28 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ æмæ сын радзырдта, 100 бонмæ йын бакусын цы бантыст æмæ йын дарддæр дæр цы плæнттæ ис, уыдоны тыххæй.

Президенты пресс-секретарь Гасситы Динæ куыд радзырдта, афтæмæй 100 боны дæргъы Президент официалон балцыты æмæ кусæгон командировкæты уыд 12 хатты. Уыцы балцыты рæстæджы уый фембæлд 50-йæ фылдæр политиктæ, бизнесментæ, дины, æхсæнады, культурæйы минæвæрттимæ. Уыцы æмгъуыды рæстæджы уый йæ къух æрфыста 60 барамындыл, балæвæрд æм æрцыд 2000 куырдиатæй фылдæр, 500-йæ фылдæр адæймаджы йæхимæ райста æмæ 50 æвæрæз бинонтæн  материалон æххуыс бакодта, 100-йы бæрц та йын уыд комментаритæ, интервьютæ æмæ пресс-конференцитæ.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли ноджыдæр раарфæ кодта дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Уый фæстæ дзуаппытæ радта журналистты фарстатæн.

100 бонмæ цы бакустай, уыдонæй сæйрагдæрыл цы нымайыс? Ацы фарсты тыххæй Президент куыд банысан кодта, афтæмæй 100 бонмæ цы сарæзта, уыдонæй иууыл сæйрæгдæрыл нымайы министрты кабинет снысан кæнын. Абоны бонмæ министртæ, дыууæйæ дарддæр, фидар æрцыдысты. Уыдоны фарст дæр скъуыддзаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы. Вице-премьертæ нысан кæй нæма сты, уый, Президенты ныхæстæм гæсгæ, трагеди нæу. Цы министртæ снысан чындæуыд, уыдон активонæй æрæвнæлдтой сæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Вице-премьерты тыххæй ницы куыстытæ баззадысты бакæнинагæй. Хицауады Сæрдар дæр æмæ министртæ дæр æххæссынц, сæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдоныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон нысан æрцæудзысты.

Дарддæр паддзахады сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй фадæттæ арæзт æрцæудзæн, цæмæй паддзахадон бюджетмæ фæрæзтæ цæуой, уый тыххæй.

«Конкретон къахдзæфтæ сарæзтам, цæмæй бюджет баххæст уа, уый тыххæй. Мах нæ хъусдард аздæхтам акцизон товартæм. Уыдон сты тамако, алкоголон продукци. Уыцы хъуыддаг бирæты зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ закъон закъон у æмæ йæ æххæст кæнын хъæуы. Æрхæсдзынæн чысыл цæвиттон: 2017 азы 1 январæй 20 июнмæ акцизтæй æрæмбырд 1600 мин сомы, 20 июнæй 17 июлмæ та æрæмбырд 760 мин сомы», – загъта Президент æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, уыцы æхцайы фæрæзтæ уыдзысты æдзухон æмæ цæудзысты паддзахадон бюджетмæ.

Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй  «Паддзахадон бюджет баххæст кæныны бындурон æфтиæгтæй иу у  РХИ-йы Национ банчы  паддзахады хай фæфылдæр кæнын. Уый фæдыл  Национ банчы къухдариуæгадимæ цæуы бадзырдтæ. Уыцы бадзырдтæн ис фæстиуæг æмæ 2018 азы Национ банчы æфтиагæй райсдзыстæм ныры 20 % бæсты 40 %. Ныридæгæн  активон куыст цæуы Ленингоры бæгæныйы завод «Æлутон» скусын кæныны тыххæй дæр. Уыцы завод авд азы нæ кусы. Адавдтой йын йæ ифтонггæрзтæ. Цæмæй уыцы завод скуса, уый тыххæй  ис сæрмагонд инвестор, кæцы  радта 50 милуан сомы. Завод скусдзæн  азы кæронмæ æмæ продукци та ратдзæн 2019 азы райдианы.  Уыцы заводы продукцийы активтæн сæ 50%+1 уыдзысты паддзахады. Развæлгъау бадзырдтæм гæсгæ, 2018 азы компани МегаФон дæр йæ æфтиæгты æмбæлон процент хынцын райдайдзæн  паддзахадон бюджетмæ. Бюджеты цы финансон фæрæзтæ ис, уыдоныл баст у нæ республикæйы цæрджыты царды уавæртæ дæр».

Президент куыд загъта, афтæмæй раздæры къухдариуæгады рæстæджы проблемон цы фарстатæ уыдысты, уыдон ныр дæр проблемон сты. Абоны бон нырма проблемон у цæрæнуат сæндидзын кæнын, проблемон нын у, подрядонтæн  сæ куыстмыздтæ бафидын, гæнæн ис, афæдзы кæрон нын проблемон уыдзæн пенсион ифтонгад дæр, уымæн æмæ абон пенсион фондмæ æрвылмæй цы æхцайы фæрæзтæ цæуынц, уыдон тагъд фаг нал уыдзысты пенсионертæн пенситæ фидынæн. Цæмæй уыцы хъуыддаг рараст уа, уый тыххæй алы амалиуæггæнæг дæр хъуамæ æхцайы фæрæзтæ хæсса республикæйы пенсион фондмæ. Хъыгагæн, абоны бон амалиуæггæнджыты 95 %  пенсион фондмæ ахыгъдтæ нæ аразынц.

Бибылты Анатоли радзырдта электроэнергийы хæрдзты æмæ хæсты тыххæй дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй абоны онг электроэнергийы хæс у 295 милуан сомы, газы хæстæ та – 250 милуан сомы.

«Электроэнерги чи давы, уыцы æмбæстæгтæ нæ зонынц, уыцы 295 милуан сомы мах куыдфæндыйæ кæй хъуамæ бафидæм. Микрорайон Хурзæрины цæрджытимæ куы фембæлдтæн, уæд сын бамбарын кодтон, уыцы 295 милуан сомæй мах кæй сарæзтаиккам уыдонæн цæрæнуаттæ, фæхуыздæр сын кæниккам сæ уавæртæ. Цæвиттонæн, 295 милуан сомæй рæзы æртæ 36-фатерон корпусы. Республикæйы ахæм районтæ ис, цыран электроэнергийæ æмбырд цæуы, цы хардз кæнынц, уымæн æрмæстдæр йæ 6 %».

Журналисттæ цымыдис кодтой профессионалон Парламент æмæ тæрхондонон реформæйы тыххæй фарстмæ дæр.

«Профессионалон Парламент æнæмæнгæй уыдзæн. Профессионалон Парламенты тыххæй дæр æмæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады хатырон кредитты тыххæй закъæттыл дæр къухтæ æрфыстæуыд.  Тæрхондонон реформæ дæр кæронмæ бахæццæ уыдзæн, плангонд куыд уыд, афтæмæй афæдзы кæронмæ», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли журналисттæн радзырдта ноджы иу ахсджиаг мидреспубликон проблемæ – хицауиуæгады бынæттон органты æвзæрстыты фарсты тыххæй дæр.

«Цæмæй бынæттон хæдуправленийы органты æвзæрстытæ ауадзæм, уый тыххæй алы районæн дæр хъуамæ уа йæхи бюджет. Абоны бон махæн уыцы фадæттæ нæй. Районты нæй уыцы бюджет, кæцыйы фæрцы уыдонæн сæ бон уыдзæн ауадзой бынæттон хицауиуæгады органты   æвзæрстытæ», – загъта Президент æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыцы хъуыддаджы хорз у праймериз.

Паддзахады сæргълæууæг радзырдта, фæстаг рæстæджы цы резонансон фыдракæндтæ уыд, уыдоны тыххæй. Фадатæй спайда кæнгæйæ, уый бузныг загъта республикæйы тыхон структурæтæн, афтæ ма республикæйы хуымæтæг адæмæн дæр, кæцыты арæхстджын архайды фæрцы рæстæгыл – æрдæг суткæмæ сæрибар æрцыд, цы адæймаджы адавдæуыд, уый æмæ æрцахстæуыд æрцыд, ацы фыдракæнды кæй азымджын кæнынц, уыдонæй сæ иу. Уый æнæхъусдард нæ ныууагъта бастдзинады паддзахадон комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасаны ныхмæ фыдракæнд дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыцы фыдракæнд чи сарæзта, уыдон дæр бæрæг æрцыдысты. Уый ныфс бавæрдта иннæ фыдракæндтæ дæр раргом уыдзысты, уымæй. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй йе ‘мбæстæгты ныхмæ фыдракæнд чи аразы, уыдон сты Республикæйы знæгтæ.

Паддзахадон бюджеты фæрæзтæ æнæ нысанмæздæхтæй чи бахардз кодта, уыдоны тыххæй Президент загъта, зæгъгæ, уыцы адæймæгтæ уыцы æхцайы фæрæзтæ хъуамæ бахæссой бюджетмæ.

«Хъæууон хæдзарады раздæры министримæ ис бадзырд, кæцыйы фæстиуæгæн уый цы финанстæ бахардз кодта æнæ нысанмæздæхтæй, уыдон бахæсдзæн республикæйы бюджетмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уыимæ иумæ ма уый «æлгъаг ахастыл» банымадта, республикæйы адæммæ «Нефтебазæйы» къухдариуæггæнæджы ахаст, кæцы «Роснефть»-æй цы хæрзгъæд æртаг иста, уый уæй кодта Цæгат Ирыстоны æмæ бирæ асламдæрæй уым æлхæдта ныллæггъæдджын æртаг æмæ йæ Хуссар Ирыстоны уæй кодта зынаргъдæрæй.

«Алы чиновник дæр дзуапп хъуамæ радта йæ архайдæн. Нæ къухдариуæггæнджытæ хъуамæ æмбарой, чиновникæн йæ «къухтæ сыгъдæг» куынæ уой, уæд æркондæуыдзæн бæрндзинадмæ», – загъта уый.

Хуссар Ирыстоны территорийыл транзитон уæзтæ ласыны тыххæй Бибылты Анатоли куыд радзырдта, афтæмæй «ацы фарсты тыххæй официалонæй ныхас нæма цыд, фæлæ ирайнаг, туркаг, азербайджайнаг, сомихаг логистты фæнды Хуссар Ирыстоны уылты сæ уæзтæ ласын, уымæн æмæ нæ фæндаг у иууыл æдасдæр æмæ цыбырдæр. Хуссар Ирыстоны территорийыл транзитон уæзтæ куы ласой, уæд уымæй Хуссар Ирыстон исдзæн стыр дивидендтæ. Бирæтæ дзурынц, зæгъгæ, уый уыдзæн Гуырдзыстонимæ бастдзинад, фæлæ уый раст нæу. Гуырдзыстонимæ махæн нæй политикон ахастытæ. Ис ахæм бæстæтæ, кæцыты ‘хсæн нæй политикон ахастытæ, фæлæ активонæй рæзынц экономикон ахастытæ».

Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, транзитон уæзтæ ласыны руаджы фидар кæндзæн нæ паддзахад. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстон уыдзæн æххæстхъомыс  фарс ацы проекты. Арæныл уыдзæн таможнæйон пост, таможнæйон службæтæ, æххæстгæнæн органты минæвæрттæ æмæ æндæр æмбæлон службæтæ. Уыдоны фæрцы бæрæг уыдзæн паддзахадон арæн.

Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйтты фарстмæ дæр.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Хъæхъхъæнынады министрад баззайдзæн кусгæйæ, фæлæ йæ кусджыты нымæц фæкъаддæр уыдзæн.

«Хъахъхъæнынады министрады кусджыты нымæц фæкъаддæр уыдзæн фыццаджы фыццаг пенсиисджыты хыгъдæй. Министрады ма цы дæлхæйттæ баззайдзысты, уыдон æххæст кæндзысты сæ функцитæ», – бамбарын кодта Бибылты Анатоли. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадтæ æрæвнæлдтой Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады иуæй-иу дæлхæйтты Уæрæсейы Гарзджын Тыхты скондмæ бакæныны фæткы тыххæй дыууæ паддзахады тыхон ведомствоты ‘хсæн сразыдзинады реализацимæ.

Республикæйы газификацийы куыстыты бынæттон арæзтадон организацитæ хайад исдзысты æви нæ? Ацы фарсты тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, газуадзæн хæххытæн рахицæнгонд цы финанстæ хъуамæ æрцæуой, уыдон нæ хауынц Инвестпрограммæмæ. Уыдон сты «Газпром»-ы финансон фæрæзтæ. Растдæр уыдзæн генподрядонтæ æмæ субподрядонты «Газпром» йæхæдæг куы нысан кæнид. Фæлæ мæм афтæ кæсы, æмæ нæхи арæзтадон организацитæй хорзæрдæм йæхи чи равдыста, уыдонæн фадат уыдзæн уыцы арæзтады хайад райсынæн.

Пресс-конференцийы рæстæджы Президентмæ лæвæрд æрцыд æндæр актуалон фарстытæ дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.