АМОНДДЖЫН УТ, ХÆЛАРЗÆРДÆ АДÆМ!

«Амонд у, дæ алыварсуæвæг адæм дæ куы æмбарой. Стыр амонд та у, адæм дæ куы уарзой, уый. Æцæг амонд та у дæхæдæг  куы уарзай, уый». (Конфуций).

2013 азæй фæстæмæ æрвылаз дæр 20-æм марты нысан фæцæуы Амонды дунеон бон. Ацы бон фидар æрцыд 2012 азы 28-æм июны ИНО-йы Генералон Ассамблеяйы резолюцийæ. Ахæм бæрæгбон фæ-зыныны инициатортæ æмæ автортæ систы Бутаны (Хуссар Азийы чысыл паддзахад, кæцы ис Инди æмæ Китайы ‘хсæн) минæвæрттæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Бутаны хицауад йæ сæйраг нысаныл нымайы йе ‘мбæстæгты иууылдæр амондджынтæ саразыныл. Ацы бæстæйы, æгæрыстæмæй, ис паддзахадон къамис иумиаг адæмон цардамонды фæдыл. Афтæ-мæй Бутаны инициативæйы æвварс рахæцгæйæ, ИНО банымадта, зæгъгæ, æппæт адæймагады æмæхсæнады сæйрагдæр нысæнттæй иу у амондджын уæвын къухты бафтын кæнын æмæ æрсидт дунейы æппæт бæстæтæм, цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй алцыдæр саразынмæ. Амонды дунеон бæрæгбоны бон æнæнхъæлæджы æвзæрст не ‘рцыд. 20-æм марты æхсæв æмæ бон сæмхуызон вæййынц,  афтæмæй бæрæгбоны организатортæ адæмы хъусдард здахынц уымæ, зæгъгæ, дунейы алы адæмæн дæр ис æмхуызон æмбар бартæ амондджын царды тыххæй.

Амондджын цардмæ бæллы алы адæймаг дæр. Уымæ гæсгæ абон æнæхъæн дуне «амонды» тыххæй рахицæн кодта азы мидæг хицæн бон æмæ сæ ныфс ис уымæй, æмæ адæймагад алцыдæр кæй сараздзæн уый глобалонæй къухты бафтын кæныны тыххæй. Амондджын адæм алыхатт дæр  агурынц ног хæлæрттæ ссарыны амæлттæ. Уыдоны хъæуы, цæмæй ноджы иу адæймаг уа йæ фарсмæ, кæцыимæ гæнæн ис ахудын æмæ амондджын уæвын. Уыдоныл сæхи фæныхасынц æндæртæ, уымæн æмæ уыдоны дæр фæфæнды амондджын уæвын. Кæд искæцы  адæймаг æндæрты дæлдзиныг кæны, уæд уый æцæг амондджын нæу. Амондджын адæймагæн вæййы хъæлдзæг зæрдæйыравг, арæх кæнынц худгæ. Худт у амондджын адæймæгты æнæфæхицæнгæнгæ хай.

Дунейы адæмы фæнды амондджын цард кæнын, тасдзинад æмæ хъуагдзинад æнæ æвзаргæйæ. Фæлæ уыимæ дунейы бирæ адæм цæрынц гæвзыккдзинады æмæ сæ ныфс нæй сæ материалон уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй. Æдзух тæссагдзинад æвзарын кæнынц социалон-экономикон кризистæ, фыдракæнддзинад, алфæмбылай дуне кæй æвзæрдæр кæны æмæ климаты ивыны фæстиуджытæ дæр.

ИНО-йы раздæры Генералон секретарь Пан Ги Мун æмæ ныртæккæйы секретарь – Антониу Гутерреш алыхатт дæр Амонды дунеон бонмæ дардтой серьезон ахаст. Амонды дунеон бон у радон фадат уæлдай æдасдæр, уæлдай стабилондæр дуне саразынмæ цæттæдзинад бафидар кæнынæн.

Мах бафарстам нæ горæты цæрджытæй цалдæры, цардамонды тыххæй цы хъуыды кæнынц æмæ сæхи амондджынтыл нымайынц æви нæ, уый фæдыл.

Цхуырбаты Ларисæ, журналист: «Амондыл æз нымайын, мæ бинонтæ иууылдæр æнæниз куы уой, сæ цардыл куы цин кæной, уый.  Æрвылрайсом дæ куыстмæ æнæзивæгæй куы цæуай, позитивон эмоцитæ куы исай дæ коллегæтæй æмæ  кæм кусыс, уыцы коллективы хорзæх дæ куы уа, æмæ фæстæмæ хæдзармæ дæр райзæрдæйæ куы здæхай, уый дæр нымайын амондыл. Иннæ ахæм ныр 12 азы хæдбар паддзахад стæм æмæ уый дæр нымайын стыр амондыл».

Уалыты Алинæ, дохтыр: «Алы адæймагæн дæр ис йæхи хъуыды амонды тыххæй. Æз мæхи амондджыныл нымайын, уымæн æмæ мын ис цардæмбал æмæ дыууæ чысыл чызджы,  афтæ ма мын ис уарзон куыст æмæ бирæ хæлæрттæ. Мæ иууыл стырдæр амондыл нымайын уый, цæмæй мæ бинонтæ, мæ ныййарджытæ, ме ‘ввахс хиуæттæ æмæ æмткæй мæ алыварс цæрæг адæм иууылдæр уой æнæниз æмæ сæрæгас. Цы ма уа уымæй стырдæр амонд æмæ дæ бинонты, де ‘ввахс адæмы амондджынæй уынай. Райсомæй куы райхъал вæййын æмæ мæ чысыл хурты худгæ цæсгæмтты куы ауынын, уæд ма мæхицæй амондджындæр кæй фенхъæлын. Уый стыр амонд у».

Джиоты Клава, пенсиисæг: «Амондджын адæймагæн йæ бинонтæ, йе ‘ввахс хиуæттæ алыхатт дæр вæййынц æнæниз æмæ фæцæры уыдоны цæрайæ. Кæд мæ цардæмбал мæ фарсмæ нал ис, уæддæр мын ис хъæбул æмæ хъæбулы хъæбултæ æмæ уыдоны хъæбултæ, кæцыты кæнын æнахуыр уарзт æмæ уымæ гæсгæ мæхи нымайын амондджын адæймагыл».

Хъоцыты Мадинæ, хуыйæг: «Адæймаг амондджын вæййы йæ бинонтæ æмæ йæ хиуæттæ иууылдæр æнæниз æмæ дзæбæх куы уой, афтæ ма  фæкæсынхъуаг адæмæн дæ бон  баххуыс кæнын куы уа, уæд. Амондыл ма нымайын уый дæр, æмæ дын бирæ хорз æмæ æнувыд хæлæрттæ куы уа, кæцытимæ арвитдзынæ дæ сæрибар рæстæг фæнды æрдзы хъæбысы, фæнды та – хæдзары. Мæхи ма амондджынæй банкъарын, мæ судзины бырынкъæй искæмæн куы баххуыс кæнын, лæварæй искæмæн исты куы бахуыйын, уæд».

Æцæгæйдæр, йæхи амондджыныл чи нымайы, ахæм адæймаг дæ фарсмæ куы уа, фæнды дæ сыхаг, кæнæ де ‘мкусæг  уæд, уымæн вæййы тынг хорз аурæ, кæцы адæймагыл бандавы æвæрццагæй. Райсомæй адæймаг йæ хæдзарæй хорз зæрдæйыравгимæ куы рацæуа йæ куыстмæ, уæд ын йæ алыварс адæммæ уыдзæн тынг хæлар ахаст æмæ уый дæр у цардамонд.

Иууыл амондджындæр адæймаг та у уый, кæцы цардамонд фæлæвар кæны иууыл фылдæр адæмæн. Амонды дунеон боны уагъд фæцæуынц лекцитæ, семинартæ, конференцитæ æмæ тренингтæ. Сæ хайадисджытæ радзурынц адæмæн амонды нысаниуæджы тыххæй æмæ цард фæхуыздæр кæныны тыххæй. Библиотекæты уагъд æрцæуынц чингуыты презентацитæ, кæцытæ баст вæййынц амонды темæимæ. Ахуырадон уагдæтты фæдзурынц цард æмæ алыварс адæммæ позитивон ахаст дарыны ахсджиагдзинады тыххæй. Ацы бон адæм сæ хиуæттæм, хæлæрттæм арвитынц арфæтæ, уымæн æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, дунейы кæнынц  амондджындæр.

    Хуыцау зæгъæд æмæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр йæхи цы нымайа амондджыныл. Уæнт нæм фылдæр амондджын адæм. Афтæ куы уа, уæд нæ цард уыдзæн бирæ рæсугъддæр, мидисджындæр æмæ хъæлдзæгдæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.