Тахынæгтæ æмæ деликатесты æрдæгфабрикаттæ уадзæн ног куыстуат «Растдон» ацы мæйы скусдзæн æххæст хъомысадæй æмæ систематикон æгъдауæй райдайдзæн уадзын маркæ «Нартская» номимæ продукци. Технологион æгъдауæй куыстуаты сфæлвæрдтой ацы азы уалдзæджы.

«Растдон» у уыцы  сæудæджерадон куыстуæттæй сæ иу, кæцыты сарæзта «Евродон»-ы командæ ногæй, ома, проект кæнынæй продукци уадзынмæ. Советон Цæдисы рæстæджытæй фæстæмæ ахæм цæвиттонтæ Хуссар Ирыстоны æмæ æндæр регионты дæр бирæ нæй.

Проект вазыгджын экономикон рæстæджы рацыд арæзтады æмæ технологион цикл æрбæстон кæныны стади. Бындур ын æвæрд æрцыд 2015 азы сентябры мæйы. Арæзт та цыдис 2016 азы августæй декабрмæ. Ныр та уадзын райдайдзæн продукци.

Зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, куыстуат цæттæ у гъæдджын продукци уадзынмæ, æмæ уымæй бынæттон фермертæн фадат ратдзæн фосдарды продукттæ, систематикон æгъдауæй, реализаци кæнынæн. Цы продукци уадздзæн, уымæн йæ ассортимент уыдзæн уæрæх. Ам уадздзысты алыгъуызон натуралон æрдæгфабрикат-тæ, тахынæгтæ, сосискæтæ, сарделкæтæ, фæздæгдзыд, деликатесон продукттæ æмæ æндæр ахæмтæ, кæцыты æхсызгонæй агурынц фæлхасгæнджытæ.

Продукцийы ахæм ассортиментыл кусгæйæ, хынцыд цыдысты бынæттон гастрономион традицитæ, пайда цыдис национ рецепттæй.

Завод ифтонг у Уæрæсейы æмæ Европæйы уагъд нырыккон ифтонггæрзтæй. Æвæрд дзы æрцыдысты универсалон продукци уадзæн хæххытæ, кæцытыл рауадзæн ис дзидзайы гъæдджын продукци, куыд стуры, афтæ хуыйы æмæ фысы дзидзайæ дæр.

Технологион процессы хъахъхъæд цæудзысты æнæмæнгхъæуæг нырыккон процедурæтæ. Афтæ,  аргæвдыны фæстæ дзидза æвæрд цæудзæн уазалгæнæнты, цал боны æмбæлы, уый бæрц,  цæмæй сцæттæ уа тахынæг уадзынæн.

Куыстуат ифтонг у ветеринарон  постæй, ис дзы ветеринарон дохтырæн сæрмагонд кусæн бынат. Æвæрд дзы сты æппæтхъæуæг лабораторон ифтонггæрзтæ дæр.

Йæ бынаты тыххæй куы зæгъæм, уæд ис хæрзвадат бынаты. Йæ иумæйаг фæзуат у 12 гектары. Ахæм стыр фæзуат æй цæмæн хъæуы, уый тыххæй компани «Еврадон»-ы генералон директор Уанеты Вадим афтæ зæгъы:

– Мах кæддæриддæр райдайæм афтид бынатæй æмæ æз зонын, ам дæр нырма алцæмæн йæ райдиан кæй у. Мах æппæт нæ проектты рæзын кæнæм, фæзыны дзы инфрастуктурæ. Мæн ныфс ис, ам дæр афтæ кæй уыдзæн. Дзидзайы куыст кæнын æгас дунейы дæр у иттæг æфтиагджын, перспективон æмæ цымыдисон. Æндæр хъуыддаг у Уæрæсейы ацы бизнесы нырма дæр цъус адæймæгтæ кæй архайынц. Мах ныфс ис, нæ проект бынæттон амалиуæггæнджытæн кæй уыдзæнис разæнгардгæнæн хос æмæ сæ бавæрд кæй бахæсдзысты регионалон базары рæзтмæ. Æз амондджыныл мæхи нымаин, кæд æмæ бынæттон активон æмбæстæгтæн фадат фæуа сæ фермерон хъуыддæгты сæ фæндтæ æххæст кæнынæн, фылдæр кæна фосы нымæц, уавæртæ арæзт цæуа продукци реализаци кæнынæн, регион йæхицæн скад кæна, цы продукци уадза, уымæй. Ныфс нæ ис, Уæрæсейы агросæудæджерадон къабазы фыццаг къахдзæфтæ чи арæзта, уыдоны фæлтæрддзинад хаст кæй æрцæудзæн Иры зæхмæ, кæй баххуыс кæндзæн ацы плæнттæ реализаци кæнынæн æмæ хорз цæвиттон кæй уыдзæн, йæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадæй регионы экономикæ рæзын кæныны хъуыддаджы чи пайда кæна, уыдонæн.

Хуссар Ирыстоны нырмæ нæ уыдис, фæлхасгæнджыты бынæттон дзидзайы продкуцийæ сæудæджерадон масштабты ифтонггæнæг, кæцы систематикон æгъдауæй реализаци кодтаид гарантигонд гъæдджын продукци.

Бынæттон амалиуæггæнæг Уалыты Роберт куыд нымайы, афтæмæй ныфс ис, ацы проекты ахæм зындгонд уæрæсейаг амалиуæггæнæг, куыд Уанеты Вадимы æмæ ахæм егъау уæрæсейаг компани, куыд «Евродон»-ы хайадист гаранти кæй дæттынц хорз фæстиуæгæн.

Куыстуат райдианы продукци уадзынæн æрмæст бынæттон хомысæй нæ пайда кæндзæн, фæлæ ма æндæр регионтæй кæй ласой, æхæм хомысæй дæр. Фæстæдæр, республикæйы фермерон хæдзарадтæ куыд рæзой, афтæ куыстуат хиздзæн бынæттон хомысæй пайда кæнынмæ. Йæ продукци та реализаци цæудзæн, куыд Хуссар Ирысоны продуктуæйгæнæн магазинты, афтæ Уæрæсейы хуссары дæр.

Райдиан этапы куыстуаты кусдзысты 40-50  адæймаджы. Специалисттæ уыдзысты бынæттон цæрджытæ. Уыдон иууылдæр цæттæдзинад райстой «Евродон»-ы куыстуæтты.

2015 азы 18 сентябры, куыстуатæн бындур æвæргæйæ, проекты хайадисджытæ уым бавæрдтой капсулæ фидæны фæлтæртæм ныстуанимæ, цыран дзырдæуы: «Мах фæнды, цæмæй нæ проект амондджын фæндаг байгом кæна бынæттон продукттæн, баххуыс кæна республикæйы хæлцадон продукттæй хæдифтонгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, разæнгард кæна бынæттон амалиуæгады рæзт. Уадз, нæ проект ног фæлтæртæм адæттæд фæллойадон эстафетæ æмæ Райгуырæн бæстæйæн кæддæриддæр куыстæй кад кæныны фæндондзинад».

Уадз, æрцæуæд ацы ныхæстæ æмæ «Растдон» та, куыд фæзæгъынц, сæдæйы сæр фæуæт!

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.