Фестиваль-конкурс

Фыссæг, рухстауæг, ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы цытæн 17-æм апрелы нæ горæты Профцæдисты хæдзары уагъд æрцыд I-æм Республикон фестиваль-конкурс «Æгас дуне — театр». Хайад дзы райстой нæ горæты æмæ районты астæуккаг скъолаты хæдархайгæ къордты хайадисджытæ-ахуыргæнинæгтæ.

Мадзал сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикон Адæмон сфæлдыстады центр. Ацы центр ныр æртæ аз уадзы алыгъуызон мадзæлттæ.

Мадзал амыдтой Цоциты Никъала æмæ Гуыцмæзты Галинæ. Уыдон раарфæ кодтой æрæмбырдуæвджытæн æмæ сæ базонгæ кодтой жюрийы уæнгтимæ: жюрийы сæрдар — Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульетæ, РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг, сывæллæтты аивæдты скъолайы директор — Æлборты Æх-сæртæг, Адæмон сфæлдыстады республикон центры сæргълæууæджы хæдивæг — Дамбегти Иринæ, РХИ-йы адæмон артист, вокал æмæ хоры жанры фæдыл адæмон сфæлдыстады республикон центры методист — Гуыцмæзты Георги, Республикон Адæмон сфæлдыстады центры сæргълæууæг, РХИ-йы Культурæйы сгуыхт архайæг — Гуыцмæзты Ельзæ.

«Нæ организаци кæд æртæ азы размæ сырæзт, уæддæр махæн бантыст бирæ бакусын. Сорганизаци кодтам: бинонты коллективты фестиваль, национ хореографийы фестиваль „Хонгæ кафт“, нывты равдыст „Хуссар Ирыстон-2014 аз“, декоративон аивады равдыст, зонадон конференци ахæм темæйыл: ирон фольклористикæ, адæмон хъæзтытæ æмæ тезгъоты актуалон фарст.

Афтæ ма мах план кæнæм ацы аз 15 июнæй 15 августмæ ногдзауты парчы сывæллæттæн хъæзтытæ æмæ адæмон кæфтытæ ауадзын. Фæнды ма нæ, фидæн аз II-æм фестивалмæ Цæгат Ирыстон æмæ Хъæрæсе-Черкессийы хæдархайгæ къордты фæхонын. Афтæмæй мах рахиздзыстæм æрвылаз дæр æхсæнадæмон фестивалтæ-конкурстæ уадзынмæ. Цæмæй нæ нæ культурæ æмæ нæ ирон æгъдæуттæ ма рох кæной, уый тыххæй хъуамæ фылдæр уадзæм ахæм мадзæлттæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ. Сæйраг уæлахиз нæу, фæлæ хайад исын», — банысан кодта Гуыцмæзты Ельзæ.

Сценæйы банерыл æвдыст цыд Дæргъæвсы дзуары ныв — Цæгат Ирыстоны Дæргъæвсы хъæуы Куыртаты комы рагон кувæндон, цыран рагзамантæй фæстæмæ уагътой театралон æвдыстытæ. Фестивалы эпиграфæн ист æрцыд ирон драматурги æмæ театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон театр».

Пьесæ мыхуыр æрцыд 1912 азы, журнал «Хуры тын»-ы фыццæгæм номыры, кæцыйы уагъта Брытъиаты Елбыздыхъо Санкт-Петербурджы. Уый ирон аивад æмæ культурæйы зынгæ архайджытæ банымадтой ирон театралон æмæ драматургион аивады манифестыл.

«Кæддæриддæр дзур раст, адæмы размæ хæссут зонынад, амонд, цыкурайы фæрдыг фест, амонд — хорздзинад хæссæг у», — ахæм цæстæнгас уыд Елбыздыхъойæн театрмæ.

Брытъиаты Елбыздыхъойы эстетикон позици бындуриуæг кодта ууыл, æмæ театр сценæмæкæсæджы æрмæст ирхæфсгæ ма хъуамæ кæна, фæлæ ма йæ кæна хъомыл дæр бæрзонд хæрзæгъдау æмæ гуманон идеяты цæвиттоныл. Раджы цы театралон равдыстытæ уагъд цыд, уыдоны хайад иста Елбыздыхъо йæхæдæг дæр. Растдæр ацы сыгъдæг бынаты сæвзæрд йæ пьесæ «Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон театр»-мæ гæсгæ ирон театр. Абон ацы фоныл мах уадзæм нæ фестиваль-конкурс.

Фестиваль сæ театралон равдыстæй байгом кодтой горæт Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ. Уыдон бацæттæ кодтой Нарты эпосæй скъуыддзаг — «Нарты фæткъуы». Сæвæрдта йæ Харебаты Маринæ. Æвдыст дзы æрцыд раздæры æгъдæутты тыххæй: раздæр адæм кæй зыдтой сæхиуыл хæцын, нуæзтæй сæ бæрц кæй зыдтой æмæ афтæ дарддæр. Афтæ ма уыдон акафыдысты «Симд».

Дарддæр Тъбеты культурæйы хæдзары драмон къорды ахуыргæнинæгтæ равдыстой скъуыддзаг Тимирязев Давиды пьесæ «Дыууæ уæзхъусы»-æй. Бацæттæ сæ кодта ацы культурæйы хæдзары аивадон къухдариуæггæнæг Мæлдзыгаты Фатимæ. Хайад дзы райстой Бибылты Ацæмæз, Джиоты Арсен æмæ Цхуырбаты Георги. Ацы сценæйы йæ арæхстдзинад иттæг хорз равдыста Бибылты Ацæмæз Чертыбийы ролы хъазгæйæ.

Уый фæстæ сценæмæ рахызтысты горæт Къуайсайы Кировы хъæуы Культурæйы хæдзары ахуыргæнинæгтæ. Сæ къухдариуæггæнæг — Танделаты Луизæ. Ахуыргæнинæгтæ равдыстой æртæ инсценировкæйы: «Партизан», «Ладимхан» æмæ «Сгуыхт дохтыр». Ахуыргæнинæгтæ уыдысты тынг хорз цæттæ.

Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзары ахуыргæнинæгтæ дæр сæ арæхстдзинад равдыстой тынг хорз. Ирон драматург Кочысаты Розæйы фыст уацмыс «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра»-йæ равдыстой чысыл скъуыддзаг. Бацæттæ сæ кодта Дменисы Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси.

Нæ горæты 9-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ та бацæттæ кодтой «Аивады тæмæнтæ», режиссер-æвæрæг — Битеты Миленæ. Инсценировкæйы æвдыст цыд дыууæ хойы сæ чысыл фыдуаг æфсымæрæн куыд балхæдтой дамбаца. Инал æй рахаста дуармæ, цæмæй дзы ахъаза. Кæртмæ рахизгæйæ, чысыл лæппу фæтæрсын кодта уынджы ацæргæ сылгоймаджы, кæцы йыл бахъаст кодта милицимæ. Милиционер — Козаты Амандæ сæм хæдзармæ æрбацыд æмæ йæ бафæдзæхста, зæгъгæ, дæ иннæ хатт æрцахсдзынæн куы ма фыдуаг кæнай, уæд.

Знауыры районы драмкружокы ахуыргæнинæгтæ бацæттæ кодтой Джусойты Нафийы фыст пьесæ «Азау æмæ Таймураз»-æй скъуыддзаг. Режиссер-æвæрæг — Знауыры районы Культурæйы хæдзары директор Тедеты Ноннæ.

Костайыхъæуы скъолайы ахуыргæнинæгтæ ацы хъæуы Культурæйы хæдзары директор Мамиты Дзерассæйы сæргълæудæй бацæттæ кодтой пьесæ «Сасиргур»-æй скъуыддзаг. Сæйраг ролты дзы хъазыдысты Джиоты Миленæ æмæ Джиоты Ланæ.

Фестивалы кæрон Дзеранты Джульеттæ залы æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта бæрæгбоны цытæн. Уый загъта: «Фестиваль кæд фыццаг хатт уадзæм, уæддæр махæн суыдзæн традицион бæрæгбон æмæ йæ алы аз дæр нысан кæндзыстæм. Мæн ныфс ис æмæ абон цы сывæллæтты арæхстдзинад федтам, уыдонæй бирæтæ сомбоны кæй суыдзысты актертæ æмæ нын нæ ирон аивады ноджыдæр срæсугъд кæндзысты æмæ лæггад кæндзысты Ирыстоны адæмæн. Кæд профессионалон актертæ не сты, уæддæр мæнæн мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты, сæхиуыл тынг хорз бакуыстой. Мæн уырны фидæнмæ сæ равдыстытæ ноджы хуыздæр кæй уыдзысты».

Æрæмбырдуæвджытæн ма раарфæ кодта Республикæйы Адæмон сфæлдыстады центры сæргълæууæг Гуыцмæзты Ельзæ, драмон къордты къухдариуæггæнджытæн загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм зæрдæбын куыст кæй бакодтой сывæллæттимæ, уый тыххæй. Ахуыргæнинæгтæн ма раарфæ кодта фестивалы жюрийы уæнг Дамбегти Иринæ: «Абон ноджы иу хатт æвдисæн систæм, бирæ курдиатджын сывæллæттæ нæм кæй ис, уымæн. Уыдон нын тынг барухс кодтой нæ зæрдæтæ. Бузныг сæхицæн дæр æмæ сæ къухдариуæг-гæнджытæн дæр».

Фестивалы кæрон ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ къухдариуæггæнджытæн се ’ппæ-тæн дæр лæвæрд æрцыд номинациты дипломтæ æмæ æхцайы призтæ.

Хуыздæр номинаци — Театрдзауты симпатиты приз лæвæрд æрцыд Къостайыхъæуы Культурæйы хæдзары архайджытæ Джиоты Миленæ æмæ Джиоты Ланæйæн. Хуыздæр эпизодон роль æххæстгæнджытыл нымад æрцыдысты Дменисы хъæуы культурæйы хæдзары хъомылгæнинæгтæ Дудайты Эльбрус, Джиголаты Марат æмæ Кировы хъæуæй Бестауты Миленæ. Номинаци сылгоймаджы хуыздæр ролы тыххæй хорзæхджын æрцыдысты Знауыры районы культурæйы хæдзары хъомылгæнинæгтæ Къуылыхты Аннæ æмæ Цхуырбаты Алинæ. Нæлгоймаджы хуыздæр ролты ахъазыдысты Тъбеты хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Бибылты Ацæмæз æмæ горæт Къуайсайы Кировы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Джиоты Константин.

Номинаци хуыздæр режиссурæйы дипломæй хорзæхджын æрцыдысты Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси æмæ 9-æм скъолайы ахуыргæнæг Битеты Миленæ. Жюрийы уæнгтæ фыццаг призон бынат радтой скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн «Нарты фæткъуыйы» тыххæй.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.