2 октябры Къуыдаргомы банысан кæндзысты горæт Къуайсайы 15 азы юбилей. Къуайсайы поселокæн горæты статус лæвæрд æрцыд 2007 азы 16-æм сентябры. Юбилейы цытæн план кæнынц Къуайсайы шахтерон поселокы бындурæвæрæг, зынгæ советон политикон архайæг Чиаты Иосифæн цырт сæвæргæйæ, йæ ном сæнусон кæнын. Афтæ ма уагъд æрцæудзысты алыгъуызон мадзæлттæ.

Горæт Къуайса – Къуыдаргомы центр сæвзæрд зды æмæ цинкы  хъæздыг гуырæнты фæрцы. Хæххон бынат æрзæты ресурстæй хъæздыг кæй у, уый раджы сбæрæгчындæуыд. Раджыйы рæстæджы бынæттон цæрджытæ здыйæ арæзтой нæмгуытæ. 30-æм азты ам уагъд цыдысты агурæн куыстытæ, кæцыты фæстиуæгæн бæрæг æрцыдысты æрзæты дзæвгар гуырæнтæ. Къуайсайы зды-цинкон гуырæн бынæттæй спайда кæныны фæдыл проектон-агурæн куыстытæ райдыдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæдразмæ, фæлæ сæ бахъыгдардта хæст. Советон-гермайнаг фронты хæстон архайдтытæ райдианимæ къуйсайаг арæзтад урæд æрцыд, хохкусджытæ ацыдысты фронт-мæ. Уыдонæй бирæтæ фæстæмæ нал æрæздæхтысты.

Æрмæстдæр 1944 азы 4-æм февралы Советон Цæдисы хуызджын металлургийы министр Петр Ломакойы бардзырдмæ гæсгæ куыстытæ райдыдтой Къуайсайы зды-цинкон гуырæнты, завод «Электроцинк»-ы хомысы базæ рауæрæхдæр кæныны нысанæн. Инженертæ æмæ кусджытæ  Къуайсайы æрзæткъахæны хæххон цехы арæзтадмæ æрæвнæлдтой стыр энтузиазмимæ. Бынаты сорганизаци кодтой чъыр, агуыридур, æмбæрзæндуры кондад, къулты арæзтадæн спайда кодтой къобеттаг туфæй. Хæххон цех кæм уыд, уым – Хъазиты-хохы фахсыл инфраструктурæйы объекттæ æмæ цæрæнуатæн нал фаг кодтой зæххытæ. Уымæ гæсгæ, аскъуыддзаг кодтой цæугæдон Стырдоны рахизфарсы хайы хосгæрдæн бынаты шахтерон поселок саразын. Шахтерон поселочы арæзтадмæ æрæвнæлдтой 1947 азы.

Къуайсайы цæрæг, Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл активон тохгæнджытæй иу – Зассеты Валойы ныхæстæм гæсгæ, зды-цинкы æрзæткъахæны арæзтад æмæ эксплуатаци æнæаскъуыйгæйæ баст у йæ фыццаг директор Чиаты Иосиф Семены фырты номимæ.

«16 азы дæргъы уый уыд Къуайсайы æрзæткъахæн управленийы æнæраивгæ директор, кондады инженер-арæзæджы æнахуыр курдиат равдисгæйæ. Къуыдаргомы цæрджыты хистæр фæлтæр Чиаты Иосифы хъуыды кæнынц, куыд раст æмæ намысджын адæймаг, бæрнон къухдариуæггæнæг, иттæг хорз хæдзардзин адæй-маг, афтæ. Сæрмагондæй йæхæдæг бакуыста поселочы фидæны арæзтады генералон план, цыран бæрæг цыдысты уынгтæ, парчы бынат, фæзуæттæ, цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæр объектты планировкæтæ», – загъта уый.

1947 азы Сталины уынджы фæзындысты фыццаг арæзтæдтæ, сарæзтой фондз 4-фатерон хæдзары, сæрдыгон кинотеатр, поселочы базар, æрзæткъахæн управленийы администрацийы  æмæ медицинон санитарон хайы бæстыхæйттæ. Иннæ аз, 1948 азы æрæвнæлдтой гидроэлектростанцы, гаражты æмæ æндæр объектты арæзтадмæ.

Чиаты Иосифы организаторон курдиæттæ ахъаз кодтой, цæмæй æппæт Къуыдаргомы цæрджытæ баууæндыдаиккой Къуайсайы фидæныл æмæ æхсызгонæй архайдтаиккой арæзтады, æмæ уый фæстæ та бакуыстаиккой æрзæткъахæн управленийы. Къуайсайы æрзæткъахæны фыццаг азты  хæххон цæрджытæй бирæтæ куыстмæ цыдысты дæрддаг хъæутæй, æрвылбон дæр 8-15 километры цæугæйæ, зымæгæй – сæрдæй, къæвда бонты æмæ миты дæр.

Фыццаг продукци – зды-цинкы концентрат уагъд æрцыд 1949 азы 22 октябры. Уыцы бон Къуыдаргомы айхъуыст хъæздыггæнæн фабрикæйы гыбар-гыбур. Къуайсайы æрзæткъахæн управленийы куысты фæрцы регионы цард цæхгæр фæивта. Ацы къуым ссис хæххонæрзæты сæудæджерады центр. Ам æрзæткъахæн управленийы арæзтады размæ нæ уыд нормалон автомобилон фæндæгтæ, кино, театр, радио, электрон рухс, рынчындæттæ, сабидæттæ, зынгуыссынгæнæн хай, постон-телеграфон бастдзинад. Ныр уый ссис æцæгдзинад. Поселочы зды-цинкы æрзæткъахæн управлени цард радта æрмæст Къуайсайы поселокæн нæ, фæлæ ма бындуронæй фæивта æппæт Къуыдаргомы цæрджыты экономикæ æмæ культурæ.

Къуайса ныр дæр иу кæны Къуыдаргомы æппæт цæрджыты. Колхозтæй дарддæр, æппæт инфраструктурæ, арæзтæдтæ дæр арæзт æрцыдысты æрзæткъахæн управленийы хыгъдæй. Къуайса æнтыстджы-нæй рæзт æмæ арæзт цыд, фæфылдæр гуырынад æмæ цæрджыты нымæц. Азæй-азмæ арæзт цыдысты ног æмæ ног объекттæ. Куыстыты фыццаг бонæй фæс-тæмæ æрбамбырд диссаджы шахтерон коллектив.

Æндæр бынатмæ управленийы фыццаг директор Чиаты Иосифы ацæуыны фæс-тæ, кондады сæргъ алы æмæ алы азты лæууыдысты В.Вачарадзе, Джиоты Т., Гасситы Е., Диакъонты Евген, Мæргъиты Мухар, Гæджиты А., æмæ Бæззаты Т. Иууыл тынгдæр поселок фæивта 80-æм азты Мæргъиты Мухар Арсены фырты къухдариуæгады рæстæджы. Уæд арæзт æрцыд цæрæнуатон фонды фылдæр хай, сабидоны бæстыхай, астæуккаг скъола 1200 ахуырдзауæн, централон артгæнæн, цалцæггæнæн-арæзтадон базæ, механикон цехы бæстыхай, арæзт цыд ног рынчындон 150 бынатæн æмæ фидар цыдысты цæугæдон Стырдоны донбылгæрæттæ. Шахтерон поселочы сыгъдæгдзинад æмæ фæтк сæхимæ æлвæстой Хуссар Ирыстоны æндæр регионты, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы цæрджыты, кæцытæй-иу бирæтæ баззадысты уым кусгæйæ.

Азæй-азмæ Къуайса кодта интернационалон поселок, ам кæрæдзийы фарсмæ фæллой кодтой бирæ нациты минæвæрттæ. 80-æм азты кæронмæ æрзæткъахæн управленийы куыстой алыгъуызон професситы 700 кусæджы. Æрзæткъахæнæй дарддæр ма Къуайсайы функци кодтой геологон-развæдсгарæн парти, æртæ арæзтадон управлени, хуыйæн цех, дыууæ скъола, сабидон, постон-телеграфон службæ. Куыстæй ифтонг уыдысты Къуыдаргомы куыстхъом цæрджыты фылдæр хай.

Не стыр бæстæ – Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ, цыбыр рæстæгмæ æппæт инфраструктурæ æрлæууыд йæ куыстæй. Æрзæткъахæн нал куыста æмæ электроэнергийы ахицæны фæстæ шахтæтæ доны бын фесты. Сæ куыст æрурæдтой кондадимæ баст æндæр организацитæ æмæ куыстуæттæ дæр. Иннæмæй та инфраструктурæйыл тынг бандæвдта тыхджын зæххæнкъуыст. Раппæлын хъæуы Къуайса æмæ Кировы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ поселочы медицинон санитарон хайы кусджытæй, кæцытæ æрдæгазты дæргъы куыстмызд нæ истой, афтæмæй цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ профессионалон хæстæ.

«Фæлварæнты æппæт уыцы азты Къуыдаргомы 7 мин цæрæгæй æндæр рæттæм цæрынмæ ацыдысты 4,500 адæймаджы. Къуайсайы уыд æцæг хорз интеллигенци, ахуыргонд специа-листтæ, тынг хорз кусæгон коллективтæ. Цæрджытæ, уæлдайдæр та фæсивæд кæй цæуынц, уый фæстиуæгæн æдзæрæг кæны Аланийы иууыл рæсугъддæр хæххон къуым. Къуыдаргомы аирвæзын кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй ногæй скуса æрзæткъахæн управлени. Гæнæн ис æмæ уавæрыл æвæрццагæй бандава уый дæр, Гуфтайы хъæуæй Къуыдаргоммæ ног административон-территориалон арæзт – Къуайсайы район саразын», – банысан кодта Зассеты Вало.

Ацы аз сентябры мæйы Къуайсайы поселокæн бындур æрæвæрыны боныл сæххæст 70 азы æмæ 15 азы та горæты статусы радтыны боныл. Зассейы фырты ныхæстæм гæсгæ, Къуыдаргомы цæрджыты ныфс ис, цардифтонгады фарстытæ аскъуыддзаг кæнын приоритетон кæй суыдзæн республикæйы къухдариуæгадæн æмæ регион фæстæмæ кæй сæндидздзæн, цард та дзы цæдджинагау кæй æхсиддзæн, уымæй.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.