2008 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Федерацийы президенты барамындæй арæзт æрцыд Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады гуманитарон бастдзинæдты фæдыл Федералон агентад. Уый цалдæр азы дæргъы йæ куыст кæны Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр. Агентады минæварады сæйрагдæр хæстæ сты нæ республикæйы æхсæнады Уæрæсейы æвзагзонынад, бæстæзонынад æмæ историимæ бæлвырддæрæй зонгæ кæнын.

Минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов куыд радзырдта, афтæмæй уыдон æрвылаз дæр сæ программæйы нывæзтмæ бахæссынц фæсивæдимæ алыварсон куыстытæ бакæнын.

«Нæ агентады сæйраг хæстæй иу у, Уæрæсейы архайæг паддзахадон программæ „Здравствуй, Россия“-йы фæлгæтты цы мадзæлттæ хаст æрцæуы, уыдон Хуссар Ирыстоны территорийыл реализаци кæнын. Ауадзæм конкурстæ, равдыстытæ, мастер-къластæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Уыдоны уæлахиздзаутæ, призтæ æмæ алыгъуызон лæвæрттæ райсынæй дарддæр, минæварады программæйы фæлгæтты, æрвыст æрцæуынц Уæрæсейы горæттæм. Азы райдайæнæй нырмæ ахæм балцы арвыстам фæсивæды æртæ къорды», -радзырдта Скворцов.

Уый куыд загъта, афтæмæй фыццаг балцы хайад райстой нæ республикæйæ фондз ахуыргæнинаджы. Балцы размæ программæ «Большая перемена»-йы организатортæ бахатыдысты РХИ-йы Ахуырады министрадмæ, цæмæй сын фадат радтой республикæйы хуыздæр ахуыргæнинæгтимæ телехид саразынæн. Уыцы беседæты рæстæджы организатортæ сæхæдæг равзæрстой активондæр хайадисджыты æмæ сæ бахастой фæсивæдон лагерь Артекы улæфджыты номхыгъдмæ. Лагеры ауагътой «Большая перемена»-йы финал æмæ сын лæвæрд æрцыдысты уæлахиздзауты призтæ дæр. Мамиты Алыксандр æмæ Плиты Алыксандр систы Артекы æрвылбонон конкурсты уæлахиздзаутæ æмæ республикæмæ æрхастой ахуырады фадыджы уæлахиздзауты хорзæхтæ.

Дыккаг балц уыдис Псковы горæтмæ. Уым хайад райстой республикæйы астæуккаг кары ахуыргæнинæгтæ, кæдон ссисты Уæрæсейы истори æмæ æвзагзонынады темæтыл Цхинвалы уагъдæрцæуæг алыгъуызон конкурсты уæлахиздзаутæ.

«Россотрудничество»-йы минæварады хъæппæрисæй Цхинвалы музыкалон æмæ нывгæнæн ахуыргæнæндæтты уагъд æцыдысты цалдæр мадзалы. Уым активон хайад чи райста, уыдонæй, 17-19 азы кары, 5 сывæллоны арвыстам Хъырыммæ «Здравствуй, Таврида»-йы фæлгæтты проект «Æхсæнадæмон арт-скъола — уавæртæ æмæ зындзинæдтæ»-йы хайад райсынмæ. Ам хайад райстой Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады алы горæттæй фæсивæды минæвæрттæ. Проекты фæлгæтты уагъд цыдысты алыгъуызон тренингтæ, мастер-къластæ æмæ конкурстæ. Дæс боны дæргъы цыдысты горæты алыгъуызон фенддаг бынæттæм æмæ истой Уæрæсейы истори æмæ æвзаг-зонынады фадгуыты ног зонæнтæ«, — радзырдта Сергей Скворцов.

Ацы балцы фæдыл нын йæ мысинæгтæ радзырдта йæ хайадисæг Гæбæраты Адрианæ дæр: «Куыд æз, афтæ къорды æппæт хайадисджытæ дæр, балцæй райстам æнæ ферохкæнинаг æхцон æнкъарæнтæ. Фыццаджыдæр, федтам Хъырымы фенддаг бынæттæ, экскурситы та нын радзырдтой сæ историтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, интернеты фæлгæтты цыфæнды видеоæрмæджытæ ма фенай, уæддæр хи цæстæй фенгæйæ фылдæр ахъаз у зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн.

Уæлдай тынгдæр нæ зæрдæмæ фæцыд конкурс „Уавæртæ-зындзинæдтæ“, кæцыйы рæстæджы дыууæ хайадисæджы ныхæй — ныхмæ бадгæйæ, 2 минуты æмгъуыдмæ хъуамæ радзырдтаиккой хи бæлвырдгæнæнтæ — ном, мыггаг, цы наци дæ, кæцæй дæ, райгуырæн бæстæйы историйыл цыбыр афæлгæст æмæ æндæр ахæмтæ афтæ бæлвырдæй, цæмæй дæ ныхмæбадæг хъуамæ бамбара, чи дæ, уый. Афтæмæй мах зонгæ кодтам кæрæдзийы историтимæ, бæстæтимæ, æвдыстам нæ хъуыдыкæнынад, æмæ æнæрæдыдæй рæстæджы æмгъуыдмæ раст дзурыны арæхстдзинад. Мæнмæ гæсгæ, ахæм балцтæ æмæ мадзæлттæ сты ахъаз алыварсонæй дæр фæсивæды размæцыдæн», — загъта Адрианæ.

Минæварады сæргълæууæг нын куыд загъта, афтæмæй уыдон ныртæккæ цæттæ кæнынц фæсивæды цыппæрæм балцмæ. «6-æм ноябры фæнд кæнæм республикæйы 14-17 азы кары ахуырдзауты æппæтуæрæсейон центр „Смена“-мæ арвитын. Ацы балцы проектмæ хаст сты алыгъуызон зындгонд адæмимæ фембæлдтытæ, беседæтæ, алыгъуызон ахуырадон мадзæлттæ, æрыгон журналистты куысты формæты фæдыл зонæнтæ», — банысан кодта Сергей Скворцов.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.