Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл ацы аз 158 азы кæй сæххæст ис, уый цытæн Хуссар Ирыстоны фæсивæдон организаци «Иугонд Алани» интернеты социалон хызæгты руаджы фыццаг хатт ауагъта литературон видео-конкурс «Нæхи Къоста». Хайад дзы райстой куыд кæстæр фæлтæр, афтæ хистæр кары адæм дæр. Фæлæ куыд федтам, уымæ гæсгæ конкурсы фылдæр хайадисджытæ уыдысты кæстæр фæлтæр. Конкурс «Нæхи Къоста»-йы æдæппæт хайад райстой 40 адæймагæй фылдæр. Уыдон уыдысты куыд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй, афтæ ма Уæрæсейы горæттæй дæр.

Ацы конкурс ауадзыны фæткмæ гæсгæ видео-роликтæ æвæрд цыдысты интернеты социалон хызæгтæ «Фейсбук», «Одноклассники», «Вконтакте»-йы æмæ сын уымæ гæсгæ интернетæй пайдагæнджытæ кодтой хъæлæс лайктæ æвæрыны руаджы. Йæ хайадисджытæн та сæ сæйраг хæс уыдис Хетæгкаты Къостайы уацмыс хорз æмæ аив бакæсын.

Видеоæрмæджытæ конкурсмæ æрвыст цыдысты æнæхъæн мæйы дæргъы. Йæ организатортæ куыд загътой, уымæ гæсгæ иу боны мидæг-иу уыдон истой 7-8 видеоæрмæджы. Уый фæстæ сæ уыдон æрвыстой интернет хызæгтæм æмæ сын адæм сæхæдæг уыдысты тæрхонгæнæг.

Литературон конкурс «Нæхи Къоста»-йæн фæстиуджытæ саразгæйæ схорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцыд 6-æм ноябры Проф-цæдисты æмбырдгæнæн залы. Хуынд æм æрцыдысты нæ республикæйы разамонджытæ Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Ацы бон ма уыдис Ирыстоны хъæбатыр æмæ зынгæ хъæбул Хуыбылты Валерийы райгуырæн бон  дæр, сæххæст ыл уыдаид 51 аз. Уымæ гæсгæ мадзаламонджытæ Карсанты Гурам æмæ Гæбæраты Аланæ банысан кодтой, зæгъгæ, фæсивæдон организаци «Иугонд Алани» йæ разы æвæры хæс, цæмæй ма рох кæной Ирыстоны зынгхуыст хъайтарты нæмттæ æмæ сын кæной кад. Уымæ гæсгæ мадзалмæ æрбацæуджытæ Хуыбылты Валерийæн йæ рухс ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæу-уынæй.

Уый фæстæ мадзалмонджытæ æрдзырдтой Ирыстоны æнувыд хъæбул Хетæгкаты Къостайы номыл фыццаг литературон конкурсы нысаниуæгыл æмæ Къостайæн йæхи цардвæнда-джы тыххæй.

«Хетæгкаты Къоста Леуаны фырт… кæцы ирон лæг нæ зоны ацы ном, кæцы ирон нæ фехъуыста йе ‘мдзæвгæтæ, йæ поэмæтæ. Зæгъ Ирыстон æмæ дæ цæстытыл ауайдзæн Къоста, зæгъ Къоста æмæ дæ цæстыты раз уыдзæн Ирыстон. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд, йæ уд. Дугимæ нæ ивынц йе ‘нæмæлгæ уацмыстæ æмæ абон дæр, ирон литературæ æмæ нæ адæмы зæрдæтæй хъуысынц йæ уацмыстæ уæгъдибарæй æмæ зæрдæбынæй.

Фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы къухдариуæггæнæг Коцты Михаил хорзæхтæ дæттыны мадзалы йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, мæнæн тынг æхсызгон  у стыр поэт, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы ном ссарыны тыххæй кæй æрбацыдыстут, уый. Махæн нæ фæсивæдон организаци архайы, цæмæй рæзын кæна Ирыстоны националон культурæ. Фæсивæды монон æмæ хæрзæгъдауон хъомыладæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый хынцгæйæ мах кусæм фылдæр ацы здæхтыл.

Къостайы тыххæй та загъта, зæгъгæ, у уый ирон адæмы патриот æмæ нæ иумиаг националон хæзна. Уый фыста куыд иронау, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр, æмæ уый руаджы æвдыста ирон æмæ уырыссаг адæмы хæлардзинад æмæ иудзинад. Къоста у алы фæлтæрæн дæр стыр хæзна æмæ не ‘хсæн цæрдзæн цалынмæ цæра йе сфæлдыстад, уæдмæ.

Литературон конкурс «Нæхи Къоста»-йы уæлахиздзаутæн ма арфæйы ныхæстæ загъта нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли:

– Мæнæн тынг æхсызгон у ахæм цымыдисон мадзал  нæм уагъд кæй æрцыдис, уый ахæм нысаниуæгджын мадзæлттæ уадзын сты æнæмæнгхъæуæг.

Æз стыр бузныг зæгъын ацы мадзалы хайадисджытæн æмæ йæ организатортæн, уæлдай-дæр та чысыл сабиты ныййарджытæн. Æз алыхатт дæр фæзæгъын уый, ирон æвзаг бауарзын кæнын сæ бон у æрмæстдæр хæдзары бинонтæн, ныййарджытæн. Цæмæй афтæ ма дзурæм не ‘взаг сæфы, ничиуал ыл дзуры, уый тыххæй нæ хъуамæ алчидæр ахъуыды кæна ацы фарстыл.

Конкурсы фæуæлахизуæвджытæ хуынд æрцыдысты сценæмæ. Интернеты æргом хъæлæсæппæрсты руаджы 332 лайкы руаджы фыццаг бынат бацахста Бекъойты Моникæ, 300 лайкы та райста Гасситы Арсен  æмæ сси дыккаг бынаты хицау. Æртыккаг бынат та 198 лайкимæ бацахста Цхуырбаты Къоста. Уæлахиздзаутæ æмæ иннæ хайадисджытæ хорзæх-джын æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ грамотæтæй.

Мадзалы ма музыкалон номыртæй барæсугъд кодтой Дзауы астæуккаг скъолайы хореографион къорд «Скъиф», нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны брейк-дансы къорд «Арс», фæсивæдон юмористон къорд «Пысыра», актер æмæ фокусæвдисæг Джыгкайты Эльбрус æмæ æндæртæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.