Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бæрæгбонæн нæ адæм куыд кад æмæ аргъ кæнынц, уый фæдыл нын сæ хъуыдытæ дзурынц:

Гæззаты Иван – журналист:

– Уыцы фæззæг уыдтæн Санкт-Петербурджы. Фæстæмæ мæм билет уыд 23 ноябры æмæ æртахтæн Дзæуджыхъæумæ. Уавæр ам, Хуссар Ирыстоны цахæм у, уый уадид нæ рахатыдтæн. Чизоны уымæн æмæ зонгæтæй никæуыл амбæлдтæн, æнæзонгæтæй та алчидæр цыд йæхи фæндагыл. Дзæуджыхъæуæй такситæ нæ цыдысты, цæмæннæ, уый мын нæ загътой, сæ иу мын афтæ бакодта, зæгъгæ, дын ардыгæй Цхинвалмæ ничи акомдзæн, фæлæ, ныццу Алагирмæ, уырдыгæй цæуынц. Æрбацыдтæн Алагирмæ æмæ уырдыгæй, æцæгæйдæр, такси таксийы фæдыл цыд Цхинвалмæ. Хабар базонгæйæ, цалдæр иронимæ рацыдтæн Цхинвалмæ. Шофыр уавæр зыдта хорз æмæ нæ бафæдзæхста, зæгъгæ, гæнæн ис, æмæ Дзауæй дарддæр ма ацæуæм. Дзаумæ куы æрхæццæ стæм, уыйбæрц тыхст æмæ знæт адæм куы федтам, уæд махæн дæр цы нæ батыхсæн уыд. Цыдыстæм, фæлæ нæ нæ рауагъта, йæ ном ын нал хъуыды кæнын, фæлæ куыста районы æфсæддон комиссариаты, уыд Къусратæй. Загъта нын, Чъехы æнæформалтæ æд бæлццæттæ æрцахстой Дзаумæ рейсон автобусы, ацыдысты йæм æмæ сæ куы æрбакæной, уæд уыдзæн бæрæг. Бирæ фенхъæлмæ кастыстæм, фæлæ куы æрбацыдысты, уæд та рацæуынæн фадат нал уыд æмæ баззадыстæм Дзауы. Райсом рацыдыстæм, Ярославлæй Кутаисмæ машинæйы хæйттæ чи ласта, иу ахæм шофыримæ. Бирæ нын фæфыдæбон кодтой гуырдзиæгтæ фæндæгтыл, фæлæ нæ шофыр рахизын кодта, ног фæндаг Присы цур кæм иу кæны, уым. Федтон, ТЭК-ы цы бирæ æнахуыр æмæ цыдæргъуызон гуырдзиæгтæ уыд, уыдоны дæр. Банкъардтон ирон адæмы зæрдæйы уаг æмæ ахаст дæр. Ацы цауы тыххæй ма ис æндæр цыдæртæ æрымысæн дæр, фæлæ мæн, сæйраджыдæр, зæгъын фæнды уый, æмæ Гуырдзыстоны уыцы бирæминон æрбацыд цасдæрбæрцæй фæахъаз нæ хæстхъом фæсивæд, нæ адæмæн. Уымæн æмæ уал адæймагæн сæ фæндаг æрæхгæнын æнцон нæу, фæлæ сын фæлыг кодтой сæ хинæйдзаг хъуыдытæ. Уыцы бонты нæ адæм баууæндыдысты сæ иудзинад æмæ хъæбатырдзинадыл æмæ уыцы хорз миниуджыты фæрцы уый фæстæ стырдæр зынтæн ныффæрæзтой.

Босыкты Антонинæ –  хæдзарон æфсин

– Ацы бонæн йæ ном йæхиуыл дзурæг у. Уыцы бон, гуырдзиаг фæткæвæрæг, ома, милиционертæ сæхимæ æмбæлон фæтк æвæрыны фæстæ æрбафсæрстой нæ горæты æрбахизæнтæм. Алчидæр зоны æмæ йæ фæлхатт нал кæндзынæн – нæ лæппутæ афтид армæй сæ разы цæнгтæбыдæй слæууыдысты, æмæ фæлæууыдысты, цалынмæ лæбурæг знаг йæхи фæстæмæ нæ айста, уæдмæ. Уæд алы змæлд алы хъуыддаг дæр æвиппайды æвзæрд, фæлæ алчидæр иу хъуыдыйыл хæст уыд – знаг горæтмæ ма хъуамæ æрбахиза. Æмæ нæ хъæбатыр лæппутæ равдыстой æхсардзинад æмæ адæмон иудзинад.

Цæнгтæбыдæй цы лæппутæ æрлæууыдысты Згъудеры къуылдымы бын, уыдон фæстæ æрæмбырд бирæ – æвзонгæй, ацæргæйæ. Уыдон дæр стыр ныфс бауагътой нæ лæппуты æмæ лæууыдысты, чысыл – фæлæ уæлахизмæ. Æз тынг хорз хъуыды кæнын, уыцы бон нæ сыхаг нæлгоймæгтæ, уыцы цау фехъусгæйæ, чи æмбонды хъил, чи фæрæт фелвæста, æмæ лыгъдысты зæронд хиды ‘рдæм. Алчидæр цыд иу хъуыдыимæ: Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын, знаджы горæтмæ ма æрбауадзын. Хъыгагæн, уæдæй райдыдтой нæ хъизæмæрттæ, семæ фыдæвзарæн дуг, уæззау цард, нæ равзаргæ фæсивæды сафын  сæрыстыр кæмæй уыдыстæм æмæ абон нæ фарсмæ чи нал ис, уыцы хъæбатыр лæппуты.

1989 аз 23 ноябрь нæ кæрæдзимæ æрбангом кодта æмæ уæдæй уæлахизы бонмæ, Стыр Уæрæсе нæ цалынмæ цыфыддæр знагæй ссæрибар кодта, нæ бæстæйы хæдбардзинад банымадта, уæдмæ лæгæрстам уæззау хæстон азты фæндæгтыл.

Стыр аргъ æмæ кад кæнын ацы бонæн, уыцы уæззау азты бæстæйы разамонджытæн, нæ хъæбатыр æмæ фæразон адæмæн.

Наниты Асиат – фыссæг:

– Уыцы бон – 23-æм ноябрь, уыд мигъбон. Æнæуый дæр æнкъардзæрдæ уыдыстæм æмæ ма мыл боныгъæд дæр ноджы йæхи тар æфтыдта. Бæргæ нын дзырдтой «фидыдады митинг» ауадзынмæ цæуæм, фæлæ сыл не ‘ууæндыдыстæм æмæ нæ алчидæр йæхи катай æмæ сагъæсгъуыз æвдыста. Куысты бон уыд, фæлæ нæ иуæн дæр йе уонг куыстмæ нæ тасыд. Рудзгуытыл баззадыстæм æмæ дæлæмæ цæуæджы дæр фарстам, æмæ уæлæмæ цæуæджы дæр: «Нæма æрбацыдысты?»

Цыппар сахат æххæст кодта, афтæ адæм цæуын райдыдтой горæты æрбацæуæнмæ. Мах дæр нæ куыст ныууагътам æмæ атындзыдтам. Нæ адæммæ кæсгæйæ, мæ зæрдæ рысти мæхимид: лыгъдысты, чи – мæ разæй, чи  – мæ фæдыл, хуыздзыд æмæ тарстхуызæй…

Горæты æрбацæуæны ныййæфтам дзæвгар адæмы. Æниу нæ горæты ничиуал баззад, иууылдæр уыдысты уым… Фæндагыл цæхгæрмæ машинæтæ æмæ трактор урæд, лæппутæ гуыффæйы лæууынц, се ‘хсæн мæ фырты суыдтон, йæ къухы тырыса, афтæмæй.

Нæ «митинггæнджытæ» фæндаджы иннæ фарс лæууынц, иу хай та дзы уæлвæндаг къуылдымыл лæу-уыдысты, сæ сæртыл цыдæртæ баст, сæ цæнгтыл дæр афтæ æмæ бынмæ кастысты сау халæттау.

Уым фæлæууыдыстæм изæрмæ, нæ хъус дардтам, цы уыдзæн дарддæр, уымæ. Стæй хъус-хъус радзырдтой, мидæмæ сæ нæ уадзынц æмæ сæ фылдæр фидисимæ здæхынц. Уæд сулæфыдыстæм æмæ сылгоймæгтæй чидæртæ рацыдыстæм. Нæ лæппутæ та – парчы æфсæн æмбонды хъилтæ рафтыдтой æмæ афтæмæй лæууыдысты…

Рацыдыстæм, фæлæ мæ фыртмæ мæ зæрдæ æхсайдта – «хæдзармæ рацу æмæ баулæф» зæгъæн ын нæй, æмæ æз дæр æхсæв-бонмæ рудзгуыты фарсмæ фæбадтæн æмæ уырдыгæй фæкастæн адæммæ, мыййаг исты, уæд цæмæй али-дзон…

Уæддæр нæ кæрæдзийæн ныфс уыдыстæм…

Дыккаг бон æгадæй куы аздæхтысты, уæддæр иу мæй алы æхсæв дæр 10-11 сахаттæм иууылдæр лæууыдыстæм лæппуты фарсмæ…

Цæмæй зыдтам, уый фæстæ нæм цы хъизæмæрттæ æнхъæлмæ каст…

Тедеты Валя – рауагъдад «Хуссар Алани»-йы директор:

– 23-24 ноябрмæ æхсæв Хуссар Ирыстоны историйы баззад æнæферохкæнинагæй. Уыцы уазалы  цхинвайлаг фæллойгæнæг адæм, уæлдайдæр фæсивæд, кæмæндæрид-дæр нæ горæт, ирон адæм, ирон культурæ æмæ намыс зынаргъ сты, уыдонæй фынæй ничи кодта: се ‘хсæв арвыстой Згъудеры къуылдымы бын, гом арвы бын.

Уырдæм, гуырдзиаг æнæформалон баиугæндтæ мобилизаци скодтой Гуырдзыстоны горæттæ æмæ районты фæсивæды, интеллигенцийы æмæ рацыдысты Цхинвалмæ горæты æнæсанкцигонд «сабырадон митинг» ауадзыны нысанæн. Иумиаг тыхтæй урæд æрцыдысты «митинг» аразынмæ тырнæг адæм.

Æхсæвы уазал хæццæ кодта 5-6 градусмæ. Уавæр карзæй-карздæр кодта, Згъудеры фæзилæнмæ шофыртæ ластой зæронд машинæ-ты цæлхытæ æмæ æртытæ кодтой. Бирæтæ та горæт хъахъхъæнджытæн хастой хæринæгтæ, хъарм цай.

Æнæхонгæ «уазджытæ» ныппырх кодтой ресторан «Ерцъо»-йы, сфæлдæхтой, горæтмæ бахизæны «Цхинвал» фыст кæуыл уыд, уыцы стеллæ.

Нæ фынæй кодтой горæты адæм. Уæд стыр æнгомдзинад æмæ бæрндзинад равдыстой нæ адæм. Æрмæстдæр бæрндзинады руаджы уыцы æхсæв не ‘рцыд тугкалд. Иумæйаг хъуыддаг – сабырдзинад бахъахъхъæнын сæ афтæ бангом кодта, æмæ хуыздæр зæгъæн нæй.

Цы хъуыд горæтмæ баирвæзын-мæ тырнæг уазджыты? Цы уыд сæ нысан? Официалонæй цы домдтой, уый уæлдæр загътам. Сусæгæй та..! Цымæ цæмæн бахъуыд цалдæр мин адæймаджы сæ цæрæн бынæттæй сæдæгай километртæ æддæдæр Цхинвалы горæты митинг ауадзыны сæр? Куыд бамбарын хъæуы уый? Фарстытæ бирæ. Дзуаппытæ та… æмбæхст сты.

Цхинвайлæгтæм уыд иу тырнындзинад: ма хъуамæ сфæлхатт уа 1920 азы трагеди.

Сæвзæргæ уавæрæй хатдзæгтæ аразгæйæ, горæты дзыллæйады минæвæрттæ загътой: горæтмæ цы сæдæгай милицийы кусджыты æркодтой, уыдонæй бирæтæ разындысты экстремисттæ милицийы формæйы. Гуырдзиаг хъæуты цæрджытæн байуæрстой хæцæнгæрз-тæ, кодтой, советон милицийæн чи нæ æмбæлы, ахæм митæ æмæ уымæй сæхимæ сæвзæрын кодтой хæрамдзинад, фесæфтой се ‘ууæнк.

Горæтæй æддæмæ фæндæгтыл ахизæн нал уыд, æдасæй ацæуæн сыл нæ уыд.

Иуныхасæй, ацы бон сбæлвырд кодта, нæ адæм иу кæй сты, ныфсджын æмæ хъæбатыр, цыфæнды рæстæджы дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.