3 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид ауагъта æмбырд республикæйы тыхон структурæты æмæ барадхъахъхъæнæг органты къухдариуæггæнджытимæ, кæцыйы дзырд цыдис 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны гарзджын агрессийы радон бонимæ бастуæвæг зæрдылдарæн мадзæлттæм бацæттæ кæныны фарстытыл æмæ ивгъуыд къуырийы оперативон уавæры фæдыл.

«Республикæйы 7-8 августы уагъд æрцæудзысты зæрдылдарæн мадзæлттæ, уæд æппæт нæ адæм мысдзысты республикæйæн уыцы уæззау бонты æмæ æз сидын барадхъахъхъæнæг органты къухдариуæггæнджытæм, цæмæй æппæт мадзæлттæ дæр ист æрцæуа æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл. Бакуыст хъуамæ æрцæуа æмæ бавдыстæуа æмбæлон план, кæцымæ гæсгæ хъуамæ цæуа куыст мадзæлттæм цæттæ кæныны æмæ сæ ауадзыны бонты», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид хъусдард аздæхта, зæгъгæ, гæнæн ис, æмæ уа провокацитæ «хуссайраг сыхаджы» – Гуырдзыстоны ‘рдыгæй.

«8-æм августы мах мысдзыстæм æппæт фæмардуæвджыты. Нæ республикæйы æмбæстæгты, Цхинвалы хъахъхъæнджыты, фидауынгæнджыты æмæ Уæрæсейы æфсады æфсæддон службæгæнджыты, кæцытæ нæм æрцыдысты æххуысмæ», – загъта Президент.

Ахсджиагдæр фарстатæй сæ иу уыд, 1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджыты пенсион ифтонгад. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарстыл хъæуы кусын. Хуссар Ирыстоны хæд-бардзинадыл хъæбатырæй чи тох кодтой, уыдон хъуамæ ифтонг уой нормалон пенсийæ.

Æмбырды Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Гассеты Ибрагим куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ æмбырд цæуынц, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыр-гæнæндæттæм ахуыр кæнынмæ чи бацыдысты, уыцы абитуриенттæ. Уый ма фехъусын кодта, æфсæддон службæйы тыххæй фæндон, кæцымæ гæсгæ, афæдз æмæ æрдæг службæ кæныны бæсты службæ кæной афæдз.

Рабадты рæстæджы æркастæуыд æндæр ахсджиаг фарстытæм дæр. Дзырд, сæйраджыдæр, цыдис æвзæр боныгъæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Къæвдатæ чысыл зиан æрхастой Знауыр æмæ Ленингоры районтæн. Дзауы районы, йæ сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир куыд фехъусын кодта, афтæмæй иуварс цæуынц къæвдаты фæстиуджытæ æмæ кæнынц æндидзынгæнæн куыстытæ.

Тæрккъæвдаты рæстæджы иууыл тынгдæр разианчындæуыд Цхинвалы районæн. Тыхдымгæ æмæ ихуард разиан кодтой хæдзæртты æмбæрзтытæн, цалдæр хъæумæ фехæлдысты фæндæгтæ. Плиты Алан фехъусын кодта, зæгъгæ, районы тыхтæй, афтæ ма Уæлвæткон уавæрты кусджыты æрбахонгæйæ, районы иуварс кæнынц сæвзæргæ проблемæты. Йæ информацимæ гæсгæ, кæй хæдзæртты æмбæрзтытæн разианчындæуыд, уыцы цæрджытæ райстой æхцайы компенсацитæ.

Горæты Октябры уынджы бирæфатерон хæдзары æмбæрзтæн аиуварс кодтой, цы зиан ын рачындæуыд, уыдон. Горæты мэр Æлборты Алан куыд загъта, афтæмæй ацы хæдзарæн 2010 азы раивтой йæ æмбæрзт, фæлæ, хъыгагæн, гъæдджын куыст нæ бакодтой æмæ та ацы фарстмæ раздæхын бахъуыд абон.

«Абон махæн бантыст ацы фарст аскъуыддзаг кæнын. Мах ссардтам нæхи резервтæ æмæ бакодтам куыстыты», – загъта уый.

Президент ма хъусдард кæмæ аздæхта, ахæм фарст уыдис Стыр Леуахийы цæугæдоны экологион ситуаци. Йæ катайдзинад равзæрыд, чъизи кæй кæны, уый тыххæй информацийæ. Президент бахæс кодта, цæмæй ацы фарст ист æрцæуа контролмæ æмæ йæ равзарой.

«Ныртæккæ республикæйы у найæн сезон, цæугæдæттæ æмæ цæдты былтыл улæфынц цæрджыты фылдæр хай, нæ сывæллæттæ. Ис информаци, зæгъгæ, республикæйы хицæн районты цæугæдонмæ гæнæн ис бахауой алыгъуызон чъизитæ. Курæг дæн, цæмæй ацы фарст æмбæлон службæтæ аскъуыддзаг кæной цыбыр æмгъуыдты», – загъта Президент.

Æмбырды рæстæджы ма уынаффæ цыдис æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.