Райсом æппæт дунейы адæмыхæттытæ дæр бæрæг кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бон. Ирон æвзаг у нæ хæзна æмæ не стырдæр хæс у канд йæ бахъахъхъæнын  нæ, фæлæ йæ райрæзтыл архайын. 2000 азы 21 февралæй ЮНЕСКО-йы Генералон конференци сфидар кодта мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон. Уæдæй фæстæмæ йæ алы бæстæты бæрæг кæнынц  уыимæ – Ирыстоны дæр.

Махæй алчи дæр хорз æмбары, куыд стыр хæзна у ирон æвзаг. Нæ кадджын фыдæлтæ нын æй æнусты арфæй, цæстыгагуыйау хъахъхъæнгæ, æрхастой рæсугъдæй. Æнæ ирон æвзаг нæй ирондзинад, ирон æгъдау, ирон фарн.

Хъæздыг æмæ рæсугъд у нæ мадæлон æвзаг. Æхцон æмæ æввахс у махæй алкæй зæрдæмæ дæр йæ зæлынад. Фидар æмæ æнæаскъуыйгæ тæгтæй баст у алы ирон адæймаджы удварн æмæ миддунеимæ, сæйраджы та – нæ историимæ.

Нæ фыдæлтæн мах хъуамæ аргъ кæнæм, цы нын не ‘рхастой уый тыххæй нæ, фæлæ нын цы ‘рхастой, уый тыххæй.

Дæ мад дæ цы ‘взагыл хъомыл кодта, дæ алыварс адæмимæ цы ‘взагыл дзурыс – уый æндæр æвзагæй баивын тыхми у. Дæ мадæлон æвзагыл цы таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ базыдтай, цы æгъдæуттыл схъомыл дæ, уыдонæн ферохгæнæн нæй. Уыдон зæрдыл даргæйæ, æвзагимæ баст традицитæ æххæстгонд цæудзысты дарддæр, æвзаг цæрдзæн фæлтæрæй фæлтæрмæ.

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон, уый  тынг хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ алы адæмыхатты минæвар дæр хъуамæ зона йæхи мадæлон æвзаг, уый фæстæ та æндæр æвзæгтæ дæр. Кæд ирон адæмы тыххæй дзурæм, уæд  абон фылдæр се ‘ргом здахынц сæ мадæлон æвзагмæ,  æмæ афтæ дарддæр дæр куы уа, уæд нæ фидæн хуыздæр уыдзæн.

Цалынмæ æвзаг цæры, уæдмæ адæмыхатт дæр æнæмæлгæ у. Ис байсæн зæххытæ, паддзахадон æмæ культурон хæзнатæн, фæлæ адæмæн сæ бон æвзаг бахъахъхъæнын куы уа, уæд сын тас ницæмæй у. Уыимæ ацы бæрæгбонæн ис стыр хъомыладон нысаниуæг – мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын  æмæ фидардæр кæнын.

Ирыстоны цæрджытæ 15 майы бæрæг кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон. Фæлæ 21 февраль, Мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон дæр æхсызгон бæрæгбоныл нымайынц. Радон хатт адæмæн саразынц цымыдисаг мадзæлттæ, фембæлдтытæ, равдыстытæ. Радзурынц æвзаджы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинадыл. Сæйрагдæр та, цы ахадындзинад ын ис, ууыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.