ЗӔХХ – НӔ ХЪАХЪХЪÆНИНАГ, НÆ АУДИНАГ

Зæхх нæ иумæйаг авдæн у, ууыл райгуырӕм, схӕссӕм ыл рӕз, цинтӕ ӕмӕ йыл хъыгтæ дæр февзарӕм. Зӕхх нӕ гуырӕн бӕстӕ куыд у, афтӕ у нӕ дарӕг дӕр, хайджын стӕм йӕ бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй.

Хуссар Ирыстоны территори кӕд стыр нӕу, уӕддӕр хъӕздыг ӕмӕ бӕркадджын у, мӕнӕ афтӕ цӕмӕй фӕзӕгъынц, уӕлейӕ – исгӕ, бынӕй – ахадгӕ, зӕгъгӕ, раст ахӕм. Рӕсугъд у Ирыстоны ӕрдз, ӕрвылбон дӕр нӕ цӕстыты раз ис, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уындӕй не ‘фсӕдӕм. Нӕ цъитиджын хӕхтӕ, фынккалгӕ згъорӕг ӕхсӕрдзӕнтӕм куы фӕкӕсӕм, уӕд уӕнгтӕ фӕрогдӕр вӕййынц, зӕрдӕ цины малы аныгъуылы. Иннӕ ахӕм – нӕ сойджын сӕрвӕттӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнтӕ, дардыл айтыгътой сӕхи ӕмӕ сӕ не стӕм ӕнӕхай. Иннӕ ахӕм – зӕххы хуылфӕй цы суӕрттӕ абузынц, уыдон куы сты. Ӕвдадзы хос сты адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн, кӕд сӕ нырма ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнӕм, уӕддӕр.

Уыдӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз сты ӕмӕ сӕ хъуамӕ буц уӕм. Фӕлӕ нын уыцы ӕвӕджиау лӕвӕрттӕ цы зӕхх лӕвар кӕны, уымӕн хъуамӕ фылдӕр аргъ кӕниккам, хъахъхъӕниккам ӕй ӕдзухдӕр, цӕмӕй нын дарддӕр дӕр лæггад кӕнын фӕраза. Фӕлӕ бынтон афтӕ кӕй нӕу, уый нӕ катайы ӕппары. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ иуӕй-иутӕ ӕрдзӕн кӕнынц фыдаудӕн митӕ, кӕсынц ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй ӕмӕ йыл уый та сомбон ноджыдӕр бандавдзӕн ӕппӕрццагӕй. Ӕрмӕст цӕвиттонӕн фаг у, мӕрæн цы фыдаудӕн митӕ кӕнӕм, уый дӕр. Акӕсӕм ма нӕ раздӕры дзаджджын быдыртӕ ӕмӕ хуымзӕххытӕм, ӕндӕра цы уавӕры сты. Нал сӕм ӕххӕссы зӕхкусӕджы аудгӕ къух ӕмӕ хӕм-пӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындз къутӕрты бын фесты. Ахӕм мӕгуырау уавӕр та фадат дӕтты алыгъуызон уырынгонтӕн фылдæр кӕнынӕн, уыдон та стыр зиан хӕссынц ӕрмӕст хӕдзарон фосы ӕнӕниздзинадӕн нӕ, фӕлӕ адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр. Иннӕ ахӕм – фӕсвӕд бынӕтты, фӕндаггӕрӕтты цы брӕттӕ калынц иуӕй-иу ӕдзӕсгом ӕмбӕстӕгтӕ, уыдон сты. Уалдзӕг ӕрбалӕууыд, рӕхджы та сцъӕхвӕлыст уыдзӕн æрдз, фӕлӕ уыцы брæттæ æхцондзинад нæ хæсдзысты адæймаджы цæстæн. Цымӕ цӕуыл фӕхъуыды кӕны уыцы ӕмбӕстаг, ӕппын йӕ хъуыдыйы никуы ‘рцӕуы, уый нӕ алфӕмблай ӕрдзӕн стыр зиан кӕй хӕссы.

Мах нӕхӕдӕг пайда кӕнӕм нӕ бæркадджын зӕххы, нӕ диссаджы ӕрдзы лӕвӕрттӕй ӕмӕ хъуамæ тыхсӕм йӕ хъахъхъӕныныл дӕр, аудæм ыл. Уӕд нын ноджы рӕдаудӕрæй лæвар кæндзæн йæ æгæрон хъæздыгдзинæдтæ.

Хуыбиаты Никъала

 

 

Цæрæгойты тыххæй

– Цæгаттаг саджы æхсыр ахæм бæзджын у, æмæ вæййы æхсырысæрты хуызæн. Уым сойæгтæ ис 12-14 проценты, урсæгтæ – 9 проценты, сæкæр – 5,4 проценты. Цæгаттаг са-джы æхсыр не стуаг вæййы, къуыри куы фæлæууа, уæд дæр.

– Бирæгъ йæ лæппынты æдасдзинады тыххæй цуан нæ кæны йæ хуыггомы алфæмблай, фæлæ уырдыгæй ацæуы 7-10 километры дарддæр.

– Гималайы хæхты цæрæг яктæ схизынц денджызы æмвæзадæй 8100 метры уæлдæр бæрзæндтæм.

– Майрæмы карк æрвылбон бахæры 40-50 хъæдысасчъы. Къуыдыргалм та йæ рæзты рæстæджы – 600-800 хъæды сасчъы.

– Иуæй-иу киттæн сæ бон денджызы нынныгъуылын у 600 метры æмæ уæлдæфмæ сгæпп кæнынц, доны уæл-цъарæй бынтондæр фæхицæн уæвгæйæ.

– Æрвгъуыз киты зæрдæ минутмæ кæны 9 цæфы.

– Страусы аик ахæм бæзджын æмæ фидар вæййы, æмæ йыл адæймаг куы фæлæууа, уæддæр нæ асæтдзæн.

– Уæртджын хæфсытæ рæзынц тынг сындæггай, цæргæ та кæнынц бирæ – 150 азы онг.

– Къуыдыргалмæн йæ бон сисын у йæхи уæзæй 25 хатты фылдæр уæз, мæлдзыгæн – 100 хатты, цъулберæн – 1500 хатты.

 

НӔЗ

Нæзыйы бæлас æрмæст бакастæй нæу рæсугъд, фæлæ ма адæмæн дæр чысыл пайда нæ хæссы.

Раздæры рæстæджы, нæзыйы къалиуты кæрæтты цы къуыбыртæ фæзыны, уыдоны фыхдонæй рынчынтæ сæхи дзæбæх кодтой бирæ алыхуызон низтæй. Уæлдайдæр та-иу, рæуджытæ куы фæсахъат сты, уæд.

Нæзыйы чъиу та нæ бахъæуы къухты скъуыдтæ дзæбæх кæнынæн.

Чъиу нæзы бæласæн йæхицæн дæр æнæпайда нæу. Къалиу кæнæ йæ цъар куы аскъуыдтæ вæййынц, гъе та йын цавæрдæр цæрæгой йæ цъар куы бахсыны, уæд чъиу æрæхгæны зиан-хæссæг хилджыты, сасчъыты фæндаг уырдæм æмæ бæлас нæ фæрынчын вæййы. Иу ныхасæй, йæхи дæр дзæбæх кæны æмæ адæмы дæр.

Хосгæнæн миниуджытæ ис нæзыйы хихтæм дæр. Уазал рæстæджы уыдоны витамин С бæрц свæййы, цъæх хъæдындзы цас вæййы, уымæй фондз хатты фылдæр. Уæдæ нæзыйы хихты фых дон мыд кæнæ сæкæримæ куы баназай, уæд суткæйы дæргъы организмы цас хъæуы, уыйбæрц уыдзæн уæлдæр амынд витамин.

Æвдадзы хосау у нæзыты къохы уæлдæф дæр. Уым фаг вæййы, микробтæ чи сафы, ахæм буарадтæ – фитонцидтæ. Хос дзы кæнынц улæ-фæн органтæн, уæлдайдæр та хуыз-дæр хос у, рæуджыты низæй чи хъæрзы, ахæм рынчынтæн.

 

Ирон æмбисæндтæ  зæххы  тыххæй

– Зæхх æрдзæн йæ мад у, хур та – йæ фыд.

-Сыджыт адæмæн сæ мад у, Хуыцау – сæ фыд.

– Зæхх цæрынæн у.

– Зæхх цæрæджы у.

– Зæххыл æнусмæ бардарæн нæй.

– Зæхх уырзгай у.

– Зæхх уырзгай у: кæм хъæздыгдæр у, кæм – мæгуырдæр.

– Зæххæй æвзæр нæй.

– Зæххæн йæ фарн куыд у, йæ бæркад дæр афтæ у.

– Зæххы фарн æмæ лæджы фарн иу не сты.

– Зæххы фарн адæмы фарн у.

– Зæхх йæ уæлæ хæс нæ уадзы.

– Зæхх бирæ быхсы.

–  Æппæт зынтæ зæхх уромы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.