АРХАЙЫНЦ ИНВАЛИДТЫ ЦАРД  ФÆРОГДÆР КÆНЫНЫЛ

Æрвылаз дæр 3 декабры нысан фæцæуы инвалидты дунеон бон. Ацы бон нысан цæуы, Генералон Ассамблея уый фæдыл 1992 азы резолюци куы сфидар кодта, уыцы бонæй фæстæмæ. Уыимæ иумæ æрсидт æппæт адæммæ, цæмæй, се ‘хсæн цы инвалидтæ ис, уыдонмæ дарой лæмбынæг ахаст.

2006 азы декабры ИНО-йы Генералон Ассамблея райста инвалидты барты тыххæй Конвенци. Уый уыд социалон рæзтмæ здæхт барадхъахъхъæнæг документ æмæ уыцы иурæстæджы та – адæймаджы барты фæдыл бадзырд æмæ рæзты инструмент. Конвенци йæ тыхы бацыд 2008 азы 3-æм майæ фæстæмæ æмæ йæ принциптæ та сты: адæймагæн æмæ йæ хæдбардзинадæн кад кæнын; дæлдзиныгæй сæ хъахъхъæнын; инвалиды хæдхуыздзинадæн аргъ кæнын; æмхуызон фадæттæ сын аразын; адæмæй сæ иппæрдæй ма уадзын; нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæн æмхуызон бартæ дæттын; инвалид сывæллæтты æвзыгъддзинад иртасын; уыцы сывæллæттæн сæ хæдбындурдзинадæн аргъ кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Æгас дунейы инвалидты фылдæр хай æмбæлынц физикон æмæ социалон-экономикон ныхдуртыл. Иуæй-иу æнæзæрдæ адæймæгты аххосæй æмхуызон не сты царды иуæй-иу хæрзиуджытæ райсыны сæ бартæ.

Куыд зæххы къорийыл алы ран дæр, афтæ махмæ дæр ис сахъат адæм. Уыдонæй алкæмæн дæр йæхи хъысмæт ис. Инвалидты нымæц нæ республикæйы бæрæг фæфылдæр 1989 азæй фæстæмæ ирон-гуырдзиаг хæсты. Хъыгагæн, Иугонд Нациты Организацийы минæвæрттæй бирæтæ ацы хæст хонынц конфликт. Фæлæ массон æгъдауæй адæмы марын, удæгасæй сæ ныгæнын, судзын, хъæуты цъыбыртты сыгъд бакæнын, федзæрæг сæ кæнын, уымæн хæстæй дарддæр ницы ис схонæн.

Хæсты фæстиуæг æрвылхатт дæр мæгуырау вæййы. Уæлдай зындзинæдтæ та февзарынц инвалидтæ. Нæ республикæйы нæй сахъат адæймæгтæн сæрмагонд программæ, кæцымæ гæсгæ хъуамæ архаиккой канд хæсты фæцæфуæвæг инвалидтæ  нæ, фæлæ ма гуырцæй, кæнæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ инвалид чи у, уыдон. 2008 азы фæстæ арæзт æрцыд «Хæсты фæцæфуæвæг лæппуты æххуысы фонд». Фонды аразæг Плиты Мадинæ йæхæдæг дæр у хæсты инвалид.  Уый нæ республикæйы Президент æмæ Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрадимæ æмгуыст кæнгæйæ, архайы инвалид лæппуты цард фæрогдæр кæныныл. Ныртæккæ фонды цы 200 хæстон инвалиды ис, уыдонæн гæнæн уæвгæйæ, баххуыс кæнынц – æрвыст æрцæуынц хос кæнынмæ, улæфынмæ, протезтæ аразынмæ æмæ а.д.

Ацы бон, ома, Инвалиды дунеон бон, уадз, Ирыстоны цæрæг инвалидтæ æнкъарой, немæ иумæ кæй у сæ бон нæ республикæйы рæзт æмæ дидинæфты-дæн ахъаз кæнын. Мах сæрыстыр стæм уыдонæй, кæцытæ сæ цард нæ бавгъау кæнгæйæ, хъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы, йæ сæрибардзинад. Мах ма хъуамæ рох кæнæм, нæ сæрвæлтау уонгцухтæ, инвалидтæ чи систы, уыдоны.

Уазæгты Марфа

 

ÆНÆБАСÆТГÆ ТЫХ КÆНÆ ТА ХЪÆБАТЫРДЗИНАДЫ ЦÆВИТТОН

Инвалидты дунеон боны уагъд фæцæуынц алыгъуызон дискусситæ, форумтæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Ахæм мадзæлтты руаджы кæстæр фæлтæр ахуыр кæнынц инвалидтæм кады ахаст дарыныл. Инвалидты дунеон бон фидар уымæн æрцыд, цæмæй хицауад æмæ хуымæтæджы адæм сæ хъусдард аздахой, царды зын кæмæн у, уыцы сахъатджын адæймæгтæм.

Абон мæ, инвалидты дунеон боны фæнды, æнæхъæн дунейæн йæ фæндвидардзинад æмæ фидар удыхъæдæй зындгонд чи у, уыцы диссаджы адæймаг – Николас Джеймс Вуйчичы кой ракæнын. Уый райгуырд 1982 азы Австралийы сербаг эмигрантты бинонты ‘хсæн. Йæ мад Душки Вуйчич сывæрджынæй йæхи хатыд хорз, узийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ йын хъуамæ райгуырдаид æнæниз сывæллон, фæлæ…  Йæ фыд Барис Вуйчич рынчындоны уыд йæ цардæмбалы цур æмæ сывæллон а-дунемæ æнæ къæхтæ æмæ къухтæй куы фæзынд, уæд хорзау нал фæци æмæ æддæмæ рахызт, цæмæй йын йæ тыхстдзинад ма рахатыдаид йæ цардæмбал. Мадæн  сывæллоны цасдæр рæстæджы нæ фенын кодтой, йе ‘нæниздзинадæн ын кæй тарстысты, уымæ гæсгæ. Ныййарджытæ тынг хъынцъым кодтой сæ инвалид сывæллоны хъысмæтыл. Никæн йæ къæхты бынаты уыд æрмæстдæр къахы дæлфады хай æмæ уый руаджы сахуыр бирæ цыдæртæ аразын, – цæуын, ленк кæнын, фыссын… Йæ ныййарджытæн сæ къухты бафтыд, цæмæй сывæллон ахуыр кодтаид хуымæтæджы скъолайы æмæ ссис фыццаг сывæллон-инвалид, кæцы ахуыр код-та хуымæтæджы австралиаг скъолайы. Никæн уыд тынг зын цæрын иунæгдзинад кæй æнкъардта æмæ æндæрты хуызæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Арæх-иу ахъуыды кодта, зæгъгæ, цæй тыххæй фæзындтæн а-дунемæ. Аст азы йыл куы сæххæст, уæд æгæрыстæмæй йæхи амарынмæ дæр бахъавыд, фæлæ йæ бон не ссис, уыцы уысм йæ уарзон ныййарджытыл куы ахъуыды кодта, уæд. Æмæ уæдæй фæстæмæ ахæм æвзæр хъуыды йæ сæрмæ никуыуал æрцыд.

Иу хатт Никæн йæ мад бакаст иу уæззау рынчыны тыххæй уац, кæцы йæхæдæг рынчын уæвгæйæ, æндæртæн лæвæрдта ныфс. Ацы истори тынг бахъардта Никмæ æмæ куыдфæстагмæ сахуыр æмæ сразы йæ уавæрыл. 7-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд æй сæвзæрстой скъолайы старшинæйæ – уый куыста хæрзаудындзинады æмæ инвалидтæн æххуыс кæнынимæ баст фарстыты фæдыл ахуыргæнинæгты советимæ.

Скъолайы фæстæ Ник Вуйчич йæ ахуыр адарддæр кодта æмæ каст фæци дыууæ университеты: иу – бухгалтерон, иннæ та – финансон планкæнынады фæдыл. Иу хатт 19-аздзыд Никмæ бахатыдысты университеты студентты раз  7 минуты бæрц раныхас кæныны тыххæй. Йæ раныхасæй 3 минуты фæстæ аудиторийы æмбис сæ цæстысыгтæ нал баурæдтой. Иу чызг сценæмæ схызт Никмæ, æрбахъæбыс æй кодта æмæ йын кæугæйæ загъта: «Мæнæн никуы ничи загъта уарзын дæ æмæ рæсугъд дæн, уый тыххæй. Абон мæ цард бынтондæр фæивта».

Уыцы раныхасы фæстæ Ник бамбæрста, йæ царды нысан кæй ссардта æмæ уыцы нысан та у æндæр адæмтæн æххуыс кæнын, циндзинад сын æнкъарын кæнын, ныфсы ныхæстæ сын дзурын. 2005 азы Ник райста Австралийы кадджындæр преми «Молодой австралиец года», зæгъгæ. Ацы аз 4-æм декабры Никыл сæххæст уыдзæн 35 азы. Ацы æнæ къух æмæ æнæ къах лæппуйы къухты бафтыд бирæ æнæниз адæймæгтæй  фылдæр саразын. Ник у хæрзаудæн организацийы президент, ис ын йæхи мотивацион компани. 10 азмæ Никæн йæ бон ссис æнæхъæн дунейыл æрзилын, милуангай адæмæн йæ царды истори радзургæйæ æмæ алыгъуызон аудиториты раз ныхас кæнгæйæ. Йæ раныхæсты уый арæх дзуры: «Гæнæн ис æмæ ахауат мæнæ афтæ – æмæ æрхауы,  цæсгомæй цы стъолыл фæлæууы, ууыл. Бирæтæм афтæ фæкæсы, цыма фæстæмæ слæууын йæ бон нал бауыдзæн, фæлæ уый раст нæу. Адæймаджы куы бафæнда, уæд йæ бон бирæ цыдæртæ саразын бауыдзæн, хъуамæ адæймагмæ уыйбæрц тых разына, æмæ сыста, мæнæ æз куыд сыстадтæн, афтæ. Ацы ныхæстæм аудиторийы адæм райдайынц кæуын. Адæм мын фæзæгъынц, зæгъгæ, дæ бон худын куыд у. Фæлæ сын æй бамбарын кæнын, адæймаджы гæнæнтæн арæн кæй нæй, уый».

Абон Ник у, чырыстон дины зындгонддæр амонджытæй сæ иу, тыхст уавæры бахауæг адæмæн кæнæ инвалидтæн æххуыс кæны дзыхы ныхасæй. Алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ йæ цардæй чи сфæлмæцы, уыдонæн ахæм ныфсы ныхæстæ зæгъы, æмæ сæм фæстæмæ цæрын æрцæуы. Уый фыссы чингуытæ дæр. 2010 азы мыхуыр рацыд Ник Вуйчичы чиныг «Жизнь без границ: Путь к потрясающе счастливой жизни». Чиныджы æргомæй радзырдта,  царды  зындзинæдтыл куыд фæуæлахиз хъæуы, уый тыххæй. Ацы чиныг ссис бестселлер æмæ сæдæгай чиныгкæсджытæ сæ цардмæ æндæр цæстæй кæсын райдыдтой. Ацы темæйыл фыст сты йæ иннæ куыстытæ: «Неудержимый», «Будь сильным», «Любовь без границ», «Безграничность». Уыдон тæлмац æрцыдысты дунейы цалдæр æвзагмæ æмæ систы психологон жанры бестселлертæ. 2009 азы ист æрцыд цыбырметражон фильм «Цирк бабочек», цыран сæйраг ролы ахъазыд нæ абоны хъайтар æмæ райста преми 100 мин доллары. Уый  фæстæ та Ник ныффыста æмæ сæххæст кодта зарæг.

2012 азы 12 февралы Ник  цардæмбалæн æркодта рæсугъд чызг Канаэ Мияхарейы æмæ сын райгуырд дыууæ фырты. Цардæмбæлттæ æрмæст сæхи сывæл-лæтты нæ хъомыл кæнынц, фæлæ ма сидзæрдонæй ракодтой æртæ сидзæры дæр æмæ уыдоныл дæр аудынц сæхи сывæллæттау.

Ивгъуыд аз Ник Вуйчичы  фæхуыдтой уæрæсейаг телеуынынады ралæвæрд «Пусть говорят»-мæ. Залмæ æрбацыд бирæ адæм æмæ уыдонæй алкæйы дæр фæндыд Никæн ахъæбыс кæнын, раст сын цыма цахæмдæр уæларвон тых лæвæрдта, уыйау. Афтæ сæм каст, цыма сæ разы инвалид нæ лæууы, фæлæ цахæмдæр стыр тыхы хицау адæймаг. Æрмæст йæ иу уындæй дæр уый адæмæн хæссы стыр æхцондзинад æмæ ныфсдзинад. Уый æнæхъæн дунейæн ссис фæндвидардзинады  символ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.