Аивад – цардрæсугъдгæнæг, аивады тых æгæрон æмæ æнусон у, æнæмæлгæ, –  фæзæгъынц адæм. Æмæ уый афтæ у, бæгуыдæр. Аивад адæймагæн ныфс дæтты, йæ миддунейы йын снывæнды фидар, хуызджын æмæ алæмæ-тон бындур, цæмæй йæ цардвæндагыл рæсугъдæй æмæ райзæрдæйæ цæуа.

Раст ахæм хъуыддагыл æнувыдæй архайынц нæ республикæйы Колыты Аксойы номыл паддзахадон Аивæдты лицейы ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ. Уыдон æппæт амæлттæй дæр нæ хæлæг кæнынц сæ тыхтæ æмæ сæ зонындзинæдтæ, цæмæй сабиты зæрдæты хæрзчысылæй фæстæмæ æрцæра рæсугъддзинад, цæмæй рæзой аивады ирд æмæ тæмæнкалгæ тыгъдады. Иуæндæс азы дæргъы ацы ахуыргæнæндоны сывæллæттæн бацамонынц кафын, зарын, ныв кæнын; амонынц сын аив кæсын поэтикон тексттæ, литературон æвзагыл дзурын. Æппæт уыдæттæ ахуырдзаутæн стыр ахъаз фæвæййынц сæ дарддæры царды, концертон ралæудтыты, сæ равдыстыты, сæ литературон мадзæлтты.

16 июны лицейы рауагъдонтæн уыд фæстаг фæлварæн. Дунеон аивады культурæйы фæлварæнмæ фæуазæг сты ацы ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ, лицеистты ныййарджытæ. Фæлварæнон къамисы сæргълæууæг, Аивæдты лицейы директор Кæсойты Лав-рент райдианы арфæйы ныхæстæ загъта рауагъдонтæн:

– Ныртæккæ сымах лæуд стут уæ цардвæндагæн йæ сæйрагдæр фæзилæныл æмæ мæн зæрдæбынæй фæнды, цæмæй уыцы фæндагыл цæуат сæрбæрзондæй ног зонындзинæдтæм, сæйрагдæр хъуыддæгтæм, уæ рæсугъд амондмæ. Алцыдæр хорз у, фæлæ аивад ма рох кæнут, уарзут, ам уын цы дæсныйад снывонд кодтой, уый. Акæсут-ма, дуг, фæлтæртæ ивынц, рæстæг дугъон бæхау лидзы, фæлæ аивады тых нæ цуды, нысаниуæгджындæр æмæ рæсугъддæр кæны.

Фæлварæнон къамисы ма уыдысты ацы уагдоны ахуыры хайады гæс Плиты Нелли, музыкалон хайады гæс Цхуырбаты Жаннæ æмæ хореографийы хайады гæс, РХИ-йы сгуыхт артисткæ Тедеты Валя.

Ацы фæлварæнмæ лицейы рауагъдонтæ бацæттæ кодтой презентацитæ актертыл, нывгæнджытыл, фæндырдзæгъдджытыл, артисттыл. Уыимæ иумæ музыкæ, хореографи æмæ ныв кæнынæй лицеисттæ æвдыстой сæ курдиат: фæндырыл, фортепианойыл æххæст кодтой фæсарæйнаг, уырыссаг æмæ зынгæ ирон композиторты уацмыстæ; нывгæнджытæ æвдыстой æмæ аннотацитæ сарæзтой сæ дипломон куыстытыл; хореографийы хайады ахуыргæнинæгтæ сæ рæсугъд кафт æмæ уæздандзинадæй барухс кодтой æрбацæуджыты зæрдæтæ.

Сæ музыкалон зонындзинæдтæй ахуыргæнджыты æмæ ныййарджыты дисы бап-пæрстой Тедеты Виктория, Кокойты Аннæ, Тедеты Аннæ, Дзабиты Залинæ (фортепиано), ирон цæгъдтытæ фæндырыл аив сæххæст кодта Джиоты Джокондæ; сæ курдиатæй бацæуджыты зæрдæтæ барухс кодтой Къудухты Мадинæ, Бекъойты Алинæ, Тасойты Мадинæ æмæ Джиоты Аннæ. Уыдон сæхи конд нывты бавæрдтой, цыдæриддæр сын бацамыдта ныв кæныны студи, уыцы диссаджы арæхстдзинад æмæ фæлтæрддзинад.

Лицейы рауагъдонтæ бацæттæ кодтой диссаджы презентацитæ: Уанеты Æхсарыл, Тедеты Андрейыл, Къудухты Никъалайыл, Саппиаты Зæ-линæйыл, Саулохты Муратыл, Дзанайты Азанбегыл, Цхуырбаты Владимирыл æмæ бирæ æндæр зындгондтыл, æгасæй дæр сæ цард зард, кафт, музыкæ, ирон дзырдæн чи снывонд кодтой, Ирыстоны уыцы аккаг гуырдтыл.

Иуæндæс азы дæргъы рауагъдонтимæ цæстуарзон æмæ æвæллайгæйæ бакуыстой нывгæнджытæ: Кæсойты Лаврент, Багаты Феликс, Дзæгъиаты Альбинæ, Битеты Зæлинæ; ирон зæлвидыцы сусæгдзинæдтыл сæ цайдагъ кодтой Кæркуысты Азæ, Джыгкайты Аленæ, Цхуырбаты Жаннæ; Джыгкайты Сергей бирæ азты Ирыстоны æппæт къуымты æмæ ныр та лицейы амоны сывæллæттæн ирон фæндыры рæсугъд цагъд, цайдагъ сæ кæны ирон фæндыры зæлтыл, цæмæй фæндыры цагъд ма нымæг кæна, рæза, хъуыса нæ бæстæйы алы къуымæй дæр.

Хореографийы хайады гæс Тедеты Валя йе ‘мкъай Быценты Геннадиимæ сахуыр кодтой абоны рауагъдонты кафын, амыдтой сын, дунейы кæфтытæй «Симд» æмæ «Хонгæ»-йæ уæздандæр æмæ рæсугъддæр кафт кæй нæй. Хореографийы хайады номæй Валя арфæйы ныхæстæ загъта Зассеты Елинæйæн, Абрашина Кристинæйæн, Икъаты Иналæн, Хуыбылты Аленæйæн, Цхуырбаты Аннæйæн, Хъуылымбегты Вовайæн, Хъæцмæзты Олегæн æмæ иннæтæн, ацы хайады æнтыстджынæй кæй фæцахуыр кодтой, уый тыххæй.

Кæронбæттæны ныхасы бар лæвæрд æрцыд лицейы ахуыры хайады гæс Плиты Нелли Ароны чызгæн:

– Абон сымахæн бирæ ар-фæйы ныхæстæ фæкодтой, фæлæ мæн, фыццаджыдæр, бафæнддзæн, цæмæй уат æнæниз æмæ амондджын. Гæнæн ис æмæ адæймагæн уа аттес-татимæ дæс дипломы дæр, фæлæ сæйраг у бинонтæ скæнын æмæ хъæбултæ схъомыл кæнын. Дунескæнæг æмæ уын Мады Майрæм æххуысгæнæг уæд, аккаг æмбæстæгтæй цы басгуыхат нæ Ирыстонæн фидæны.

Уæ ныййарджыты фæндиаг ут, уæ цардвæндаг рæсугъд æмæ уæрæх уæд кæддæриддæр!

Лицейы ахуыргæнджытæн бузныджы ныхæстæ загътой абоны рауагъдонты ныййарджытæ дæр. Бафæндыд сæ, цæмæй уой куыстхъом, сæ ахуырдзауты размæцыд æмæ æнтыстытæй та зæрдæрай – кæддæриддæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.