суæвгæйæ, уый йæхимæ æрбаввахс кодта. Уымæн æмæ йæ фæндыд, цæмæй Ирыстоны уа иудзинад, цæмæй æхсæнад дихтæ ма уа. Уый хорз хъуыды, хорз практикæ у.

«Мах дыууæ азы Парламенты стæм æмæ, нæ кæрæдзи хæрынæй дарддæр, адæмы пайдайæн цы сарæзтам? Дыууæ азы дæргъы махæн нæ бон уыд, цæмæй адæмæн фенын кодтаиккам исты хорздзинад. Фæлæ хи сæрмагонд амбицитæ адæмы проблемæтæй уæлдæр куы уой, уæд куыст размæ нæ цæуы. Дзырд цыд профессионалон Парламенты тыххæй дæр. Уый куы сырæзтаид, уæд алы депутат дæр истаид 35 мин сомы. Ууыл æз разы нæ уыдтæн æмæ фæндон бахастон, цæмæй нæм кæд уыцы æхцайы фæрæзтæ ис, уæд сæ ахынцыдтаиккой Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ, цæмæй сæ уыдон спайда кодтаиккой æнæзæнæг бинонтæн æххуысæн, кæнæ та нæ адæмæй чысыл мыздтæ 4-5 минтæ чи исы, уыдоныл сæ байуæрстаиккой, цæмæй уыдонæн дæр сæ мыздтæ уыдаиккой фылдæр. Ацы фæндæттыл сразы стæм æртæ партийæ, фæлæ та фылдæрты парти ууыл не сразы æмæ, хъыгагæн, уыцы фæндæттæ хынцыд не ’рцыдысты», — банысан кодта Чилæхсаты Владимир.

Парти «Ныхас»-ы лидер Æлборты Алан куыд загъта, афтæмæй чысыл нымæц партитæ баиу сты уый тыххæй, цæмæй куыст цæуа конструктивонæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы къахдзæф Парламенты суæгъды тыххæй арæзт не ’рцыд.

«Махæн сæйраг у стабилондзинад бахъахъхъæнын. Кæй баиу стæм, уый алкæмæн дæр пайда уыдзæн, уыцы нымæцы парти „Иугонд Ирыстон“-æн дæр, кæцы хъуамæ зона, махæн нæ бон кæй у альтернативон хъуыды зæгъын», — загъта Æлборты Алан.

Чысылнымæц партиты фæндæттæ хынцыд кæй не рцæуынц, ууыл сразы депутат Бесаты Зитæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæлд цæуынц Президенты Конституцион бартæ дæр. Уый тыххæй æрхаста цæвиттон дæр.

«Президенты фæндонмæ гæсгæ хъуамæ ауагъдæуыдаид Парламенты сесси Хъахъхъæнынады министрады сразыдзинады фарстаты тыххæй, фæлæ кæд æртæ партийы дæр ууыл разы уыдысты, уæддæр сесси нæ ауагъдæуыд. Уымæй хæлд æрцыдысты Президенты Конституцион бартæ.

Дыууæ азы Парламенты уæвын цъус рæстæг нæу, æмæ уыцы рæстæджы дæргъы хъуамæ скуыстаид Парламент. Хисæрмагонд амбициты аиуварс хъæуы æмæ скъуыддзаг кæнын хъæуы паддзахадæн ахсджиаг фарстаты. Ахæм фарстаты „Иугонд Ирыстон“-ы партиимæ махæн нæ хъуыды иу нæ вæййы», — загъта Бесаты Зитæ.

Йæ ныхасы кæрон уый загъта, зæгъгæ, æртæ партийы уымæн баиу сты, цæмæй Парламенты мидæггагон куыст рæвдздæрæй цæуа æмæ кæцы партийы уæнг у, уымæ нæкæсгæйæ, хынцыд цæуой алы депутаты фæндæттæ дæр.

Нæ уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.