Адæймаг зæронды кары дæр хорзæн кæй ном æрхъуыды кæны, уыдоны фыццæгтæм хауы, ахуыры фæндагыл æй чи бафтыдта, царды æппæт хорздзинæдтæй йæ чи хайджын кодта, уыцы зондамонæг – ахуыргæнæг. Æцæгдæр, ахуыргæнæджы удыхъæд афтæ у æмæ йæм цы хорз миниуджытæ ис ахуыр – хъомылады хъуыддаджы, уыдонæй æххæстбæрцæй хайджын куы уаиккой рæзгæ фæлтæр. Адæмон ахуырады кусджытæ буц æмæ сæрыстыр сты, ахуыргæнæджы кадджын номы аккаг чи у, æппæт йæ цард кæстæрты хæрзæгъдауы хъомылады архайдæн чи нæ æвгъау кæны, ахæм цæстуарзон æмæ намысджын ахуыргæнджытæй. Хатыдтæн æй, ахæм зондамонджытæй æххæст кæй сты Цхинвалы горæты иумиагахуырадон скъолатæ, раззагдæрты рæнхъыты ныфсджынæй кæй цæуынц, æвзонг фæлтæрæн сæ зонындзинæдтæ рæдауæй кæй хайджын кæнынц. Æцæгдæр, нæ фæрæдыдтæн, горæты адæмон ахуырады хайады ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Æлборты Эммæйы зæрдиаг æмæ разæнгардгæнæг ныхасмæ куы хъуыстон, уæд.

– Фыццаджыдæр мæ зæрдиагæй раарфæ кæнын фæнды æппæт ахуыргæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн, фæнды мæ уыдонæн æнтыстытæ сæ зын, фæлæ хæрзиуæгон куысты. Ахуыргæнæгæн алы бон дæр вæййы бæрæгбон, йæ ахуыргæнинæгтæй йæ зæрдæ куы фæрухс кæны, уæд. Бузныг зæгъын мæ фæнды сæрмагондæй  нæ Ахуырады министрадæн, бирæ ахуыргæнджыты æвæллайгæ фæллойæн аккаг аргъ кæй скодта æмæ сын кæй радта уæлдæр къæпхæны ахуыргæнæджы нæмттæ.

Нæ горæты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй алкæй æнæзæрдæхудт куыст дæр тынг хорз зонын æмæ мæ  фæнды уыдон кой скæнын. Æвзонг ахуыргæнæг у горæты фыццæгæм скъолайы ахуыргæнæг Санахъоты Мая, фæлæ ныридæгæн бæрæг у, ахуыргæнæджы куыст кæй уарзы. Æвзонг ахуыргæнæг зæрдиагæй куы куса, уæд уый зæрдæйæн уæлдай æхцондæр у. Ацы скъолайы ма раппæлинаг фæллой кæны æмæ мадæлон æвзаг амонын йæ зæрдæмæ арф исы Коцты Галинæ дæр. Дыккæгæм скъолайы дæргъвæтин азты  ирон æвзаг æмæ литературæ цæстуарзонæй амоныныл йæ уд хъары раззагон ахуыргæнæг Тедеты Циалæ. Йæ алы урок дæр вæййы цымыдисон, рæзгæ фæлтæрæн уарзын кæны се взаг æмæ йын йæ æнæзæрдæхудт куыстæй стæм райгонд. Ацы скъолайы ма ноджыдæр раззагон ахуыргæнджытыл нымад сты Тыджыты Заирæ, Гæбæраты Лианæ æмæ Дзабиты Лорæ. Цæвиттойнаг æмæ раззагон ахуыргæнджытæй цух нæу 3-аг скъола дæр, уыдон та сты Хъуылымбегты Рая æмæ Мамиты Ларисæ. Мамиты чызг ма кусы ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны институты æмæ йæхæдæг бирæ цæвиттойнаг уроктæ фæуадзы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн. Тынг бирæ зонындзинæдтæ кæмæ ис, ахуырдзаутæн йæ зонындзинæдтæ чи нæ хæлæг кæны, ахæм у нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Тедеты Батрадз. Æрыгон фæлтæр кæддæриддæр арф зонындзинæдтæ цы ахуыргæнджытæй хъæздыг кæнынц, арф мидисджын уроктæ чи фæуадзы, уыдон сты 6-æм скъолайы  мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ, Цхуырбаты Луизæ æмæ Челæхсаты Зæлинæ. Æлборты чызг ма хъавыд горæты иннæ скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджыты хорзы кой ракæнын дæр, фæлæ йын загътон, уæлдæр æрхæсгæ цæвиттонтæ фаг кæй сты. Нæхи рады та уыдонæн дæр зæгъæм бузныг сæ арфæйаг куысты.

Ахуырады методист бузныг зæгъы нæ Хицауадæн, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыры æмвæзад сырæзын кæнынмæ хуыздæр хъусдард кæй аздæхтой, уый тыххæй. Скъолаты ис тынг хорз кабинеттæ, ифтонг сты алыхуызон литературæйæ, стæй цæстуынгæ æрмæджытæй, æгæрыстæмæй ифтонг сты ахуыры техникон фæрæзтæй. Пайда сæ кæны алы ахуыргæнæг дæр æмæ уыдон дæр стыр ахъаз сты ахуыры æмвæзад фæхуыздæр кæнынæн. Кабинетты къултыл конд сты, кæй цард æмæ сфæлдыстад ахуыр кæнынц, уыцы фысджыты къамтæ. Скъоладзаутæ иууылдæр ифтонг сты ахуыргæнæн чингуытæй дæр.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ  нæ горæты скъолаты цы мадзæлттæ ауадзынц, уыдонæй иууыл цымыдисондæр кæй вæййынц, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты разамындæй скъоладзаутæ кæй бацæттæ кæнынц, уыдон. Зæгъæм, тынг цымыдисон вæййынц поэзийы изæртæ, ауадзынц ма зæрдылдарæн бæрæгбонтæ, ирон адæмы буцдзинад Хетæгкаты Къостайы райгуырды бон, Абайты Васойы гуырæн бон æмæ æндæртæ. Алы аз дæр ауадзæм аив кæсыны конкурс ахуырдзауты хсæн ирон поэтты æмдзæвгæтæй, бацæттæ кæнынц æмæ ауадзынц викторинæтæ Нарты кадджытæй. Горæты алы скъолайы дæр ирон ахуыргæнджытæн ис культурæ æмæ традицийы уроктæ, бацæттæ сæ кæнынц хорз æмæ ахуырдзаутæ зонгæ кæнынц нæ адæмы хъæздыг бынтимæ. Хæрз æрæджы та 2-æм скъолайы ахуыргæнæг Дзабиты чызг ауагъта ацы темæйы фæдыл тынг цымыдисон мадзал æмæ дзы се ппæт дæр баззадысты райгондæй. Уæлдæр æрхæсгæ мадзæлттæ ауадзынæн ахуырады хайад скъолаты ахуыргæнджытæм арвиты нывæзт-программæ æмæ сæ куыст ауадзынæн пайда кæнынц уымæй.

Æлборты Эммæ ноджыдæр бузныг загъта ахуыргæнджытæн сæ цæсгомджын куысты тыххæй æмæ йæ бафæндыд уыдонæн ноджыдæр хуыздæр фæстиуджытæ сæ дарддæры хæрзиуæгон архайды.

                                                          ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.