Ивгъуыд 2016 азы Ирыстоны спортивон царды цы цаутæ æрцыд, уыдонæй рахицæнгæнæн ис æртæ сæйрагдæр цауы. Январы мæйы кæрон уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд ко-мандæйы сæйраг тренеры хæстæ æххæстгæнæгæй нысан æрцыд Тедеты Дзамболат. Апрелы мæйы та фидаргонд æрцыд ацы бынаты. Йæ дæлбар УФ-йы æмбырдгонд командæ Рио-де-Жанейройы Олимпиадæйы рамбылдта дыууæ сыгъзæрин æмæ иу та æвзист майданы. Уыцы сыгъзæрин майдантæй сæ иу рамбылдта цхинвайлаг Рæмонты Сослан. Уымæн йæ ном хаст æрцыд РХИ-йы спортивон историмæ, куыд республикæйæ рацæуæг æртыккаг Олимпион чемпион, афтæ. Раздæр ма Олимпиадæйы рамбылдтой хъæбысæйхæцæг Богъиты Вадим æмæ штангист Къахи Къахиашвили.  Рæмонты Сослан финалы фæуæлахиз азербайджанаг хъæбысæйхæцæг Тогрул Асгаровыл. Ацы Олимпиадæйы ма хайад райста иннæ цхинвайлаг богал Зассеты Ален. Ален Олимпион лицензи рамбылдта Сербийы уагъдцæуæг турниры фæуæлахизы фæстæ. Уый ма Европæйы чемпионаты ссис 3-аг, афтæ ма рамбылдта Киевы дунеон турнир. Олимпиадæйы фæстæ Рæмонты Сослан æрцыд йæ райгуырæн горæт Цхинвалмæ. Ам ыл сæмбæлдысты цытджын æгъдауæй. Президент Тыбылты Леониды уынаффæмæ гæсгæ, уымæн лæвæрд æрцыд Ирыстоны уæлдæр хорзæх – Уацамонгæйы орден æмæ фатер. Уацамонгæйы орден ма лæвæрд æрцыд йæ тренер Мæргъиты Анатоли æмæ УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатæн. Цытджын æгъдауæй ма Цхинвалы декабры мæйы та сæмбæлдысты IBF-ы версимæ гæсгæ, дунейы чемпион Гасситы Мурат æмæ йæ тренер Сланты Виталийыл. Куыд Рæмонты Сосланы финалон тохмæ, афтæ зындгонд уæрæсейаг боксер Денис Лебедевимæ Гасситы Мураты тохмæ дæр кастысты æнæхъæн Ирыстоны адæм. Мураты ном дæр хаст æрцыд Ирыстоны спорты историмæ, куыд Ирыстоны фыццаг минæвар, кæцы боксæй ссис дунейы чемпион.

Ирыстоны Кубок рамбулыны сæраппонд ерысты хорз æнтыст уыд цхинвайлаг командæ «Спартак»-æн. Тренер Санахъоты Сосланы сæргълæудæй, командæ финалы рамбылдта Беслæны «Пищевик»-ы æмæ афтæмæй ссис Ирыстоны Кубокы уæлахиздзау. Цхинвалы командæйы уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты Президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды фæстæ. Азы райдианы цхинвайлаг спортсмен Саулохты Георги ссис шахматтæй Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты æвзист призер. Фæстаг 20 азы хуссарирыстойнаг шахматисттæй ахæм æнтыст никæй къухты бафтыд. Ерыстæ цыдысты тагъд шахматтæй. Уым хайад райсыны бар райстой Ирыстоны 27 хуыздæр шахматисты. Георги акодта 9 партийы æмæ сæ рамбылдта 6 хъазты.

Февралы мæйы хуссарирыстойнаг дзюдоисттæ æнтыстджынæй сæхи равдыстой фæсивæды ‘хсæн Приволжаг федералон зылды чемпионаты. Ерысты Удмуртийы спортивон кад хъахъхъæдтой Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыдон рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу та æвзист майданы. 66 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Уалыты Сосланæн. Йæ тохтæ ма иууылдæр рамбылдта Джиоты Аслан. Уый та фæуæлахиз 100 кг уæзы категорийы. Иу чысыл не сфаг Мæргъиты Ибрагимæн, цæмæй суыдаит чемпионаты уæлахиздзау. Уый 90 кг уæзы категорийы бацахста дыккаг бынат. Хуссарирыстойнаг дзюдоистты тренертæ Гæбæраты Инал æмæ Зассеты Аркадийы хъомыл-гæнинæгтæ уый фæстæ та хайад райстой 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Уым Джиоты Аслан ссис ерысты уæлахиздзау. Уалыты Сослан  бацахста 2-аг бынат.

Ацы аз æнтыстджын рауад æвзонг дзюдоисткæ Æлборты Аланæйæн. Тренер Тъуриты Тенгизы хъомылгæнинаг æп-пæтуæрæсейон цалдæр турниры рамбылдта бронзæ майдантæ. Аланæйæн азы кæрон та бантыст сыгъзæрин майдан рамбулын. Уый ссис Мæскуыйы уагъдцæуæг турниры уæлахиздзау.

Февралы ма Бикойты Вадим ссис фæсивæды ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты уæлахиздзау. Хуссарирыстойнаг спортсментæй æвзист майдан та рамбылдта Лæууойты Сослан. Дыууæ богалы архайдæй дæр тынг райгондæй баззад тренер Коцты Тамерлан. Бикойты Вадим марты мæйы ссис  Уралы федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Майы мæйы Вадим та рамбылдта 1999-2000 азы гуырд спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат.

Марты ма Хуссар Ирыстоны сывæллæтты футболон командæ «Барсалан» ссис Дагомысы уагъдцæуæг Валентин Бубукины  8-æм дунеон номарæн турниры уæлахиздзау. Тренертæ Кокойты Юри æмæ Хъазиты Аланы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой сæ хъæзтытæ иууылдæр.

Армспортæй хорз бæрæггæнæнтæ уыд хуссарирыстойнаг спортсментæн Мæскуыйы уагъд æрцæуæг Уæрæсейы чемпионаты. Рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу та бронзæ майданы. Фæсивæды ‘хсæн 90 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Гасситы Сосланæн. Уый ма майы мæйы Румыны ссис фæсивæды ‘хсæн Европæйы чемпион, фæстæдæр та рамбылдта æрыгæтты ‘хсæн дунейы чемпионат. Цхинвайлæгтæй дыккаг сыгъзæрин майдан та рамбылдта Хæбæлаты Арсен. Уый та ерыс кодта æвзæнгты ‘хсæн. Азы дæргъы цалдæр рейтингон тохы акодта цхинвайлаг профессионалон боксер, IBF-ы версимæ гæсгæ фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан. Уый цадæггай размæ цæуы стыр уæлахизтæм.

Ивгъуыд аз бирæ ерыстæ уагъд æрцыдысты республикæйæн йæхи мидæг дæр. Сæ фылдæр хай уагъд цыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уыдоны хайад райсынмæ æрвылхатт дæр стыр æхсызгонимæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты РЦИ-Аланийы командæтæ. Цæгатирыстойнаг тренертæ куыд банысан кодтой, афтæмæй  æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы стæм регионы æрцæуы уагъд уыйбæрц ерыстæ. Марты мæйы фыццаг ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй уагъд æрцыдысты Олимпион чемпионкæ Алина Кабаевы спортивон комплекс «Олимп»-ы. Ам æвзонг богалтæ ерыс кодтой республикæйы уæгъдибр хъæбысхæсты скъолайы гом чемпионаты. Ерыстæ фæстаг 15 азы фыццаг хатт уагъд цыдысты уыцы иурæстæджы 3 гауызыл. Апрелы та ам уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй фыццаг дунеон турнир Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл. Ам ма уагъд æрцыд Къудухты Бесикы номарæн дунеон турнир дæр.

Спорткомплекс «Олимп»-ы ма 2016 азы байгом боксы зал дæр, цыран тренировкæтæ кæнынæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр.

Традицион ссис зынгхуыст хъайтарты нæмттыл спорты æндæр æмæ æндæр хуызтæй турниртæ уадзын. Уагъд æрцыд Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты номарæн турнир баскетболæй. Волейболæй турниры æрæмысыдысты Галуанты Олегы рухс ном. Мини-футболæй та ерыстæ уагъд æрцыдысты Козаты Левы номыл. Фыццаг хатт уæгъдибар хъæбысхæстæй   уагъд æрцыдысты Плиты Тамазы номарæн ерыстæ. Хуыцъейы ма уæгъдибар хъæбысхæстæй уагъд æрцыд Сиукъаты Темойы номарæн турнир. Боксæй та традицион ссис Хуыбылты Валерийы номарæн турнир уадзын.

Сентябры Къуайсайы боны цытæн та уагъд æрцыд Ирыстоны хъайтар Тедеты Владимиры (Влайы) номарæн дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы. Сæ тыхтæ дзы фæлвæрдтой 14 азы онг кæуыл цыд, уыцы спортсментæ.

Хæдбардзинады акт райсыны боны цытæн майы Цхинвалы уагъд æрцыд 3-æм æхсæнадæмон турнир стъолы теннисæй. Аз æнтыстджын уыд хуссарирыстойнаг теннисисттæн дæр. Цæгат Ирыстоны чемпион ссис Бекъойты Эдвард. Ерысты уæлахиздзау ма ссис Кокойты Амандæ. Призон бынæттæ бацахстой Джиголаты хотæ Дианæ æмæ Аланæ.

Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд Мидхъуыддæгты министрады призтæ рамбулыны сæраппонд дунеон турнир æмбуар хæстæй. Уым хайад райстой куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы, Азербайджаны, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты, Узбекистан æмæ Приднестроваг-Молдоваг республикæйы минæвæрттæ.

Волейболæй та республикæйы боны цытæн уагъд æрцыд дунеон турнир.

Ацы аз фыццаг хатт Паралимпиаг ерысты хайад райста хуссарирыстойнаг спортсмен Къобесты Вадим. Рог атлетикæйæ тренер Цъæхилты Игоры хъомылгæнинаг 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн  Уæрæсейы чемпионаты рамбылдта æртæ бронзæ майданы.

Азы кæрон пауэрлифтингæй æвзæнгты ‘хсæн та дунейы рекорд сæххæст кодта цхинвайлаг спортсмен Икъаты Сæрмæт. Уый «становая тяга» кæй хонынц, уым равдыста 270 кг бæрæггæнæн. Сæрмæтæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд Краснодары уагъдцæуæг Хуссар Федералон Зылды чемпионаты.

Иумæйагæй сисгæйæ 2016 аз æнтыстджын уыд хуссарирыстойнаг спортсментæн. Уæдæ нæ стыр ныфс ис æмæ ног 2017 аз ирон спортсментæн кæй уыдзæн ноджы æнтыстджындæр.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.