Ацы аз ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл 160 азы кæй сæххæст, уый цытæн куыд Ирыстоны алы къуымты, афтæ æндæр рæтты дæр ирон нацийы минæвæрттæ аразынц алыгъуызон мысæн мадзæлттæ. Нæ республикæйы нæ разындзæн ахæм ахуырадон уагдон, цыран нæ ауагътой дыууæ кæнæ фылдæр ахæм мадзалы.

Æрæджы Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы 2-æм «в» къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Тыджыты Надяйы къухдариуæгадæй ауагътой иу ахæм мысæн мадзал.

Мадзалы райдианы мадзаламонджытæ Тыбылты Виктория æмæ Бæзаты Арианнæ радзырдтой Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл, йæ зын æмæ æфхæрд сабибонты тыххæй. «Къоста йæ райгуырды бон баззадис мадæй сидзæр, йæ сабибонтæ фервыста æххормаг æмæ æфхæрдæй. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уыд æвзыгъд сабийыл нымад. Куыд рæзтис, афтæ йын йæ уарзон ирон адæмы æфхæрд царды уавæртæ къуырын райдыдтой йæ зæрдæ. Арф сын айста сæ зындзинад йæ зæрдæмæ æмæ фæстæдæр ссис йæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй активон тохгæнæг»,- радзырдта мадзаламонæг.

«Ирон адæм бæллыдысты, сæ сæрыл чи рахæца, чи сын бамбара сæ зынтæ æмæ сæ номæй сæ уавæрты сæрыл чи сдзура, ахæм гуырдмæ. Æмæ мæнæ, Хетæгкаты Леуаны хæдзары фæзынд, йæхи хъысмæт æфхæрæнтæй йемыдзаг кæмæн уыд, чи банкъардта йæ удæй адæмы уавæр, йæ зæрдæйыл арт кæмæн суагъта æмæ йæ адæмы сæрыл тохгæнæгæй чи байрæзтис,  уыцы Къоста», – радзырдта ацы къласы ахуыргæнинаг

Мадзал цы хатæны уагъд цыд, уым къултæ фæлыст уыдысты ирон атрибуттæй, аив ахуырст гæххæттытыл фыст уыдысты Къостайы фæдзæхсæн цыппаррæнхъонтæ æмæ йæ конд ныв-тæй. Уыд ма дзы интерактивон фæйнæг дæр, цыран æвдыст цыдысты Къостайы æввахс адæмы нывтæ, йæ райгуырæн хъæу Нары æрдз, йæ райгуырæн хæдзар.  Уыдон лентæйыл куыд цыдысты, афтæ сын сæ истори цыбыртæй дзырдтой скъоладзаутæ. Лæмбы-нæгдæр æрдзырдтой йæ нывтæй иу цалдæры тыххæй.

 Къоста ирон адæмæн бакодта стыр лæвар, кæцы æнустæм баззад ирон аив литературæуарзджыты, мадæлон æвзагæн аргъгæнджыты хуыздæр æмæ уарзондæр чиныгæй.  «Йæ чиныг «Ирон фæндыр»-ы руаджы Къоста йæ адæмæн бауарзын кодта ирон чиныг, ирон æвзаг, сахуыр сæ кодта зарын æмæ куыд йæ нывты, афтæ та ам дæр йæ куыстыты ирдæй равдыста йæ адæмы æфхæрд царды уавæртæ», – ра-дзырдта иннæ скъоладзау.

Ацы къласы ма ахуыр кæнынц цалдæр уырыссаг сабийы дæр. Уыдон кæд ирон æвзагыл дзурынмæ не ‘рæхсынц, уæддæр ма-дзалы рæстæджы иуварс нæ баззадысты, радзырдтой Къостайы æмдзæвгæтæй иу цалдæр уырыссагау æмæ се ‘мкъласонтимæ акафыдысты ирон кæфтытæ. Ахуыр-гæнинæгтæ Уалыты Лерæ, Битеты Мария æмæ сабиты иу къорд   аив сæххæст кодтой Къостайы æмдзæвгæ «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ чысыл сценари.

Дыккагкъласонтæ ма азарыдысты зарджытæ «Мах нырма стæм сабитæ», «Къостайыл», «А-лол-лай», «Цæйут, æфсымæртау» æмæ æндæртæ. Аив сæххæст кодтой ирон традицион кафт «Симд», бакастысты Къостайы «Ирон фæндыр»-æй цалдæр æм-дзæвгæйы.

Мадзалы организатор, скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Тыджыты Надя куыд загъта, афтæмæй  мадзалы нысан уыд сабитæн Къостайы тыххæй фылдæр зонæнтæ бацамонын, «Ирон фæндыр»-ы нысаниуæгыл æрдзурын æмæ ирон адæмы царды Къоста цы бынат ахсы, уый тыххæй сын бацамонын.  «Ныртæккæ мах цы мадзал ауагътам скъоладзаутæн, уымæй бирæ-бæрцæй фæфылдæр сты Къостайы тыххæй сæ зонæнтæ. Сабитæ сæхи цæттæ кодтой зæрдæргъæвдæй æмæ куыд сæхæдæг, афтæ сæ архайдæй мах дæр  баззадыстæм райгондæй».

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.